Исай 11:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Уыцы бон та Йегъовӕ ногӕй, дыккаг хатт+, йӕ къух бадӕтдзӕн, цӕмӕй, йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕна Ассирийӕ+, Египетӕй+, Пафросӕй+, Кушӕй*+, Еламӕй+, Сеннаарӕй+, Хаматӕй ӕмӕ денджызы сакъадӕхтӕй+. Йереми 23:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 «Мӕ фыстӕй ма чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл сӕ ныппырх кодтон+, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ хизӕнтӕм ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты+. Йереми 32:37 Библи – Ног дунейы тӕлмац 37 „Мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн, уырдыгӕй сӕ ракӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты+. Йезекил 39:27 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 Адӕмты ’хсӕнӕй сӕ фӕстӕмӕ куы ’рбакӕнон ӕмӕ сӕ се знӕгты бӕстӕтӕй куы ӕрӕмбырд кӕнон+, уӕд се ’хсӕн мӕ ном срухс кӕндзынӕн бирӕ адӕмты цӕстыты раз“+. Амос 9:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.
11 Уыцы бон та Йегъовӕ ногӕй, дыккаг хатт+, йӕ къух бадӕтдзӕн, цӕмӕй, йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕна Ассирийӕ+, Египетӕй+, Пафросӕй+, Кушӕй*+, Еламӕй+, Сеннаарӕй+, Хаматӕй ӕмӕ денджызы сакъадӕхтӕй+.
3 «Мӕ фыстӕй ма чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл сӕ ныппырх кодтон+, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ хизӕнтӕм ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты+.
37 „Мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн, уырдыгӕй сӕ ракӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты+.
27 Адӕмты ’хсӕнӕй сӕ фӕстӕмӕ куы ’рбакӕнон ӕмӕ сӕ се знӕгты бӕстӕтӕй куы ӕрӕмбырд кӕнон+, уӕд се ’хсӕн мӕ ном срухс кӕндзынӕн бирӕ адӕмты цӕстыты раз“+.
14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.