Исай
13 Амосы фырт Исай+ цӕстылуайӕны федта, Вавилонӕн+ цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый. 2 Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Къӕдзӕхыл амонӕн цӕджындз сӕвӕрут+. Схъӕр сӕм кӕнут, уӕ къух сӕм фӕтилут+, цӕмӕй кадджынты кулдуарыл мидӕмӕ бахизой+. 3 Ӕз бардзырд радтон, кӕй равзӕрстон, уыцы ӕфсӕддонтӕн*+. Ӕз фӕдзырдтон мӕ хъӕбатыртӕм, фырцинӕй чи мӕлы, уыдонмӕ, цӕмӕй мӕ маст райсон+. 4 Хъусут? Хӕхтӕй цӕуы адӕмы хъӕлӕба, раст цыма бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыйау!+ Хъусут? Цӕуы паддзахӕдты хъӕлӕба, иумӕ чи ӕрӕмбырд, уыцы адӕмты+ хъӕлӕба. Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ӕфсад хӕстмӕ ӕмбырд кӕны+. 5 Уыдон ӕрбацӕуынц дард бӕстӕйӕ+, арвы кӕронӕй,– Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фыдӕхы хӕцӕнгӕрзтӕ,– цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр фесафой+.
6 Ӕрдиаг кӕнут+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бон хӕстӕг у!+ Уыцы бон уын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау уӕ бӕстӕйы ницыуал ныууадздзӕн+. 7 Уый тыххӕй иууылдӕр сӕ къухтӕ ӕруадздзысты, алы зӕххон адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр тас бацӕудзӕн+. 8 Адӕм катайы бацыдысты+. Фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ сты, сылгоймаг аргӕ-арын куыд хъӕрза, афтӕ хъӕрзынц, арӕг сылгоймагау тухӕн кӕнынц+. Кӕрӕдзимӕ дисгӕнгӕ ракӕс-бакӕс кӕнынц, сӕ цӕсгӕмттӕ судзынц+.
9 Йегъовӕйы бон ӕрцӕуы – йӕ фыдӕх ӕмӕ йӕ судзгӕ мастӕй пиллон арт уадзы,– цӕмӕй уыцы зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкӕна+ ӕмӕ йыл цы тӕригъӕдджынтӕ ис, уыдоны фесафа+. 10 Арвыл стъалытӕн ӕмӕ Кесилы стъалыгуппартӕн+ сӕ рухс нал кӕлдзӕн, хур куы скӕса, уӕд йӕ рухс батар уыдзӕн, мӕй дӕр нал рухс кӕндзӕн. 11 Ӕз зӕхх бафхӕрдзынӕн йӕ фыддзинады тыххӕй+ ӕмӕ фыдгӕнджыты – сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй. Йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдоны сӕрбӕрзонддзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн ӕмӕ ӕгъатыр адӕмы хъалдзинад къӕхты бынмӕ ӕрӕппардзынӕн+. 12 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕймаг сыгъдӕг сызгъӕринӕй дӕр зындӕр ссарӕн уыдзӕн+, зӕххон адӕймаг – офираг сызгъӕринӕй+. 13 Уый тыххӕй ӕз арв базмӕлын кӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы фыдӕхӕй+, йӕ судзгӕ масты бон, зӕхх йӕ бынатӕй фенкъуысдзӕн+. 14 Уӕд уыдонӕй алчидӕр, кӕй фӕтӕрсын кодтой, ахӕм сагау* ӕмӕ ӕнӕфыййау фосау йӕхи адӕммӕ аздӕхдзӕн+, йӕхи зӕхмӕ алидздзӕн+. 15 Кӕйдӕриддӕр ссарой, уый барӕхойдзысты, кӕйдӕриддӕр ӕрцахсой, уый хъамайӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн+. 16 Сӕ сывӕллӕтты сын сӕ цӕстыты раз дуртыл фӕхойдзысты+. Сӕ хӕдзӕрттӕ сын фӕхӕсдзысты, сӕ устытӕн сын тыхми бакӕндзысты+.
17 Ӕз сын сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн мидиӕгты+, ӕвзист кӕмӕ ницы кӕсы ӕмӕ сызгъӕрин нымады дӕр кӕмӕ нӕу, уыцы адӕмы. 18 Уыдон се ’рдынтӕй ӕвзонг лӕппуты фӕцӕгъддзысты+. Сӕ зӕнӕгыл сын нӕ бацауӕрддзысты+, сӕ фырттӕн сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты. 19 Ӕмӕ Вавилон, паддзахӕдты фидыц+, халдейтӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уыцы горӕт+, бауыдзӕн Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хуызӕн, Хуыцау сӕ куы фесӕфта, уӕд куыд баисты, афтӕ+. 20 Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн+. Фӕлтӕр фӕлтӕры ивдзӕн, фӕлӕ уый йӕхицӕн цӕрӕнбынат нал ссардзӕн+. Аравиаг лӕг дзы йӕ цатыр не ’рӕвӕрдзӕн, фыййӕуттӕ уырдӕм сӕ фос ривӕд кӕнынмӕ не ’рбатӕрдзысты. 21 Хуысдзысты дзы хъӕддаг сырдтӕ, хӕдзӕрттӕ уыгтӕй байдзаг уыдзысты+. Цӕрдзӕн дзы страустӕ ӕмӕ дзы рагӕпп-багӕпп кӕндзысты, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕ*+. 22 Йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕй цӕудзӕн хъӕддаг куыйты ниуын+, йӕ диссаджы галуанты уыдзӕн стыр кӕлмытӕ. Йӕ афон тагъд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ бонтыл иу дӕр нӕ бафтдзӕн»+.