Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 13:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ӕмӕ Вавилон, паддзахӕдты фидыц+, халдейтӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уыцы горӕт+, бауыдзӕн Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хуызӕн, Хуыцау сӕ куы фесӕфта, уӕд куыд баисты, афтӕ+.

  • Исай 14:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 уыцы бон-иу Вавилоны паддзахы тыххӕй ракӕн ахӕм ӕмбисонд:

      «Мӕнӕ диссаг, цӕстдарӕг тыхкуыст кӕнын никӕйуал кӕны! Никӕйуал ссӕнды!+

  • Исай 45:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 45 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕг+ Кирӕн,– йӕ рахиз къухыл кӕмӕн хӕцын+, цӕмӕй йын адӕмты йӕ дӕлбар бакӕнон+ ӕмӕ паддзӕхтӕн сӕ астӕутӕй сӕ рӕттӕ раласон, цӕмӕй йын йӕ размӕ дуӕрттӕ бакӕнон ӕмӕ цӕмӕй горӕты кулдуар ӕхгӕд ма ’рцӕуа:

  • Йереми 50:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Йӕ ныхмӕ цӕгатӕй рацыд адӕм+. Уыдон ын йӕ зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкодтой, ӕмӕ дзы иу цӕрӕг дӕр нал баззад+. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр алырдӕмты ныппырх сты+, дард фӕлыгъдысты»+.

  • Йереми 51:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕвиппайды Вавилонӕн йе сӕфт ӕрцыд, ныппырх ис+. Ӕрдиаг ыл кӕнут+. Бальзам ын ахӕссут, цӕмӕй йӕ рыст фӕлӕууа+. Чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».

  • Данел 5:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 ПЕРЕС – дӕ паддзахад дихгонд ӕрцыд ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд мидиӕгтӕн ӕмӕ персайнӕгтӕн»+.

  • Раргомад 14:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Уыцы зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд, дыккаг, ӕмӕ дзырдта: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд+ Стыр Вавилонӕн+, йӕ масты сӕнӕй, йӕ хӕтындзинады сӕнӕй+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр чи бануазын кодта, уымӕн!»+

  • Раргомад 18:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта+: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд Стыр Вавилонӕн+ ӕмӕ сси хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат, маргджын уӕлдӕф кӕм ис, ахӕм бынат+, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъы ӕмбӕхсӕн!+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын