Псалом
Амонӕгӕн. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Давиды псалом. Ацы зарӕджы ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн дзырдта, Йегъовӕ йӕ йе ’ппӕт знӕгты къухӕй ӕмӕ Саулы къухӕй куы фервӕзын кодта+, уӕд. Уый загъта:
18 Куыннӕ дӕ хъуамӕ уарзон, о Йегъовӕ, мӕ хъару+.
2 Йегъовӕ у мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ фидар мӕсыг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг+.
Мӕ Хуыцау у мӕ къӕдзӕх. Ӕз мӕхи йе уазӕг бакӕндзынӕн+.
Уый у мӕ уарт, мӕ ирвӕзындзинады сыкъа ӕмӕ мӕ бӕрзонд хох+.
6 Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ,
Ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй+.
Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс+,
Фехъуыст ӕм мӕ дзыназын+.
8 Йӕ фындзыхуынчъытӕй цыд фӕздӕг, йӕ дзыхӕй – пиллон арт, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ныхъуырдта+.
Алырдӕм дзы калд судзгӕ цӕхӕртӕ.
9 Ӕртасын кодта арв ӕмӕ дӕлӕмӕ ӕрхызт+.
Ӕмӕ саудалынг уыд йӕ къӕхты бын.
13 Йегъовӕ уӕлӕрвты ныггыбар-гыбур кодта+,
Иунӕг Стыр Хуыцауы хъӕлӕс ныннӕрыд+,
Ӕмӕ ныккалд их ӕмӕ судзгӕ цӕхӕртӕ.
14 Уый ӕхста йӕ фаттӕ, цӕмӕй сӕ алырдӕмты ныххӕлиу кодтаид+,
Калдта арвы цӕхӕртӕ, цӕмӕй сдзӕгъӕлтӕ уыдаиккой+.
15 Ӕмӕ разындысты цӕугӕдӕтты бынтӕ+,
Сзындысты зӕххы бындуртӕ+
Дӕ карз уайдзӕфӕй, о Йегъовӕ, дӕ фындзыхуынчъыты тыхджын улӕфтӕй+.
17 Ирвӕзын мӕ кодта тыхджын знагӕй+,
Йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр уыдысты+.
20 Йегъовӕ мын арфӕ кӕны мӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+,
Мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ мын хорздзинадӕй фиды+.
21 Уымӕн ӕмӕ ӕз фидар лӕууыдтӕн Йегъовӕйы фӕндӕгтыл+,
Ӕмӕ мӕ Хуыцауы нӕ ныууагътон – ахӕм фыдхъуыддаг нӕ бакодтон+.
24 Йегъовӕ мын бафидӕд мӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+,
Йӕ цӕстыты раз+ мӕ къухтӕ куыд сыгъдӕг сты, уымӕ гӕсгӕ.
25 Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион+,
Ӕнаипп адӕймагимӕ уыдзынӕ ӕнаипп+.
26 Сыгъдӕг адӕймаг фендзӕн, сыгъдӕг кӕй дӕ, уый+,
Мӕнгард чи у, ууыл та хинӕй рацӕудзынӕ+,
27 Уымӕн ӕмӕ ды ӕфхӕрд адӕмы фервӕзын кӕндзынӕ+,
Хъал цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны та фегад кӕндзынӕ+.
30 Ӕцӕг Хуыцауы фӕндаг у ӕххӕст+.
Йегъовӕйы ныхӕстӕ сты сыгъдӕг+.
Уый у уарт, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдонӕн+.
32 Ӕцӕг Хуыцау мын мӕ астӕу ӕрбалвасы хъаруйӕ+.
Уый мын слӕгъз кӕндзӕн мӕ фӕндаг+.
33 Мӕ къӕхтӕ мын фестын кӕны саджы къӕхтӕ+,
Ӕмӕ мӕ слӕууын кӕны бӕрзонд рӕтты+.
35 Ды мын ратдзынӕ дӕ ирвӕзындзинады уарт+,
Дӕ рахиз къух мыл хӕцдзӕн+,
Ӕмӕ мӕ дӕ сӕрныллӕгдзинад сбӕрзонд кӕндзӕн+.
37 Ӕз ме знӕгты фӕстейӕ асурдзынӕн ӕмӕ сӕ баййафдзынӕн,
Ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхдзынӕн, цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдон, уӕдмӕ+.
39 Ды мын тохы бонмӕ мӕ астӕу хъаруйӕ ӕрбалвасдзынӕ.
Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны мын мӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппардзынӕ+.
40 Ме знӕгты мын мӕ разӕй лидзӕг фӕкӕндзынӕ*+,
Ӕмӕ мӕ йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уыдзысты+.
41 Уыдон ӕххуысмӕ дзыназынц, фӕлӕ сӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй+,
Дзыназынц Йегъовӕмӕ, фӕлӕ сын дзуапп нӕ дӕтты+.
43 Ды мӕ фервӕзын кӕндзынӕ адӕмы уайдзӕфтӕй+.
Ды мӕ сӕвӕрдзынӕ адӕмты сӕргъы+.
Цы адӕмы нӕ зыдтон, уыдон мын лӕггад кӕндзысты+.
45 Ӕндӕрбӕстӕгтӕм хъару нал уыдзӕн,
Ӕмӕ зырзыргӕнгӕ рацӕудзысты сӕ фидӕрттӕй+.