Псалом
5 Ма рох кӕнут, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон+,
Йӕ диссӕгтӕ ӕмӕ, йӕ дзыхӕй чи рацыд, уыцы тӕрхӕттӕ+,
6 Сымах, йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы байзӕддӕгтӕ+,
Иаковы фырттӕ, кӕй равзӕрста, уыдон+.
8 Уый йӕ бадзырд йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕнустӕм+,
Цы бафӕдзӕхста, уый – мин фӕлтӕры дӕр+.
9 Уыцы бадзырд скодта Авраамимӕ+
Ӕмӕ расомы кодта Исахъӕн+.
10 Уыцы сомыйӕ скодта закъон Иаковӕн,
Ӕнустӕм дзы скодта бадзырд Израилӕн+.
11 Уый загъта: «Дӕуӕн ратдзынӕн Ханааны зӕхх+ бынӕн,
Уый уыдзӕн дӕ хай»+.
14 Никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой+,
Фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта+:
15 «Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм+,
Мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут»+.
16 Йӕ ныхасӕй зӕххыл скодта ӕххормаг заман+.
Уый ныссаста, гуылтӕ* ауыгъд кӕуыл уыдысты, уыцы хъилтӕ иууылдӕр+.
17 Сӕ разӕй сын арвыста,
Цагъарӕй кӕй ауӕй кодтой, уыцы адӕймаджы – Иосифы+.
18 Йӕ къӕхтӕ йын хъадамантӕй балхъывтой+,
Йӕ уд ын ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй сбастой+.
19 Цалынмӕ, Йегъовӕ цы загъта, уый нӕ сӕххӕст+,
Уӕдмӕ йӕ Йӕ ныхас сыгъдӕг кодта+.
20 Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ссӕрибар кӕной+,
Адӕмты хицау загъта, цӕмӕй йӕ рауадзой.
21 Сӕвӕрдта йӕ йӕ хӕдзаронтӕн хистӕрӕй+,
Йе ’ппӕт исбонӕн – хицауӕй+.
22 Йӕ дӕлбар ын бакодта йӕ кънйӕзты+,
Ӕмӕ зонд амыдта зӕронд лӕгтӕн+.
25 Уый бауагъта, цӕмӕй се знӕгты зӕрдӕ фӕивтаид ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй се сӕфт федтаиккой+,
Цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджытыл хинӕй цыдаиккой+.
30 Сӕ бӕстӕ хӕфсытӕй байдзаг+,
Байдзаг сӕ сты сӕ паддзӕхты рӕбинаг уӕттӕ дӕр.
33 Ныххоста сын сӕ сӕнӕфсир ӕмӕ сӕ легъуибӕлӕстӕ,
Сӕ бӕстӕйы цыдӕриддӕр бӕлӕстӕ уыд, уыдон сын ныцъцъӕл кодта+.
35 Ӕмӕ сӕ зӕххыл цыдӕриддӕр зад, уый бахордтой+,
Бахордтой сын сӕ зӕххы тыллӕг дӕр иууылдӕр.
37 Йӕ адӕмы ракодта ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринимӕ+.
Йӕ мыггӕгты ’хсӕн нӕ уыди, чи фӕцудыдта, ахӕм адӕймаг.
38 Куы рацыдысты, уӕд Египет цин кодта,
Уымӕн ӕмӕ сӕ стыр тас бауагътой+.
42 Уымӕй рох нӕ уыд йӕ сыгъдӕг ныхас, йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамӕн кӕй загъта, уыцы ныхас+.