Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нееми 9:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.

  • Исай 1:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Фӕлӕ куы нӕ байхъусат+ ӕмӕ мӕ ныхмӕ куы цӕуат, уӕд хъамайы амӕттаг бауыдзыстут, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта»+.

  • Исай 30:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Адон сты ӕнӕсӕттон адӕм+, мӕнгард фырттӕ+, нӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйы закъонмӕ хъусын+.

  • Исай 63:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Фӕлӕ-иу уыдон йӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ-иу ӕй* бафхӕрдтой+. Уӕд уый сси се знаг+ ӕмӕ йӕхӕдӕг семӕ тохы бацыд+.

  • Йезекил 2:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, ӕз дӕ ӕрвитын Израилы фырттӕм+ – мӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы змӕнтӕг адӕмтӕм+. Уыдон сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр суанг абоны онг дӕр мӕ разы тӕригъӕдтӕ аразынц+.

  • Йезекил 20:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр мӕ ныхмӕ рацыдысты+. Уыдон нӕ цардысты мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ, мӕ тӕрхӕттыл нӕ хӕцыдысты ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кодтой,– фӕлӕ сӕ адӕймаг куы ’ххӕст кӕна, уӕд уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Мӕ сабат мын хынджылӕггаг скодтой+. Ӕмӕ уӕд ӕз загътон, мӕ судзгӕ маст сыл кӕй ныккалдзынӕн, мӕ маст сыл иууылдӕр кӕй ныккалдзынӕн ӕдзӕрӕг быдыры+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын