Йереми 14:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Йегъовӕ та мын загъта: «Пехуымпартӕ мӕ номӕй кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ сын ницы загътон+. Уыдон уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, сӕ кӕлӕнты фӕрцы цы базонынц, уыдӕттӕ, афтид ныхӕстӕ+ ӕмӕ сӕ хинӕйдзаг зӕрдӕйы фӕндтӕ, цыма пехуымпар-ныхӕстӕ сты, афтӕ+. Йереми 29:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдонӕн уӕхи сайын ма уадзут+ ӕмӕ уын сӕ фынтӕ куы дзурой, уӕд сӕм ма хъусут+, Йеремийы хъарӕг 2:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Дӕ пехуымпарты цӕстылуайӕнтӕй дын пайда ницы уыд, мӕнг уыдысты+.Уыдон дын дӕ фыдракӕндтӕ не ’ргом кодтой, афтӕмӕй та ды уый фӕрцы уацарӕй аирвӕзтаис+.Цӕстылуайӕнты цы уыдтой, уый дӕуӕн ницы пайда уыд, дӕ зонд дын хӕццӕ кодта, ӕндӕр ницы+. 2 Петры 2:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Фӕлӕ Израилы адӕмы ’хсӕн уыди мӕнг пехуымпартӕ дӕр, ӕмӕ уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ+. Уыдон сусӕгӕй араздзысты зианхӕссӕг сектӕтӕ. Чи сӕ балхӕдта, уыцы хицауы дӕр ныууадздзысты+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи сӕфты хай бакӕндзысты, ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды.
14 Йегъовӕ та мын загъта: «Пехуымпартӕ мӕ номӕй кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ сын ницы загътон+. Уыдон уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, сӕ кӕлӕнты фӕрцы цы базонынц, уыдӕттӕ, афтид ныхӕстӕ+ ӕмӕ сӕ хинӕйдзаг зӕрдӕйы фӕндтӕ, цыма пехуымпар-ныхӕстӕ сты, афтӕ+.
8 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдонӕн уӕхи сайын ма уадзут+ ӕмӕ уын сӕ фынтӕ куы дзурой, уӕд сӕм ма хъусут+,
14 Дӕ пехуымпарты цӕстылуайӕнтӕй дын пайда ницы уыд, мӕнг уыдысты+.Уыдон дын дӕ фыдракӕндтӕ не ’ргом кодтой, афтӕмӕй та ды уый фӕрцы уацарӕй аирвӕзтаис+.Цӕстылуайӕнты цы уыдтой, уый дӕуӕн ницы пайда уыд, дӕ зонд дын хӕццӕ кодта, ӕндӕр ницы+.
2 Фӕлӕ Израилы адӕмы ’хсӕн уыди мӕнг пехуымпартӕ дӕр, ӕмӕ уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ+. Уыдон сусӕгӕй араздзысты зианхӕссӕг сектӕтӕ. Чи сӕ балхӕдта, уыцы хицауы дӕр ныууадздзысты+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи сӕфты хай бакӕндзысты, ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды.