Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.
139 О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс+.
2 Ды йӕ зоныс, кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын+.
Мӕ хъуыдытӕ мын дардӕй дӕр базоныс+.
3 Фӕндагыл уон ӕви мӕ фӕллад уадзон,– ды мӕм фӕкӕсыс+.
Ды мын зоныс мӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр+.
4 Нырма зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнын+,
Афтӕ йӕ ды фӕзоныс, о Йегъовӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый+.
5 Ды мӕ хъахъхъӕныс алырдыгӕй дӕр
Ӕмӕ мыл дӕ къух ӕрӕвӕрдтай.
6 Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕм тынг диссаг кӕсынц+.
Мӕ зонд сыл не ’ххӕссы+.
7 Кӕдӕм фӕцӕудзынӕн дӕуӕй+,
Ӕмӕ кӕдӕм фӕлидздзынӕн дӕ цӕсгомӕй?+
8 Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – уым дӕр мӕ фендзынӕ+.
Мӕ хуыссӕн ингӕнмӕ ныххӕссон – уым дӕр мӕ ссардзынӕ+.
9 Сӕуӕхсиды базыртӕ дӕр куы райсин+,
Цӕмӕй ӕппӕты дарддӕр денджызы был ӕрцӕрон+,
10 Уӕддӕр мӕ уым дӕр кӕнид дӕ къух+,
Дӕ рахиз къух мыл хӕцид+.
11 Афтӕ куы зӕгъин: «Талынг мӕ бамбӕхсдзӕн!»+,
Уӕд ӕхсӕвы мӕ алыварс уаид рухс+.
12 Талынг дӕр дын ӕгӕр талынг нӕ уаид+,
Фӕлӕ дын ӕхсӕв уаид бонау рухс+.
Талынг дын рухсӕй уӕлдай нӕ уаид+.
13 Ды мын скодтай мӕ уыргтӕ+.
Мӕ мады гуыбыны мӕ хъахъхъӕдтай+.
14 Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады+.
Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг+,
Ӕмӕ уый мӕ уд хорз зоны+.
15 Сусӕг ран мӕ куы скодтай+,
Зӕххы ӕрфыты мӕ хъуымацау куы бауӕфтай+,
Уӕд ме стджытӕ дӕуӕй ӕмбӕхст нӕ уыдысты+.
16 Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд+.
Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты,
Уыцы бонты тыххӕй+,
Кӕд ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма уыди, уӕддӕр.
17 Куыд зынаргъ мын сты дӕ хъуыдытӕ!+
О Хуыцау, куыд бирӕ сты, куыд!+
18 Нымайын сӕ куы райдаин, уӕд уаиккой змисӕй дӕр фылдӕр+.
Ӕмӕ куы райхъал уон, уӕддӕр ма сӕ нымайдзынӕн+.
19 О Хуыцау, тӕхуды, ӕмӕ фыдгӕнӕджы куы фесафис!+
Уӕд, ӕнаххос туг чи калы+, уыдон мӕ ныууадзиккой.
20 Уыдон дӕуӕй дзурынц, сӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнынц, уыдӕттӕ+.
Де знӕгтӕ+ дын дӕ ном хынджылӕггаг кӕнынц+.
21 Ӕз ме сӕфт уынын, о Йегъовӕ, дӕуӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕй+,
Дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон мын сты ӕнад+.
22 Ме сӕфт сӕ уынын+,
Уыдон мӕнӕн сты ме знӕгтӕ+.
23 О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон+.
Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты+.
24 Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы+,
Ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн+.