Иов
36 Елиуй йӕ ныхас дарддӕр кодта:
2 «Иу гыццыл мын бабыхс, ӕмӕ дын ӕз раргом кӕндзынӕн,
Нырма Хуыцауы сӕрыл бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис зӕгъӕн.
3 Цы зонын, уыдон лыстӕггай фӕдзурдзынӕн,
Ӕмӕ ме Скӕнӕджы схондзынӕн рӕстгӕнӕг+.
4 Мӕ ныхӕстӕ мӕнг не сты –
Ӕппӕт дӕр чи зоны+, Уый дӕ разы ис.
5 Хуыцау у хъомысджын+ ӕмӕ адӕймагыл йӕ къух нӕ сисдзӕн,
Уый у стыр зонды хицау.
6 Уый фыдгӕнджытӕй иуы дӕр удӕгасӕй нӕ ныууадздзӕн+,
Ӕфхӕрд чи у, уыдонӕн сӕ хъуыддаг рӕстӕй равзардзӕн+.
7 Уый рӕстгӕнӕгӕй йӕ цӕст нӕ айсдзӕн+.
Паддзӕхты сӕ паддзахбадӕнтыл+
Ӕнустӕм сбадын кӕндзӕн, ӕмӕ сбӕрзонд уыдзысты.
8 Кӕд адӕмыл хъадамантӕ конд ис+
Ӕмӕ баст сты хъизӕмӕртты бӕндӕнтӕй,
9 Уӕд сын зӕгъдзӕн сӕ хъуыддӕгты тыххӕй
Ӕмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ схъал сты.
10 Уый сын сӕ хъус бакӕндзӕн+, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхст фехъусой,
Ӕмӕ сын зӕгъдзӕн, цӕмӕй сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзой+.
11 Куы байхъусой ӕмӕ йын куы лӕггад кӕной,
Уӕд сӕ царды бонты кӕрон уыдзӕн фӕрнджын,
Сӕ азты кӕрон – зӕрдӕрухс+.
13 Хуыцауы чи ныууагъта, уыдоны йӕ фыдӕх баййафдзӕн+.
Ӕмӕ сӕ куы сбӕтта, уӕд ӕххуысмӕ нӕ сиддзысты.
15 Уый ӕфхӕрд адӕмы ӕфхӕрдӕй фервӕзын кӕндзӕн,
Куы сӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ хъус бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фехъусой.
16 Уый дӕ фыдбылызы дзыхӕй фервӕзын кӕндзӕн!+
Ӕмӕ уый бӕсты уыдзынӕ уӕрӕх+ бынаты, уынгӕг дын нал уыдзӕн,
Зӕрдӕ цӕмӕй сабыр кӕны, уыдӕттӕ дӕ фынгыл сойджын хӕринӕгтау парахатӕй уыдзысты+.
17 Фыдгӕнӕгӕн цы тӕрхон ӕрцӕуа хаст+, уымӕй райгондӕй баззайдзынӕ,
Тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад фӕуӕлахиз уыдзысты.
18 Дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕ масты+ фӕдыл ма ацӕуай ӕмӕ мӕстӕймарӕн ӕмдзӕгъд ма кӕнай.
19 Ӕххуысмӕ куы сидай, уӕд дӕ исчи фехъусдзӕн?+ Ничи, ӕмӕ тыхст уавӕры куы уай,
Уӕд цыфӕнды ма кӕнай, уӕддӕр дын ницы баххуыс кӕндзӕн+.
20 Ма бӕлл ӕхсӕвмӕ,
Адӕмтӕ, кӕм сты, уырдыгӕй фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхой, уыцы ’хсӕвмӕ.
21 Дӕхи хъахъхъӕн, фыддзинадыл ма бафт+,
Уымӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынӕй уый фылдӕр цӕуы дӕ зӕрдӕмӕ+.
22 Хуыцау йӕ тыхӕй куыд архайы, уый диссаг у.
Уый хуызӕн зондамонӕг ма искуы ис?
24 Рох дӕ ма уӕд: хъуамӕ йӕ кадджын кӕнай йӕ хъуыддӕгты тыххӕй+,
Адӕм сӕ зарджыты кӕуыл фӕзарынц, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй+.
25 Адӕм сӕм иууылдӕр фӕлгӕсынц,
Зӕххон адӕймаг сӕм дардӕй кӕсы+.
27 Уый доны ӕртӕхтӕ хӕрдмӕ сисы+,
Уыдон бынмӕ ӕрхъарынц ӕмӕ дзы рауайы къӕвда ӕмӕ мигъ.
Адӕмыл парахатӕй къӕвда ныккалынц.
29 Кӕй бон у бамбарын, мигътӕ куыд ныххал вӕййынц
Ӕмӕ йӕ цатырӕй цы гыбар-гыбур фӕцӕуы, уый?+
30 Уый йӕ сӕрмӕ айтыгъта йӕ рухс+,
Денджызӕн йӕ бын бамбӕрзта.
32 Уый йӕ къухты ’хсӕн бамбӕхста арвӕрттывд,
Бардзырд ын ратты, цӕмӕй знаджы ныццӕва+.
33 Хуыцауы нӕрын+ хъусын кӕны Хуыцауы тыххӕй,
Ӕмӕ фос дӕр ӕргом кӕнынц, кӕй ӕрбацӕуы, уый.