Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 7:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ – адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр Хуыцау+ – ис уе ’хсӕн+.

  • Дыккаг закъон 28:58
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 58 Ацы чиныджы фыст чи у, уыцы закъон иууылдӕр куы нӕ ӕххӕст кӕнай+ ӕмӕ ацы кадджын+ номӕй, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы номӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ номӕй, куы нӕ тӕрсай,

  • Нееми 9:32
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 32 О нӕ Хуыцау, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр+ ӕмӕ хъомысджын+ Хуыцау, ды дӕ бадзырд ӕххӕст кӕныс+ ӕмӕ де ’нувыд уарзт не ’вгъау кӕныс+. О Хуыцау, гыццыл дӕм ма фӕкӕсӕнт+, Ассирийы паддзӕхты замантӕй абоны онг+ мах, нӕ паддзӕхтӕ+, нӕ кънйӕзтӕ+, нӕ сауджынтӕ+ ӕмӕ нӕ пехуымпартӕ+, нӕ фыдӕлтӕ+ ӕмӕ дӕ адӕм се ’ппӕт дӕр цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон+.

  • Псалом 8:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 О Йегъовӕ, нӕ Хицау, куыд диссаг у дӕ ном ӕгас зӕххыл дӕр!+

      Дӕ кады кой хъуысы ӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр!+

  • Псалом 66:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Зӕгъут Хуыцауӕн: «Дӕ хъуыддӕгтӕ адӕймагыл тас ӕфтауынц!+

      Дӕ хъару афтӕ стыр у, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+.

  • Псалом 148:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном+,

      Уымӕн ӕмӕ йӕ ном у ӕппӕт нӕмттӕй дӕр бӕрзонддӕр+.

      Йӕ кад у зӕхх ӕмӕ арвӕй уӕлдӕр+.

  • Исай 29:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Йӕ алыварс йӕ сывӕллӕтты куы фена, мӕ къухтӕ кӕй скодтой, уыдоны+, уӕд мын уыдон мӕ ном кадджын кӕндзысты+, Иаковы Сыгъдӕг Хуыцауы кадджын кӕндзысты+ ӕмӕ Израилы Хуыцауы нымайдзысты+.

  • Раргомад 15:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн дӕуӕй+, о Йегъовӕ+, ӕмӕ дын дӕ ном чи не скадджын кӕндзӕн?+ Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион!+ Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ӕрцӕудзысты ӕмӕ кувдзысты дӕ разы+, уымӕн ӕмӕ раргом сты дӕ раст тӕрхӕттӕ»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын