Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хъуыддӕгтӕ 8
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Хъуыддӕгтӕ 8:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 7:58
  • +Хъд 11:19
  • +Мф 10:23

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2020, 17, 18 фф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/5/2008, 22, 23 фф.

    1/11/2007, 12 ф.

Хъуыддӕгтӕ 8:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 14:12
  • +Рд 50:10

Хъуыддӕгтӕ 8:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 9:1; 22:4; 26:10; 1Кр 15:9; Га 1:13; Фп 3:6

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/1/2013, 23 ф.

    15/5/2008, 22, 23 фф.

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 58 ф.

Хъуыддӕгтӕ 8:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 52:7; Хъд 11:19

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 58 ф.

Хъуыддӕгтӕ 8:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 1:8

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 58, 59 фф.

Хъуыддӕгтӕ 8:6

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 59–61 фф.

Хъуыддӕгтӕ 8:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 10:1; Мч 6:7
  • +Хъд 9:33

Хъуыддӕгтӕ 8:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 4:42

Хъуыддӕгтӕ 8:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 13:6
  • +Хъд 5:36

Хъуыддӕгтӕ 8:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 8:1
  • +Мф 28:19; Хъд 18:8

Хъуыддӕгтӕ 8:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 6:5

Хъуыддӕгтӕ 8:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 11:1

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 54 ур.

Хъуыддӕгтӕ 8:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 16:19

Хъуыддӕгтӕ 8:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 10:48; 19:2

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 63 ф.

Хъуыддӕгтӕ 8:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 6:6; 19:6; 2Тм 1:6

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 63 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/3/1998, 10, 11 фф.

Хъуыддӕгтӕ 8:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мх 3:11; 1Тм 6:5

Хъуыддӕгтӕ 8:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 10:8; Хъд 10:45

Хъуыддӕгтӕ 8:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 78:37; Еф 5:5

Хъуыддӕгтӕ 8:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 55:7; Дан 4:27

Хъуыддӕгтӕ 8:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 29:18
  • +Дзт 12:15

Хъуыддӕгтӕ 8:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 8:8; Нм 21:7; 1Пд 13:6; Иак 5:16

Хъуыддӕгтӕ 8:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 9:35; Хъд 1:8

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 54 ур.

Хъуыддӕгтӕ 8:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 34:7; Дзт 1:14; Рар 14:6

Хъуыддӕгтӕ 8:27

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Грекъ. тексты ма ацы ран ис дзырд «кандаки» – афтӕ хуыдтой Ефиопийы ус-паддзӕхтӕй цалдӕры.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 13:23; Сф 3:10
  • +Ис 56:4
  • +2Аз 6:32; Ин 12:20

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    3/2020, 2 ф.

Хъуыддӕгтӕ 8:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 17:11

Хъуыддӕгтӕ 8:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 10:19

Хъуыддӕгтӕ 8:30

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 1 ур.

Хъуыддӕгтӕ 8:31

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 1 ур.

Хъуыддӕгтӕ 8:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 53:7; 1Пт 2:23

Хъуыддӕгтӕ 8:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 26:59
  • +Ис 53:8; Дан 9:26; Фп 2:8

Хъуыддӕгтӕ 8:35

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 13:52
  • +Хъд 18:28; 2Тм 3:16

Хъуыддӕгтӕ 8:36

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 10:47

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 13, 64, 65 фф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/4/2006, 26, 27 фф.

Хъуыддӕгтӕ 8:37

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕс Мф 17:21, фип.

Хъуыддӕгтӕ 8:38

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Бӕстон хъусын кӕнӕм», 64, 65 фф.

Хъуыддӕгтӕ 8:39

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 18:12

Хъуыддӕгтӕ 8:40

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 9:6
  • +Хъд 21:8

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Хъуыд. 8:1Хъд 7:58
Хъуыд. 8:1Хъд 11:19
Хъуыд. 8:1Мф 10:23
Хъуыд. 8:2Мф 14:12
Хъуыд. 8:2Рд 50:10
Хъуыд. 8:3Хъд 9:1; 22:4; 26:10; 1Кр 15:9; Га 1:13; Фп 3:6
Хъуыд. 8:4Ис 52:7; Хъд 11:19
Хъуыд. 8:5Хъд 1:8
Хъуыд. 8:7Мф 10:1; Мч 6:7
Хъуыд. 8:7Хъд 9:33
Хъуыд. 8:8Ин 4:42
Хъуыд. 8:9Хъд 13:6
Хъуыд. 8:9Хъд 5:36
Хъуыд. 8:12Лк 8:1
Хъуыд. 8:12Мф 28:19; Хъд 18:8
Хъуыд. 8:13Хъд 6:5
Хъуыд. 8:14Хъд 11:1
Хъуыд. 8:15Мф 16:19
Хъуыд. 8:16Хъд 10:48; 19:2
Хъуыд. 8:17Хъд 6:6; 19:6; 2Тм 1:6
Хъуыд. 8:18Мх 3:11; 1Тм 6:5
Хъуыд. 8:20Мф 10:8; Хъд 10:45
Хъуыд. 8:21Пс 78:37; Еф 5:5
Хъуыд. 8:22Ис 55:7; Дан 4:27
Хъуыд. 8:23Д.з 29:18
Хъуыд. 8:23Дзт 12:15
Хъуыд. 8:24Рц 8:8; Нм 21:7; 1Пд 13:6; Иак 5:16
Хъуыд. 8:25Мф 9:35; Хъд 1:8
Хъуыд. 8:26Пс 34:7; Дзт 1:14; Рар 14:6
Хъуыд. 8:27Йер 13:23; Сф 3:10
Хъуыд. 8:27Ис 56:4
Хъуыд. 8:272Аз 6:32; Ин 12:20
Хъуыд. 8:28Хъд 17:11
Хъуыд. 8:29Хъд 10:19
Хъуыд. 8:32Ис 53:7; 1Пт 2:23
Хъуыд. 8:33Мф 26:59
Хъуыд. 8:33Ис 53:8; Дан 9:26; Фп 2:8
Хъуыд. 8:35Мф 13:52
Хъуыд. 8:35Хъд 18:28; 2Тм 3:16
Хъуыд. 8:36Хъд 10:47
Хъуыд. 8:391Пд 18:12
Хъуыд. 8:40Лк 9:6
Хъуыд. 8:40Хъд 21:8
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
  • 39
  • 40
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Хъуыддӕгтӕ 8:1–40

Хъуыддӕгтӕ

8 Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта+.

Уыцы бон райдыдтой Иерусалимы ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын+, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты+. Ӕрмӕстдӕр ма апостолтӕ баззадысты Иерусалимы. 2 Фӕлӕ, Хуыцауы тас кӕй уыд, уыдон Стефаны бавӕрдтой+ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой+. 3 Савл та райдыдта ӕмбырды ныхмӕ ӕгъатырӕй тох кӕнын. Хӕдзӕрттӕм-иу бабырста, нӕлгоймӕгты ӕмӕ-иу сылгоймӕгты ӕддӕмӕ раласта ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта+.

4 Фӕлӕ, алырдӕмты чи ныххӕлиу, уыдон иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз хабар, Хуыцауы ныхас+. 5 Филипп ӕрцыд горӕт Самаримӕ+ ӕмӕ адӕмӕн райдыдта Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнын. 6 Филипп цы дзырдта, уымӕ бирӕ адӕм лӕмбынӕг хъуыстой. Хъуыстой йӕм ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонмӕ кастысты. 7 Уым та уыди, дӕлимонтӕ+ кӕй мидӕг уыд, бирӕ ахӕм адӕм, ӕмӕ-иу уыдонӕй дӕлимонтӕ хъӕргӕнгӕ рацыдысты. Стӕй ма, паралич+ кӕй ныццавта, уыдонӕй дӕр ӕмӕ къуылыхтӕй дӕр бирӕтӕ сдзӕбӕх сты. 8 Гъемӕ горӕты цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыди+.

9 Уыцы горӕты уыди иу лӕг, Симон, зӕгъгӕ. Раздӕр уыд кӕлӕнгӕнӕг+ ӕмӕ йӕ кӕлӕнтӕй Самарийы адӕмы дисы ӕфтыдта. Уый йӕхи хуыдта номдзыд адӕймаг+. 10 Ӕмӕ-иу ӕм мӕгуырӕй-хъӕздыгӕй иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы лӕгмӕ ис стыр тых Хуыцауӕй». 11 Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы йӕ кӕлӕнтӕй дисы ӕфтыдта. 12 Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы паддзахады+ тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй хорз хабар куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр+. 13 Симон йӕхӕдӕг дӕр сси уырнӕг, ӕмӕ, донаргъуыд куы райста, уӕд ӕдзухдӕр уыди Филиппимӕ+. Ӕмӕ, Филипп цы нысӕнттӕ ӕмӕ цы стыр, хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон уынгӕйӕ дисӕй мард.

14 Самариӕгтӕ Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты+, уый апостолтӕ Иерусалимы куы фехъуыстой, уӕд сӕм Петр ӕмӕ Иоанны арвыстой. 15 Уыдон сӕм ӕрцыдысты ӕмӕ сын скуывтой, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдаиккой+, 16 уымӕн ӕмӕ Хицау Йесойы номыл донаргъуыд райстой, фӕлӕ сӕ иуыл дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕма ӕрцыд+. 17 Гъемӕ-иу сыл Петр ӕмӕ Иоанн сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой+, ӕмӕ-иу Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты.

18 Симон уый куы федта, ӕмӕ, апостолтӕ сӕ къухтӕ кӕуыл ӕвӕрынц, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын вӕййынц, уӕд сӕм ӕхцаимӕ бацыд+ 19 ӕмӕ сын загъта: «Мӕнӕн дӕр-ма ахӕм тых раттут, цӕмӕй-иу, мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уой». 20 Фӕлӕ йын Петр загъта: «Де ’взист демӕ фесӕфӕд – ды Хуыцауы стыр лӕвар ӕхцайӕ балхӕнынмӕ хъавыдтӕ+. 21 Ацы хъуыддаджы дӕуӕн хай нӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг нӕу+. 22 Ӕрфӕсмон кӕн де ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕн+, кӕд дын дӕ фыдвӕнд ныххатыр кӕнид, 23 уымӕн ӕмӕ йӕ уынын, дӕ зӕрдӕ маргӕй йедзаг кӕй у+ ӕмӕ фыддзинады цагъар кӕй дӕ»+. 24 Уӕд Симон загъта: «Сымах-ма скувут мӕн тыххӕй+ Йегъовӕмӕ, цӕмӕй, цы загътат, уыдонӕй мыл мацы ’рцӕуа».

25 Петр ӕмӕ Иоанн уым бӕстон куы фӕхъусын кодтой ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас куы фӕдзырдтой, уӕд Иерусалиммӕ аздӕхтысты. Ӕмӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хорз хабар хъусын кодтой+.

26 Филиппӕн та Йегъовӕйы зӕд+ загъта: «Ацу хуссарырдӕм, Иерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕ». Уыцы фӕндаг цӕуы ӕдзӕрӕг быдырыл. 27 Ӕмӕ Филипп дӕр уырдӕм ацыд. Уыцы рӕстӕг ууылты фӕцӕйцыд иу ефиопаг+ хицау+ – Ефиопийы ус-паддзахы* хӕзнатӕ иууылдӕр кӕй бар уыдысты, уый. Уыцы лӕг ӕрцыд Иерусалиммӕ Хуыцауӕн кувынмӕ+, 28 ӕмӕ ныр фӕстӕмӕ здӕхт ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдоны бадгӕйӕ хъӕрӕй каст пехуымпар Исайы чиныг+. 29 Уӕд Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй Филиппӕн загъта+: «Уӕртӕ уыцы бӕхуӕрдон баййаф ӕмӕ йӕ фарсмӕ цу». 30 Филипп базгъордта бӕхуӕрдонмӕ ӕмӕ фехъуыста, уыцы лӕг хъӕрӕй кӕй каст пехуымпар Исайы чиныг. Уӕд ӕй Филипп бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» 31 Уый йын загъта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?» Ӕмӕ Филиппӕн ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ-ма бӕхуӕрдонмӕ схиз ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбад. 32 Уыцы лӕг Фыстадӕй каст мӕнӕ ацы бынат: «Фыс ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ йӕ акодтой, ӕмӕ уӕрыкк йе ’лвынӕджы раз куыд сабыр фӕлӕууы, афтӕ уымӕн дӕр йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд+. 33 Бафхӕрдтой йӕ, раст тӕрхон ын не скодтой+. Йӕ равзӕрды хабӕрттӕ йын бӕстон чи радзурдзӕн? Уый зӕххӕй фесӕфдзӕн»+.

34 Уӕд ефиопаг хицау Филиппӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма мын, ацы ран пехуымпар кӕй кой кӕны: йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй?» 35 Филипп дӕр дзурын райдыдта+. Фыстадӕй+ уыцы бынатӕй райдайгӕйӕ йын Йесойы тыххӕй хорз хабар ӕмбарын кодта. 36 Уалынмӕ донмӕ бахӕццӕ сты, ӕмӕ ефиопаг хицау загъта: «Мӕнӕ дон! Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?»+ 37* –– 38 Уӕд йӕ бӕхуӕрдон бауромын кодта ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр, Филипп ӕмӕ ефиопаг хицау, донмӕ ныххызтысты, ӕмӕ йын Филипп донаргъуыд радта. 39 Куыддӕр донӕй схызтысты, афтӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй Филиппы уырдыгӕй акодта+, ӕмӕ йӕ ефиопаг хицау нал федта, уымӕн ӕмӕ дарддӕр цингӕнгӕ цыд йӕ фӕндагыл. 40 Филипп та ацыд Азотмӕ, ӕмӕ ӕппӕт горӕтты дӕр хорз хабар хъусын кодта+, цалынмӕ Кесаримӕ+ нӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын