Лукайы
18 Стӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта фӕсномыг ныхас, ӕдзухдӕр сӕ кувын ӕмӕ хъӕддыхӕй архайын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй+: 2 «Иу горӕты уыд, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй чи не ’фсӕрмы кодта, иу ахӕм тӕрхонгӕнӕг. 3 Уым ма цард иу идӕдз ус дӕр, ӕмӕ йӕм ӕдзух цыд+ ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, чи мӕ аххосджын кӕны, уыимӕ нын нӕ хъуыддаг рӕстӕй равзар, зӕгъгӕ. 4 Тӕрхонгӕнӕджы цасдӕр рӕстӕг ницы фӕндыд аразын, фӕлӕ ӕппынфӕстаг уӕддӕр йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын, 5 фӕлӕ мӕ иугӕр ацы идӕдз ус нал уадзы+, уӕд ын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзарон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа ӕмӕ мӕ тухӕнӕй мауал мара“»+. 6 Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Хъусут, уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕг цы загъта? 7 Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?+ Равзардзӕн, кӕд сын бирӕ быхсы+, уӕддӕр. 8 Зӕгъын уын: уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй+. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?»
9 Йӕхи рӕстгӕнӕг+ чи хуыдта ӕмӕ иннӕты чи ницӕуыл нымадта+, уыдонӕн та радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас: 10 «Дыууӕ лӕджы бацыдысты кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу уыд фарисей, иннӕ та – хъалонисӕг. 11 Фарисей слӕууыд+ ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта+: „О Хуыцау, бузныг, ӕз иннӕты хуызӕн стигъӕг, фыдгӕнӕг, хӕтаг кӕй нӕ дӕн, науӕд мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн+. 12 Къуыри дыууӕ хатты ком дарын, цыдӕриддӕр самал кӕнын, уымӕй дӕсӕм хай раттын“+. 13 Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, ӕрмӕст йӕ риу хоста+ ӕмӕ дзырдта: „О Хуыцау, ныххатыр мын кӕн, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн“+. 14 Зӕгъын уын: ацы лӕг сӕхимӕ иннӕмӕй рӕстагдӕрӕй+ ацыд. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн»+.
15 Уӕд ӕм райдыдтой ноггуырд сывӕллӕтты хӕссын, цӕмӕй сыл йӕ къух авӕрдтаид, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой+. 16 Фӕлӕ Йесо уӕддӕр сывӕллӕтты йӕхимӕ ӕрбахӕссын кодта ӕмӕ загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ ма хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад, ацы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у+. 17 Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадыл гыццыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн»+.
18 Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?»+ 19 Йесо йын загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у+. 20 Ды зоныс ацы фӕдзӕхстытӕ+: ма хӕт+, ма амар+, ма адав+, мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу+, нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»+. 21 Уый та йын загъта: «Уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕз ӕххӕст кӕнын мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ»+. 22 Уый фехъусгӕйӕ йын Йесо загъта: «Иу цыдӕр ма дӕ хъӕуы бакӕнын: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл»+. 23 Фӕлӕ лӕг ацы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд тынг ӕрӕнкъард, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди+.
24 Йесо йӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын уыдзӕн, ӕхца кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын!+ 25 Хъӕздыгӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у»+. 26 Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй бафарстой: «Уӕдӕ ма уӕд чи фервӕздзӕн?» 27 Уый сын дзуапп радта: «Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон»+. 28 Ӕмӕ йын уӕд Петр загъта: «Ӕмӕ мах, цы нӕм уыд, уыдон нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм?»+ 29 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахады тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууагъта+, 30 уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ абон бирӕ фылдӕр чи не ссара, фидӕны* та – ӕнусон цард»+.
31 Уӕд йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы иуварс акодта ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ, Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ+ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн+. 32 Ратдзысты йӕ ӕндӕр адӕмты къухмӕ, ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты+, алы ӕфхӕрӕн митӕ+ йын фӕкӕндзысты ӕмӕ йыл фӕтутӕ кӕндзысты+, 33 стӕй йӕ ехсӕй фӕнӕмдзысты+ ӕмӕ йӕ амардзысты+. Фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн»+.34 Фӕлӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр нӕ бахъардтой. Цӕуыл дзырдта, уый сын ӕргом нӕ уыд, ӕмӕ йӕ нӕ бамбӕрстой+.
35 Иерихонмӕ куы баввахс, уӕд уым фӕндаггӕрон бадт, куырм чи уыд, иу ахӕм мӕгуыргур+. 36 Йӕ цурты цӕуӕг адӕмы хъӕлӕба куы фехъуыста, уӕд сӕ афарста, цы хабар у, зӕгъгӕ. 37 Ӕмӕ йын загътой: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы!»+ 38 Уый фехъусгӕйӕ, уыцы лӕг ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»+ 39 Ӕмӕ йыл уӕд, разӕй чи цыд, уыдон схъӕртӕ кодтой, басабыр у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнын райдыдта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»+ 40 Уӕд Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, ӕрбакӕнут-ма мӕм ӕй+, зӕгъгӕ. Куы йӕм ӕрбацыд, уӕд ӕй бафарста: 41 «Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?»+ Уый йын дзуапп радта: «Хицау, мӕ цӕстырухс мын раздах»+. 42 Гъемӕ йын Йесо загъта: «Цӕстӕй ракӕс. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта»+. 43 Ӕмӕ лӕг уыцы сахат цӕстӕй ракаст+ ӕмӕ, Хуыцауы кадджынгӕнгӕ, йӕ фӕдыл ацыд+. Ӕмӕ адӕм уый куы федтой, уӕд уыдон дӕр иууылдӕр Хуыцауы скадджын кодтой.