Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 106:47
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 47 Фервӕзын нӕ кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау+,

      Адӕмты ’хсӕнӕй нӕ ракӕн ӕмӕ нӕ ӕрӕмбырд кӕн+,

      Цӕмӕй дын дӕ сыгъдӕг номӕн арфӕ кӕнӕм+

      Ӕмӕ дӕ цингӕнгӕйӕ кадджын кӕнӕм+.

  • Исай 65:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕз Иаковӕн ратдзынӕн байзӕддаг+, Иудӕйӕн ратдзынӕн, мӕ хӕхтӕ кӕй бауыдзысты, ахӕм бындар+. Ӕмӕ уыцы зӕхх бауыдзӕн ме ’взӕрст адӕмы+, цӕрдзысты дзы мӕ лӕггадгӕнджытӕ+.

  • Йереми 23:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Мӕ фыстӕй ма чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл сӕ ныппырх кодтон+, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ хизӕнтӕм ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты+.

  • Йереми 30:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 „Ӕрцӕуынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны, Израил ӕмӕ Иудӕйы, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн“+. Ӕз сӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ та уыцы зӕхх уыдоны бауыдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“».

  • Йезекил 11:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уымӕ гӕсгӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Адӕмты ’хсӕнӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх“+.

  • Йезекил 28:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы адӕмы, цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу сты, уыдоны ’хсӕнӕй куы ӕрӕмбырд кӕнон+, уӕд адӕмты цӕстыты раз мӕ ном се ’хсӕн срухс уыдзӕн+. Ӕмӕ уыдон цӕрдзысты сӕ зӕххыл+, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаковӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл+.

  • Амос 9:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын