24 Дӕ лӕггадгӕнджыты дзыхӕй Йегъовӕйӕ хынджылӕг кӕныс ӕмӕ дзурыс+:
„Ӕз мӕ бирӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ+
Ссӕудзынӕн бӕрзонд хӕхтӕм+,
Бахӕццӕ уыдзынӕн Ливаны тӕккӕ дарддӕр бынӕттӕм+.
Акалдзынӕн ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр ӕхсӕлыбӕлӕстӕ+.
Ссӕудзынӕн йе ’ппӕты бӕрзонддӕр хохмӕ, йӕ диссаджы хъӕдмӕ+.