Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 29:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕмӕ сын уӕд зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ сӕ къух систой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы бадзырдыл+, Египеты зӕххӕй сӕ куы ракодта, уӕд семӕ цы бадзырд скодта, ууыл+.

  • Тӕрхонгӕнджыты 2:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы ныууагътой+ ӕмӕ ацыдысты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл – сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл+, ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл хаудысты, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой+.

  • Нееми 9:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.

  • Йереми 2:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Сауджынтӕ дӕр нӕ дзырдтой: „Кӕм ис Йегъовӕ?“+ Закъонамонджытӕ мӕ нӕ зыдтой+, фыййӕуттӕ мӕ разы фыдракӕндтӕ арӕзтой+ ӕмӕ суанг пехуымпартӕ дӕр дзырдтой Ваалы номӕй+ ӕмӕ цыдысты, пайда кӕмӕй нӕй, уыцы хуыцӕутты фӕдыл+.

  • Йереми 5:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Куыд дын ныххатыр кӕнон уый? Дӕ фырттӕ мӕ ныууагътой ӕмӕ сомы кӕнынц+, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕй+. Ӕз сӕ ӕфсӕстон+, уыдон та уӕддӕр хӕтынц+ ӕмӕ къордгӕйттӕй цӕуынц хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ.

  • Йереми 22:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕмӕ зӕгъдзысты: „Сӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырдыл сӕ къух кӕй систой+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты раз сӕ зонгуытыл кӕй лӕууыдысты ӕмӕ сын кӕй куывтой, уый тыххӕй“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын