Райдиан
3 Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста+, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр+ уыди калм+. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта+: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?»+ 2 Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн+. 3 Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй+ нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“»+. 4 Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут+. 5 Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый»+.
6 Ӕмӕ уӕд сылгоймаг федта, бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды+. Гъемӕ дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта+. 7 Ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ цӕстытӕ байгом сты ӕмӕ бамбӕрстой, бӕгънӕг кӕй сты, уый+. Гъемӕ легъуибӕласы сыфтӕ кӕрӕдзийыл бахуыдтой ӕмӕ сӕ сӕ астӕутыл ӕрбабастой+.
8 Цасдӕры фӕстӕ уыдон фехъуыстой Йегъовӕ Хуыцауы хъӕлӕс – рог дымгӕ куы радымы, уыцы афон* цӕхӕрадоны рацу-бацу кодта+. Ӕмӕ адӕймаг ӕмӕ йӕ ус Йегъовӕ Хуыцауӕй бӕлӕсты ’хсӕн бамбӕхстысты+. 9 Йегъовӕ Хуыцау цалдӕр хатты адӕймагмӕ фӕдзырдта: «Кӕм дӕ?»+ 10 Ӕмӕ йын адӕймаг кӕддӕр дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны дын дӕ хъӕлӕс фехъуыстон, фӕлӕ фӕтарстӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг уыдтӕн»+. 11 Уӕд ын Хуыцау загъта: «Чи дын загъта, ӕмӕ бӕгънӕг дӕ?+ Афтӕ дын кӕмӕй загътон, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уыцы бӕласӕй, мыййаг, нӕ бахордтай?»+ 12 Адӕймаг ын дзуапп радта: «Ды мын цы сылгоймаджы радтай, уый мын радта уыцы бӕласы дыргътӕй, ӕмӕ дзы бахордтон»+. 13 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау сылгоймагӕн загъта: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг та йын дзуапп радта: «Уый калм уыди, уый мӕ асайдта, ӕмӕ дзы бахордтон»+.
14 Уӕд Йегъовӕ Хуыцау калмӕн+ загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕлгъыст уыдзынӕ ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн дӕр – хӕдзарон фосы ’хсӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдты ’хсӕн. Дӕ царды ӕппӕт бонты бырдзынӕ дӕ гуыбыныл ӕмӕ хӕрдзынӕ рыг+. 15 Ӕз+ дӕу+ ӕмӕ сылгоймаджы*+, дӕ байзӕддаг*+ ӕмӕ уый байзӕддаджы+ кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ+. Уый*+ дын+ дӕ сӕр+ ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды+ та йын+ йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ»+.
16 Сылгоймагӕн та загъта: «Сывӕрджынӕй дын уыдзӕни тынг зын*+, тухитӕ кӕнгӕйӕ ардзынӕ сывӕллӕттӕ+. Ӕдзухдӕр дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ лӕгимӕ уай, уый та дӕ хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзӕн»+.
17 Уый фӕстӕ та Адамӕн загъта: «Дӕ усы ныхасмӕ кӕй байхъуыстай ӕмӕ дын афтӕ цы бӕласӕй загътон+, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уымӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн дӕу тыххӕй+. Цӕмӕй дын зӕхх хӕринаг дӕтта, уый тыххӕй цӕрӕнбонты фыдӕбон кӕндзынӕ+. 18 Зӕххыл дын зайдзӕни сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг+, ӕмӕ хӕрдзынӕ хъӕддаг зайӕгойтӕ. 19 Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ+. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ»+.
20 Уый фӕстӕ Адам йӕ усы схуыдта Евӕ*+, уымӕн ӕмӕ уый хъуамӕ суыдаид, зӕххыл чидӕриддӕр цӕрдзӕн, уыдоны мад+. 21 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау Адамӕн ӕмӕ йӕ усӕн цӕрмттӕй скодта даргъ дзаумӕттӕ, ӕмӕ сӕ сӕ уӕлӕ скодтой+. 22 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси мах хуызӕн – зоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый+. Ӕмӕ цӕмӕй царды бӕласы+ дыргътӕй дӕр ма ’ртона, ма дзы бахӕра ӕмӕ ӕнустӕм ма цӕра...». 23 Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Хуыцау рарвыста Едемы цӕхӕрадонӕй+, цӕмӕй, кӕмӕй конд уыди, уыцы зӕхх куыстаид+. 24 Хуыцау ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны+ скӕсӕнырдыгӕй сӕвӕрдта херувимты+ ӕмӕ, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама, цӕмӕй царды бӕласмӕ бацӕуӕн ма уыдаид.