1 Коринфӕгтӕм
10 Уый мӕ фӕнды, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй йӕ зонат, нӕ фыдӕлтӕн се ’ппӕты сӕрмӕ дӕр кӕй уыди мигъ+ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр кӕй ахызтысты денджызыл+. 2 Ӕмӕ сӕ сӕрмӕ мигъ куы уыд ӕмӕ денджызыл куы фӕцӕйхызтысты, уӕд се ’ппӕт дӕр райстой аргъуыд ӕмӕ баиу сты Моисеимӕ+, 3 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хордтой уыцы иу хӕринаг – лӕвӕрдта сын ӕй Хуыцау+, 4 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр нызтой уыцы иу нуазинаг – лӕвӕрдта сын ӕй Хуыцау+. Уыдон нызтой, сӕ фӕстӕ чи цыд, уыцы къӕдзӕхӕй+ – уый дӕр сын радта Хуыцау, ӕмӕ уыцы къӕдзӕх+ ӕвдыста Чырыстийы+. 5 Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕцагъды сты+.
6 Уыцы хабӕрттӕ махӕн сты цӕвиттон, цӕмӕй уыдонау нӕ зӕрдӕтӕ ӕвзӕрдзинад ма агурой+. 7 Ма суӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ дӕр, уыдонӕй иуӕй-иутӕ куыд систы, афтӕ+. Фыст дӕр афтӕ у: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрыныл ӕмӕ нуазыныл, стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой»+. 8 Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ+ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины+. 9 Ӕмӕ Йегъовӕйы ма фӕлварӕм+, уыдонӕй йӕ чидӕртӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ+ – уый тыххӕй сыл кӕлмытӕ хӕцыдысты+, ӕмӕ фӕцагъды сты. 10 Уӕдӕ хъуыр-хъуыр дӕр ма кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтӕ+ – уый тыххӕй зӕды къухӕй фӕцагъды сты+. 11 Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы*+ кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм+.
12 Уӕдӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа+. 13 Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц+. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион+ у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа+, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн+, цӕмӕй йӕ сфӕразат.
14 Уымӕ гӕсгӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй+ дард лидзут+. 15 Ӕз уемӕ ныхас кӕнын, ӕмбаргӕ+ адӕмимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ. Гъеныр, цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут. 16 Цы арфӕйы нуазӕнӕн+ арфӕ кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Чырыстийы туг хорздзинӕдтӕ кӕй хӕссы? Ӕмӕ цы дзул ӕрсӕттӕм+, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Чырыстийы буар хорздзинӕдтӕ кӕй хӕссы?+ 17 Ӕмӕ дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр стӕм иу буар+, кӕд бирӕ стӕм+, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр уыцы иу дзулӕй хӕрӕм+.
18 Акӕсут-ма зӕххон Израилмӕ+: нывӕндтӕй чи хӕры, уыдонӕн нывондхӕссӕнимӕ иумӕ нывӕндтӕй хай нӕ вӕййы?+ 19 Ӕмӕ уӕд цы зӕгъон? Мӕнгхуыцӕуттӕн цы снывонд кӕнынц, уый исты у, кӕнӕ мӕнгхуыцау исты у?+ 20 Нӕ, ӕз уый зӕгъын, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон Хуыцауӕн нӕ хӕссынц, фӕлӕ хӕйрӕджытӕн+. Мӕн та нӕ фӕнды, цӕмӕй уын хӕйрӕджытимӕ иумӕйагӕй исты уа+. 21 Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы нуазӕнӕй дӕр нуазат+ ӕмӕ хӕйрӕджыты нуазӕнӕй дӕр. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ «Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат»+ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр. 22 Ӕви «Йегъовӕйы мӕсты кӕнынмӕ хъавӕм»?+ Мыййаг, мах уымӕй тыхджындӕр стӕм?+
23 Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу+. Алцы кӕныны бар дӕр ис+, фӕлӕ алцы нӕ фидар кӕны+. 24 Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл+, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ+.
25 Дзидзайы базары цыдӕриддӕр уӕй кӕнынц, уый хӕрут+ ӕнӕ рафӕрс-бафӕрсӕй, уе ’фсарм сыгъдӕг уӕд, афтӕмӕй+, 26 уымӕн ӕмӕ «Йегъовӕйы у+ зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый»+. 27 Ӕнӕуырнджытӕй уӕ исчи куы фӕхона ӕмӕ йӕм цӕуынвӕнд куы скӕнат, уӕд уын уӕ разы цыдӕриддӕр ӕрӕвӕра, уый-иу бахӕрут ӕнӕ рафӕрс-бафӕрсӕй+, уе ’фсарм сыгъдӕг уӕд, афтӕмӕй+. 28 Фӕлӕ уын исчи афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ, ай нывондӕн хаст уыд, уӕд дзы ма бахӕрут, чи уын ӕй загъта, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕмӕ ӕфсармыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕр+. 29 «Ӕфсарм» зӕгъгӕйӕ ӕз уе ’фсармы кой нӕ кӕнын, фӕлӕ иннӕ адӕймаджы ӕфсармы кой. Мӕ сӕрибардзинадӕн кӕйдӕр ӕфсарм тӕрхонгӕнӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?+ 30 Кӕд исты хӕргӕйӕ Хуыцауӕн бузныг фӕзӕгъын, уӕд, бузныг цӕй тыххӕй фӕзӕгъын, уый тыххӕй исчи мӕ фыдкой цӕмӕн хъуамӕ кӕна?+
31 Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат ӕви ӕндӕр исты аразат,– алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн+. 32 Къуылымпыйы хос* ма ут+ мадӕр дзуттӕгтӕн, мадӕр грекъӕгтӕн, мадӕр Хуыцауы ӕмбырдӕн, 33 ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын+, афтӕ – ӕз мӕхи пайдайыл нӕ хъуыды кӕнын+, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой+.