2 Паддзӕхты 24:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Йехони+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы ӕмӕ ӕртӕ мӕйы уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Нехуштӕ, уыди Елнафаны чызг ӕмӕ уыд Иерусалимӕй. 2 Паддзӕхты 24:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Гъемӕ Йехонийы+, стӕй паддзахӕн йӕ мады+, йӕ устыты, йӕ фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта+. 2 Азфыстыты 36:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Афӕдзы райдианы+ паддзах Навуходоносор йӕ адӕмы арвыста+ ӕмӕ Йехонийы Вавилонмӕ ӕркӕнын кодта+, стӕй ма Йегъовӕйы хӕдзарӕй дӕр зынаргъ дзауматӕ рахӕссын кодта+. Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта Йехонийӕн йӕ фыды ӕфсымӕр+ Седекийы+. Йереми 22:30 Библи – Ног дунейы тӕлмац 30 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы адӕймаджы тыххӕй ныффыссут, зӕгъгӕ йын цот нӕй+, ӕмӕ йын йӕ царды ницы бантысдзӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр ницы бантысдзӕн – иу дӕр дзы нӕ баддзӕн Давиды паддзахбадӕныл+ ӕмӕ нӕ уыдзӕн Иудӕйӕн йӕ паддзах“».
8 Йехони+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы ӕмӕ ӕртӕ мӕйы уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Нехуштӕ, уыди Елнафаны чызг ӕмӕ уыд Иерусалимӕй.
15 Гъемӕ Йехонийы+, стӕй паддзахӕн йӕ мады+, йӕ устыты, йӕ фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта+.
10 Афӕдзы райдианы+ паддзах Навуходоносор йӕ адӕмы арвыста+ ӕмӕ Йехонийы Вавилонмӕ ӕркӕнын кодта+, стӕй ма Йегъовӕйы хӕдзарӕй дӕр зынаргъ дзауматӕ рахӕссын кодта+. Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта Йехонийӕн йӕ фыды ӕфсымӕр+ Седекийы+.
30 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы адӕймаджы тыххӕй ныффыссут, зӕгъгӕ йын цот нӕй+, ӕмӕ йын йӕ царды ницы бантысдзӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр ницы бантысдзӕн – иу дӕр дзы нӕ баддзӕн Давиды паддзахбадӕныл+ ӕмӕ нӕ уыдзӕн Иудӕйӕн йӕ паддзах“».