Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 18:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ма-иу бауадз, цӕмӕй дын дӕ сывӕллӕттӕй искӕй Молохӕн+ снывонд кӕной+. Дӕ Хуыцауы ном уымӕй ма фӕчъизи кӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ+.

  • 2 Паддзӕхты 16:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ахаз цыди Израилы паддзӕхты фӕндагыл+. Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+ ӕмӕ ма суанг йӕ фырты дӕр арты басыгъта*+.

  • 2 Паддзӕхты 17:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътой*+, дӕсны фарстой+, нысӕнттӕ хӕлдтой+, ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уыдӕттыл бафтыдысты+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдтой+.

  • 2 Паддзӕхты 21:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Йӕ фырты арты басыгъта*+, кӕлӕнтӕ кодта+, нысӕнттӕ хӕлдта, стӕй сӕвӕрдта, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймӕгты+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+. Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта.

  • 2 Азфыстыты 28:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Уый Енномы фырты дӕлвӕзы+ нывӕндты фӕздӕг уагъта+ ӕмӕ йӕ фыртты арты басыгъта*+ – Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта+, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+.

  • 2 Азфыстыты 33:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Енномы фырты дӕлвӕзы+ йӕ фыртты арты басыгъта*+, кӕлӕнтӕ кодта+, дӕсны фарста+, хинтӕ кодта+, стӕй сӕвӕрдта, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймӕгты+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+. Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта+.

  • Йереми 7:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Енномы фырты дӕлвӕзы+ чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ*+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+.

  • Йереми 19:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уыдон Ваалӕн скодтой кувӕн бынӕттӕ, цӕмӕй сӕ фыртты арты сыгътаиккой, Ваалӕн сӕ судзинаг нывондӕн хастаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон+, уый тыххӕй сын никуы дзырдтон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+.

  • Йереми 32:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Стӕй ма Енномы фырты дӕлвӕзы+ Ваалӕн сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн+ арты сыгътаиккой*+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон+, ӕмӕ хъуыды дӕр никуы акодтон, ахӕм ӕлгъаг хъуыддаг кӕй кӕндзысты+ ӕмӕ уымӕй Иудӕйы тӕригъӕды кӕй ӕфтаудзысты“+.

  • Йезекил 16:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 «„Ды-иу райстай дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, кӕй мын ныййардтай, уыдоны+, ӕмӕ сӕ уыдонӕн нывондӕн хастай+. Ау, кӕй хӕтыс, уый дын фаг нӕу?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын