Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 30:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+.

  • Исай 65:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Сарон+ суыдзӕн хизӕн бынат фыстӕн+, Ахоры+ дӕлвӕз – улӕфӕн бынат стуртӕн. Уыдӕттӕ уыдзысты мӕ адӕмы тыххӕй, чи мӕ агура, уыдоны тыххӕй+.

  • Йереми 50:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ӕз Израилы фӕстӕмӕ йӕ хизӕнтӕм ӕркӕндзынӕн+, ӕмӕ та Кармилыл+ ӕмӕ Васаны+ хиздзӕн, Ефремы+ хӕхбӕсты ӕмӕ Галаады+ хӕхбӕсты йӕ уд бафсӕддзӕн“».

  • Йезекил 34:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ӕз сӕ ракӕндзынӕн+ адӕмты ’хсӕнӕй, алы бӕстӕтӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕркӕндзынӕн сӕ сӕхи зӕхмӕ+ ӕмӕ сӕ хиздзынӕн Израилы хӕхтыл, цӕугӕдӕтты цур ӕмӕ, уыцы зӕххыл кӕмдӕриддӕр цӕрӕг ис, уым+.

  • Йезекил 34:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Хиздзынӕн сӕ кӕрдӕгджын сӕрвӕтты, ӕмӕ цӕрдзысты Израилы бӕрзонд хӕхтыл+. Уым хуысдзысты хорз бынӕтты+, хиздзысты Израилы хӕхтыл сойджын сӕрвӕтты“.

  • Михей 2:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Иаков, ӕз уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+. Израилы адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны иууылдӕр иу ранмӕ ӕркӕндзынӕн+. Се ’ппӕты дӕр иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иумӕ уыдзысты, фыстӕ кӕрты иумӕ куыд вӕййынц, ӕмӕ фосы дзугтӕ – уӕтӕры, афтӕ+. Ӕмӕ дзы бирӕ адӕмы хъӕлӕба хъуысдзӕн“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын