Хъуыддӕгтӕ
11 Апостолтӕ ӕмӕ, Иудейӕйы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ фехъуыстой, ӕндӕр адӕмтӕ+ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый. 2 Ӕмӕ Петр Иерусалиммӕ куы ссыд, уӕд, сунӕт кӕнын+ хъӕуы, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдон йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, 3 сунӕтгонд чи нӕу, уыдонмӕ хӕдзармӕ цӕмӕн бацыдтӕ ӕмӕ семӕ иу фынгыл цӕмӕн бадтӕ, зӕгъгӕ. 4 Уӕд сын Петр хабар лӕмбынӕг ӕмбарын кӕнын райдыдта:
5 «Горӕт Иоппийы куы уыдтӕн, уӕд Хуыцаумӕ куывтон, ӕмӕ федтон цӕстылуайӕн: стыр кӕттаджы хуызӕн цыдӕр йӕ цыппар кӕронӕй арвӕй зӕхмӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд ӕмӕ мӕ тӕккӕ размӕ ӕрцыд. 6 Куы йӕм ныккастӕн, уӕд дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хъӕддаг сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ+. 7 Ӕмӕ фехъуыстон зӕды хъӕлӕс: „Петр, сыст, аргӕвд дзы ӕмӕ бахӕр!“+ 8 Фӕлӕ ӕз загътон: „Нӕ, Хицау, цытӕ дзурыс! Ӕз чъизи ӕмӕ нӕфӕтчиагӕй мӕ дзыхмӕ никуы ницы схастон“+. 9 Уӕд та мӕм зӕд уӕларвӕй дыккаг хатт ӕрдзырдта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон“+. 10 Ӕртыккаг хатт дӕр мӕм ӕрдзырдта, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ фӕстӕмӕ арвмӕ ист ӕрцыдысты+. 11 Раст уыцы рӕстӕг, кӕм уыдыстӕм, уыцы хӕдзары раз ӕрлӕууыд ӕртӕ лӕджы – Кесарийӕ мӕм ӕрвыст уыдысты+. 12 Ӕмӕ мын Хуыцауы сыгъдӕг тых+ загъта, цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнон ӕмӕ семӕ ацӕуон. Мемӕ рацыдысты мӕнӕ ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр. Ӕмӕ мӕм чи рарвыста, уыцы лӕджы хӕдзармӕ бацыдыстӕм+.
13 Уый нын радзырдта, йӕ хӕдзары кӕй федта зӕды ӕмӕ йын зӕд афтӕ кӕй загъта: „Иоппимӕ искӕй арвит ӕмӕ фӕдзур, Петр кӕй хонынц, уыцы Симонмӕ+, 14 ӕмӕ дын уый радзурдзӕн, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕн се ’ппӕтӕн дӕр цӕй фӕрцы ис фервӕзӕн, уый тыххӕй“+. 15 Ӕмӕ дзурын куы райдыдтон, уӕд се ’ппӕтыл дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд, мӕнӕ махыл фыццаг куыд ӕрцыд, афтӕ+. 16 Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты нӕ Хицауы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Иоанн аргъуыд лӕвӕрдта донӕй+, сымах та аргъуыд ӕрцӕудзыстут Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+. 17 Уӕдӕ кӕд Хуыцау уыцы адӕмӕн дӕр бахай кодта, махӕн, Хицау Йесо Чырыстийыл+ чи баууӕндыд, уыдонӕн, цы стыр лӕварӕй бахай кодта, уымӕй, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууыдаин?»+
18 Уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты+, Хуыцауы скадджын кодтой+ ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ Хуыцау ӕндӕр адӕмтӕн дӕр радта фадат, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ цӕрой»+.
19 Стефаны мӕлӕты фӕстӕ цы фыдӕвзарӕнтӕ райдыдтой, уыдоны тыххӕй алырдӕмты чи ныххӕлиу+, уыцы уырнджытӕ бахӕццӕ сты суанг Финики+, Кипр+ ӕмӕ Антиохимӕ, фӕлӕ хорз хабар ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн хъусын кодтой+. 20 Антиохимӕ чи ’рцыд, уыдонӕй та чидӕртӕ уыдысты Кипрӕй ӕмӕ Киренӕйӕ, ӕмӕ уыдон Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын+ райдыдтой, грекъагау чи дзырдта, уыцы адӕмӕн+. 21 Йегъовӕ*+ уыди семӕ, ӕмӕ тынг бирӕ адӕм баууӕндыдысты Хицауыл ӕмӕ систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ+.
22 Уыцы хабар фехъуыстой Иерусалимы ӕмбырды, ӕмӕ уӕд Варнавӕйы+ Антиохимӕ арвыстой. 23 Уырдӕм куы ’рцыд ӕмӕ куы федта, Хуыцау сын йе стыр хорзӕхӕй+ кӕй бахай кодта, уӕд тынг бацин кодта+ ӕмӕ се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хицауыл иузӕрдион уой ӕмӕ йыл фидар хӕцой+, 24 уымӕн ӕмӕ Варнавӕ уыд хорз адӕймаг, уыди Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын ӕмӕ фидар уырнындзинады хицау. Гъемӕ бирӕтӕ Хицауыл баууӕндыдысты+. 25 Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыд Тарсмӕ+ Савлы агурӕг+, 26 ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ӕй Антиохимӕ ӕркодта. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн афӕдз уыдысты уымы ӕмбырдимӕ. Ӕрӕмбырд-иу сты ӕмӕ бирӕ адӕмы ахуыр кодтой. Ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ+.
27 Уыцы рӕстӕг Иерусалимӕй Антиохимӕ ӕрцыдысты пехуымпартӕй+ чидӕртӕ. 28 Сӕ иу, Агав+, зӕгъгӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ загъта, тагъд ӕгас зӕххыл дӕр кӕй скӕндзӕн тынг ӕххормаг рӕстӕг+. Ӕмӕ уыцы хабар ӕрцыд Клавдийы заман. 29 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн+, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной+. 30 Ӕмӕ уӕд, цы ӕрӕмбырд кодтой, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм арвыстой+.