Дыккаг закъон 30:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+. Йереми 3:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 «Уыцы бонты Иудӕйы адӕм ӕмӕ Израилы адӕм цӕудзысты фӕрсӕй-фӕрстӕм+. Уыдон иумӕ+ рацӕудзысты цӕгатаг зӕххӕй ӕмӕ ӕрцӕудзысты, уӕ фыдӕлтӕн бынӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ+. Йереми 24:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ӕз сӕм мӕ цӕст дардзынӕн, цӕмӕй сын хорз уа+, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Пырх сӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, бындзарӕй сӕ нӕ тондзынӕн, фӕлӕ сӕ садздзынӕн+. Йереми 30:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 „Ӕрцӕуынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны, Израил ӕмӕ Иудӕйы, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн“+. Ӕз сӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ та уыцы зӕхх уыдоны бауыдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“». Йереми 32:37 Библи – Ног дунейы тӕлмац 37 „Мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн, уырдыгӕй сӕ ракӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты+. Амос 9:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.
3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+.
18 «Уыцы бонты Иудӕйы адӕм ӕмӕ Израилы адӕм цӕудзысты фӕрсӕй-фӕрстӕм+. Уыдон иумӕ+ рацӕудзысты цӕгатаг зӕххӕй ӕмӕ ӕрцӕудзысты, уӕ фыдӕлтӕн бынӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ+.
6 Ӕз сӕм мӕ цӕст дардзынӕн, цӕмӕй сын хорз уа+, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Пырх сӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, бындзарӕй сӕ нӕ тондзынӕн, фӕлӕ сӕ садздзынӕн+.
3 „Ӕрцӕуынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны, Израил ӕмӕ Иудӕйы, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн“+. Ӕз сӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ та уыцы зӕхх уыдоны бауыдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“».
37 „Мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн, уырдыгӕй сӕ ракӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты+.
14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.