Нымӕцтӕ
20 Фыццаг мӕйы Израилы фырттӕ, адӕм иууылдӕр, ӕрбахӕццӕ сты Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ+ ӕмӕ Кадесы+ ӕрцардысты. Уым амард Мариам+, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.
2 Хабар афтӕ уыд, ӕмӕ дзы адӕмӕн дон нӕ уыди+, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой+. 3 Адӕм хыл кодтой+ Моисеимӕ ӕмӕ дзырдтой: «Не ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы раз куы амардысты, уӕд мах дӕр куы амардаиккам!+ 4 Йегъовӕйы ӕмбырд ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ цӕмӕн ӕрбакодтат? Нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр иууылдӕр ам куы фӕцагъды уыдзыстӕм!+ 5 Цӕмӕн нӕ ракодтат Египетӕй ӕмӕ нӕ цӕмӕн ӕрбакодтат ацы ӕлгъыст бынатмӕ?+ Ацы зӕхх нӕ хор тауынӕн бӕззы, нӕ йыл легъуитӕ зайы, нӕ сӕнӕфсир, нӕ гранаттӕ+, стӕй дзы дон дӕр нӕй нуазынӕн». 6 Уӕд Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы разӕй рацыдысты, ӕрбацыдысты ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕмӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+, ӕмӕ сӕм фӕзынд Йегъовӕйы кад+.
7 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 8 «Райс дӕ лӕдзӕг+. Адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн, ӕрӕмбырд сӕ кӕнут ды ӕмӕ де ’фсымӕр Аарон, ӕмӕ се ’ппӕты раз къӕдзӕхӕн зӕгъут, цӕмӕй дон ратта. Къӕдзӕхӕй дон рауадз ӕмӕ адӕмӕн сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр дон ратт, ӕмӕ бануазой»+.
9 Моисей дӕр Йегъовӕйы разӕй лӕдзӕг райста+, куыд ын загъта, афтӕ. 10 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы къӕдзӕхы раз ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Райхъусут-ма, ӕнӕсӕттон адӕм!+ Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?»+ 11 Ӕмӕ Моисей уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд йӕ къух хӕрдмӕ систа, къӕдзӕх йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон рагуылф кодта, ӕмӕ адӕм дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр нуазын райдыдтой+.
12 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Кӕй мыл нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ мын Израилы фыртты раз мӕ ном кӕй не срухс кодтат+, уый тыххӕй сымах ацы адӕмы нӕ бакӕндзыстут, цы зӕхх сын ратдзынӕн, уырдӕм»+. 13 Адон сты Меривӕйы*+ дӕттӕ, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕ хыл кодтой Йегъовӕимӕ, ӕмӕ уый сӕ разы йӕ ном скадджын кодта.
14 Уый фӕстӕ Моисей Кадесӕй арвыста минӕвӕрттӕ Едомы паддзахмӕ+: «Де ’фсымӕр Израил+ афтӕ зӕгъы: „Ды йӕ хорз зоныс, цас зындзинӕдтӕ бавзӕрстам, уый+. 15 Нӕ фыдӕлтӕ ацыдысты Египетмӕ+, ӕмӕ Египеты фӕцардыстӕм бирӕ азты+, фӕлӕ египетӕгтӕ мах дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлты дӕр тухӕнӕй марын райдыдтой+. 16 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕмӕ сдзынӕзтам+, ӕмӕ нӕ фехъуыста. Уый рарвыста йӕ зӕды+ ӕмӕ нӕ Египетӕй ракодта. Ӕмӕ ныр мах стӕм Кадесы, дӕ арӕнты раз чи ис, уыцы горӕты. 17 Курӕм дӕ, бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын. Дӕ хуымтӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕфсирдӕттыл нӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын дӕ цъайтӕй дон нӕ бануаздзыстӕм. Мах ацӕудзыстӕм паддзахы фӕндагыл+. Ӕмӕ цалынмӕ дӕ зӕххыл нӕ ахизӕм, уӕдмӕ нӕдӕр рахизырдӕм фӕзилдзыстӕм, нӕдӕр галиуырдӕм“»+.
18 Фӕлӕ йын Едом загъта: «Уӕдӕ-ма рацу! Хъамаимӕ рацӕудзынӕн дӕ размӕ». 19 Израилы фырттӕ та йын загътой: «Мах ӕрмӕстдӕр стыр фӕндагыл ацӕудзыстӕм. Кӕд нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр дӕ донӕй бануазӕм, уӕд та дын йӕ аргъ бафиддзыстӕм+. Ӕрмӕст дӕ зӕххыл ахизӕм, ӕндӕр нӕ ницы хъӕуы»+. 20 Фӕлӕ уый уӕддӕр загъта: «Ма рацу!»+ Ӕмӕ Едом+ Израилы размӕ рацыд тынг бирӕ адӕмимӕ ӕмӕ тыхджын ӕфсадимӕ. 21 Афтӕмӕй Едом нӕ бауагъта Израилы йӕ зӕххыл ахизын+. Ӕмӕ уӕд Израил уырдыгӕй ацыд+.
22 Израилы фырттӕ, адӕм иууылдӕр, Кадесӕй+ араст сты ӕмӕ ӕрцыдысты Оры хохы+ размӕ. 23 Ӕмӕ Оры хохы раз, Едомы арӕнты раз, Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 24 «Аарон йӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзӕн+, уый нӕ бацӕудзӕн, Израилы фырттӕн кӕй ратдзынӕн, уыцы зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ сымах, ӕз уын Меривӕйы дӕтты тыххӕй цы загътон, уый ныхмӕ рацыдыстут+. 25 Демӕ акӕн Аароны ӕмӕ йӕ фырт Елеазары ӕмӕ сӕ скӕн Оры хохмӕ. 26 Уым Ааронӕн йӕ сауджыны дарӕс раласдзынӕ+ ӕмӕ йӕ скӕндзынӕ йӕ фырт Елеазарыл+. Ӕмӕ Аарон уым амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзӕн»+.
27 Ӕмӕ Моисейӕн Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Ӕппӕт адӕмы цӕстыты раз ссыдысты Оры хохмӕ. 28 Уым Моисей Ааронӕн йӕ сауджыны дарӕс раласта ӕмӕ йӕ скодта йӕ фырт Елеазарыл. Уый фӕстӕ Аарон уым хохыл амард+. Уӕд Моисей ӕмӕ Елеазар хохӕй бынмӕ ӕрхызтысты. 29 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр бамбӕрстой, Аарон кӕй амард, уый. Ӕмӕ ӕртын боны Израилы адӕм иууылдӕр куыдтой Аароныл+.