Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Паддзӕхты 25:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар+ ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+.

  • 2 Азфыстыты 34:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 кӕй мӕ ныууагътой+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг кӕй уагътой+ ӕмӕ мӕ се ’ппӕт хъуыддӕгтӕй+ кӕй ӕфхӕрдтой+, уый тыххӕй. Ӕз ацы бынатыл мӕ судзгӕ маст+ ныккалдзынӕн, ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн“+.

  • 2 Азфыстыты 36:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Фӕлӕ уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой+ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой+, йӕ пехуымпартыл ын худтысты+ ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст+ йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди+.

  • Йереми 7:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ацы бынатыл+, адӕмыл ӕмӕ хӕдзарон фосыл, быдырон бӕласыл+ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл калын мӕ маст ӕмӕ мӕ фыдӕх, ӕмӕ уыдон судздзысты ӕмӕ нӕ ахуысдзысты“+.

  • Йереми 39:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Халдейтӕ басыгътой паддзахы хӕдзар ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ+ ӕмӕ ныппырх кодтой Иерусалимы къултӕ+.

  • Йереми 52:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Ӕппынфӕстаг, Седеки фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд+, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ Иерусалиммӕ ’рцыдысты+, ӕмӕ горӕты раз ӕрбынат кодтой, ӕртыхстысты йыл ӕмӕ йын йӕ алыварс къул самадтой+.

  • Йеремийы хъарӕг 2:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Знагау йе ’рдын ӕрбакъӕдз кодта+. Фыдгулау+ йӕ рахиз къух+ размӕ ракодта,

      Ӕмӕ мардта, нӕ цӕсты зынаргъ чидӕриддӕр уыд, уыдоны+.

      Сионы чызджы цатырыл+ артау+ ныккалдта йӕ фыдӕх.

  • Наум 1:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Чи бафӕраздзӕн йӕ фыдӕхӕн?+ Чи рацӕудзӕн йӕ судзгӕ масты ныхмӕ?+

      Йӕ маст арты цӕхӕртау ныккалдзӕн+, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ йӕ разы ныппырх уыдзысты.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын