1 Коринфӕгтӕм
6 Уӕ иу иннӕимӕ куы нӕ фӕфидауы+, уӕд йӕ хъаст сыгъдӕджытӕм+ нӕ, фӕлӕ ӕнӕуырнджыты тӕрхонмӕ куыд бахӕссы?+ 2 Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ дунейӕн+ сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты?+ Ӕмӕ кӕд дунейӕн тӕрхон сымах кӕндзыстут, уӕд ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕ+ уӕ бон нӕу равзарын? 3 Нӕ йӕ зонут, зӕдтӕн дӕр мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм?+ Ӕмӕ уӕд нӕ бон нӕу ацы царды хъуыддӕгтӕ равзарын? 4 Ӕмӕ уын кӕд ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзаринаг ис+, уӕд, ӕмбырды цӕсты кад кӕмӕн нӕй, уыдоны цӕмӕн ӕвӕрут уӕхицӕн тӕрхонгӕнджытӕй?+ 5 Афтӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй уӕм худинаг ӕркӕса+. Ау, уе ’хсӕн иу ахӕм зондджын адӕймаг+ нӕй, йе ’фсымӕрты ’хсӕн хъуыддаг чи равзара? 6 Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕры тӕрхондонмӕ кӕны – йӕ хъаст хӕссы ӕнӕуырнджытӕм+.
7 Уӕдӕ, кӕрӕдзийыл хъаст кӕй хӕссут+, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бынтондӕр фӕхӕрд стут. Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ ӕфхӕрды бынаты куы баззаиккат?+ Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ сайды куы фӕуиккат?+ 8 Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ сайут, ӕмӕ уымӕй дӕр уе ’фсымӕрты+.
9 Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты?+ Уӕхи ма сайут. Нӕдӕр хӕтаг* адӕм+, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ+; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон+; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон+; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ+; 10 нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ+, нӕдӕр расыггӕнджытӕ+; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты+. 11 Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты+. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут+, ссыгъдӕг стут+ ӕмӕ рӕстгӕнджытыл+ нымад ӕрцыдыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй+ ӕмӕ нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы+.
12 Алцы кӕныны бар дӕр мын ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу+. Алцы кӕныны бар дӕр мын ис+, фӕлӕ уый бар ницӕмӕн ратдзынӕн, ӕмӕ мӕ цагъар сараза+. 13 Хӕринаг у гуыбынӕн, гуыбын та – хӕринагӕн+, фӕлӕ Хуыцау афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр уыдзӕн ницы+. Буар та хӕтындзинадӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн+, ӕмӕ Хицау дӕр – буарӕн+. 14 Ӕмӕ Хуыцау та йӕ тыхӕй+ нӕ Хицауы мӕрдтӕй райгас кодта+, ӕмӕ мах дӕр райгас кӕндзӕн+.
15 Нӕ йӕ зонут, уӕ буӕрттӕ Чырыстийы+ уӕнгтӕ+ кӕй сты? Ӕмӕ уӕд ӕз Чырыстийы уӕнгтӕ исгӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ сӕ хӕлд сылгоймаджы уӕнгтӕ сараздзынӕн?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! 16 Ау, нӕ йӕ зонут, ӕмӕ, хӕлд сылгоймагимӕ чи баиу вӕййы, уый йемӕ иу буар кӕй свӕййы? Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Дыууӕйӕ уыдзысты иу буар»+. 17 Ӕмӕ, Хицауимӕ чи баиу вӕййы+, уый та йемӕ иу зондыл* хӕст вӕййы+. 18 Хӕтындзинадӕй дард лидзут+. Адӕймаг ӕндӕр цавӕрфӕнды тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд уый комкоммӕ йӕ буармӕ ницы бар дары, фӕлӕ, хӕтгӕ чи кӕны, уый та йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы+. 19 Ау, нӕ йӕ зонут, уӕ буар, Хуыцау уын кӕмӕй бахай кодта ӕмӕ уӕ мидӕг чи цӕры, уыцы сыгъдӕг тыхы+ кувӕндон+ кӕй у? Стӕй сымах уӕхицӕн хицау не стут+, 20 уымӕн ӕмӕ стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут+. Уӕдӕ уӕ буарӕй+ Хуыцауы кадджын кӕнут+.