Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йереми 30:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 «Ма тӕрс, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ зӕрдӕйы дын тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн»+.

  • Йереми 46:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 „Ды та, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг, ма тӕрс, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+.

  • Йезекил 28:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы адӕмы, цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу сты, уыдоны ’хсӕнӕй куы ӕрӕмбырд кӕнон+, уӕд адӕмты цӕстыты раз мӕ ном се ’хсӕн срухс уыдзӕн+. Ӕмӕ уыдон цӕрдзысты сӕ зӕххыл+, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаковӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл+.

  • Амос 9:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.

  • Софони 3:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Уыцы рӕстӕг уӕ ӕз фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, о, уыцы рӕстӕг уӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Уацары уӕ чи ис, уыдоны уӕ цӕстыты раз фӕстӕмӕ куы ’ркӕнон, уӕд уын, зӕххыл цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны цӕсты скӕндзынӕн кад ӕмӕ ном»,– зӕгъы Йегъовӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын