Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 34:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+. Фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты ӕмӕ сӕ фыртты фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг»+.

  • Йереми 13:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл фӕхойдзынӕн, фыдӕлты ӕмӕ фыртты иумӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, нӕ сыл бацауӕрддзынӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн удӕгасӕй“+.

  • Йеремийы хъарӕг 2:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  2 Йегъовӕ Иаковы цӕрӕнбынӕттӕ+ аныхъуырдта, нӕ сыл бацауӕрста.

      Мӕстӕй цӕхӕртӕ калгӕйӕ Иудӕйы чызджы фидаргонд горӕттӕ+ ныппырх кодта.

      Зӕххӕмвӕз скодта+ паддзахад+ ӕмӕ кънйӕзты+, фегад сӕ кодта.

  • Йеремийы хъарӕг 3:43
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Ды дӕхимӕ фӕндаг фыдӕхӕй ӕрӕхгӕдтай+ ӕмӕ нӕ фӕдыл зилыс+. Ды мардтай, никӕуыл ауӕрстай+.

  • Йезекил 5:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– мӕ кувӕндон мын де ’ппӕт ӕнаккаг хъуыддӕгтӕй+ ӕмӕ де ’ппӕт ӕлгъаг митӕй кӕй фӕчъизи кодтай+, уый тыххӕй дын ӕз дӕ адӕмӕй бирӕ нал ныууадздзынӕн+. Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн+.

  • Йезекил 7:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн, фӕлӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ куы бафхӕрон, уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын