2 Азфыстыты
34 Иоси+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст+ азы ӕмӕ ӕртын иу азы уыд паддзах Иерусалимы+. 2 Иоси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+ ӕмӕ цыди йӕ фыдӕл Давиды фӕндӕгтыл+. Уыцы фӕндӕгтӕй нӕдӕр рахизырдӕм аздӕхт, нӕдӕр галиуырдӕм+.
3 Паддзах ӕстӕм аз куы уыд, уӕд, нырма бынтон ӕрыгон уыди+, афтӕмӕй, райдыдта йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы агурын+. Дыууадӕсӕм аз та бавнӕлдта Иудӕ ӕмӕ Иерусалим кувӕн бынӕттӕй+, кувӕн цӕджындзтӕй+, гуымирытӕй+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕй сыгъдӕг кӕнынмӕ+. 4 Иоси йӕ цӕст дардта, цӕмӕй Ваалты+ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтаиккой+, ӕмӕ сыл ӕвӕрд чи уыд, уыцы будсудзӕн+ нывондхӕссӕнтӕ афӕлдӕхта. Кувӕн цӕджындзтӕ+, гуымирытӕ+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ ныссаста ӕмӕ сӕ лыстӕг мур ныккодта+, стӕй уыцы рыг, нывӕндтӕ сын чи хаста, уыдоны ингӕнтыл ныккалдта+. 5 Сӕ нывондхӕссӕнтыл+ та сын сауджынты стджытӕ+ басыгъта. Афтӕ Иоси ссыгъдӕг кодта Иудӕ ӕмӕ Иерусалим.
6 Манассийы+, Ефремы+, Симеоны ӕмӕ суанг Неффалимы зӕххыл чи уыди, уыцы горӕтты дӕр ӕмӕ, сӕ алыварс цы ӕдзӕрӕг бынӕттӕ уыд, уым дӕр 7 нывондхӕссӕнтӕ+ ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ ныппырх кодта, гуымирытӕ+ ныссаста ӕмӕ сӕ лыстӕг мур ныккодта+ ӕмӕ ӕгас Израилы зӕххыл дӕр будсудзӕн+ нывондхӕссӕнтӕ афӕлдӕхта. Ӕмӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт.
8 Иоси ӕстдӕсӕм+ аз куы уыд паддзах ӕмӕ йӕ бӕстӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар куы ссыгъдӕг кодта, уӕд Ацалийы фырт Шафаны+, горӕты сӕргълӕууӕг Маасейӕйы ӕмӕ азфыссӕг Иоахы, Иоахазы фырты, арвыста йӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар сцалцӕг кӕнынмӕ+. 9 Уыдон ӕрбацыдысты хистӕр сауджын Хелкимӕ+ ӕмӕ йӕм радтой, Хуыцауы хӕдзармӕ кӕй ӕрбахастой, дуаргӕс-левиттӕ+ Манассийы+ ӕмӕ Ефремы+ мыггӕгтӕй, стӕй Израилы иннӕ адӕмӕй+, ӕгас Иудӕйы адӕмӕй, Вениамины мыггагӕй ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы ӕхца. 10 Стӕй уыцы ӕхца радтой, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕныны куысты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыдонмӕ+. Йегъовӕйы хӕдзары чи куыста, уыдон та уыцы ӕхцайӕ хӕдзар арӕзтой ӕмӕ йӕ цалцӕг кодтой. 11 Ӕхца радтой ӕрмгуыстгӕнджытӕм ӕмӕ аразджытӕм+, цӕмӕй дзы балхӕдтаиккой лӕгъзгонд дуртӕ+ ӕмӕ фидаргӕнӕнтӕн хъӕдӕрмӕг ӕмӕ цӕмӕй, Иудӕйы паддзӕхты+ тыххӕй ӕдзӕллагмӕ чи ’рцыд, уыцы агъуыстытӕ сцалцӕг кодтаиккой.
12 Ӕмӕ уыцы адӕм сӕ куыст ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кодтой+. Цӕстдарджытӕй сын ӕвӕрд уыдысты: левиттӕ Иахаф ӕмӕ Овади, Мерарийы фырттӕй+, ӕмӕ Захари ӕмӕ Мешуллам, Каафы фырттӕй+. Музыкалон инструменттӕй цӕгъдынмӕ дӕсны чи уыд, уыцы левиттӕ+ та 13 уыдысты уаргъхӕсджыты+ сӕргъы, стӕй уыдысты, алыхуызон куыстытӕ чи кодта, ӕппӕт уыцы кусджыты цӕстдарджытӕ+. Левиттӕй+ ма уыди писыртӕ+, хицӕуттӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ+ дӕр.
14 Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй ӕрбахастой, уыцы ӕхца+ куы рацӕйхастой, уӕд дзы сауджын Хелки+ ссардта Йегъовӕйы закъоны+ чиныг+, Моисейы уылты кӕй радта+, уыцы чиныг. 15 Уӕд Хелки писыр Шафанӕн+ загъта: «Йегъовӕйы хӕдзары ссардтон закъоны чиныг». Ӕмӕ Хелки уыцы чиныг Шафанмӕ радта. 16 Шафан та йӕ ӕрбахаста паддзахмӕ ӕмӕ йын радзырдта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕн цыдӕриддӕр бахӕс кодтой, уый аразынц. 17 Йегъовӕйы хӕдзары цы ӕхца вӕййы, уый асыччытӕй сисынц ӕмӕ йӕ раттынц нысангонд лӕгтӕм ӕмӕ кусджытӕм»+. 18 Уый фӕстӕ писыр Шафан паддзахӕн загъта: «Мӕнӕ мӕм ацы чиныг+ сауджын Хелки радта»+. Ӕмӕ йӕ паддзахы раз кӕсын райдыдта+.
19 Куыддӕр паддзах закъоны ныхӕстӕ фехъуыста, афтӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+. 20 Стӕй Хелкийӕн+, Шафаны фырт Ахикамӕн+, Михайы фырт Авдонӕн, писыр+ Шафанӕн+ ӕмӕ паддзахы лӕггадгӕнӕг Асайӕйӕн+ загъта: 21 «Ацӕут ӕмӕ мӕн тыххӕй+ ӕмӕ ма Израил ӕмӕ Иудӕйы чи баззад, уыцы адӕмы тыххӕй Йегъовӕйы бафӕрсут+. Бафӕрсут ӕй, кӕй ссардтой, уыцы чиныджы цы фыст ис, уый тыххӕй+. Йегъовӕйы стыр маст нӕм ссыгъд+ ӕмӕ ныл хъуамӕ йӕ маст ныккала, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ Йегъовӕйы ныхас не ’ххӕст кодтой, ацы чиныджы цы фыст ис, уый нӕ арӕзтой»+.
22 Уӕд Хелки ӕмӕ, паддзах кӕмӕн загъта, уыдон ацыдысты ус-пехуымпар+ Олдамӕмӕ+. Олдамӕ уыд, дзаумӕттӕ кӕй бар уыдысты+, уыцы Шаллумы ус, Хархасӕн йӕ фырт Тиквӕйы фырты ус, ӕмӕ царди Иерусалимы, горӕтӕн йӕ ног хайы. Ӕмӕ йын хабар радзырдтой. 23 Ӕмӕ сын уый загъта:
«Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Мӕнмӕ уӕ чи ’рбарвыста, уыцы адӕймагӕн зӕгъут: 24 „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы бынат дӕр ӕмӕ йӕ цӕрджыты дӕр+ бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн+ – Иудӕйы паддзахы раз кӕй кастысты, уыцы чиныджы+ цы ӕлгъыстытӕ+ ис, уыдон сыл иууылдӕр ӕрцӕуын кӕндзынӕн, 25 кӕй мӕ ныууагътой+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг кӕй уагътой+ ӕмӕ мӕ се ’ппӕт хъуыддӕгтӕй+ кӕй ӕфхӕрдтой+, уый тыххӕй. Ӕз ацы бынатыл мӕ судзгӕ маст+ ныккалдзынӕн, ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн“+. 26 Иудӕйы паддзахӕн, Йегъовӕйы бафӕрсынмӕ уӕ чи рарвыста, уымӕн та зӕгъут: „Цы ныхӕстӕ+ фехъуыстай, уыдоны тыххӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы+: 27 „Хуыцау ацы бынаты тыххӕй ӕмӕ йӕ цӕрджыты тыххӕй цы загъта, уый фехъусгӕйӕ дӕ зӕрдӕ+ кӕй ӕрфӕлмӕн ӕмӕ дӕхи йӕ разы кӕй ӕрныллӕг кодтай+, о, дӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтай+, дӕ уӕлӕдарӕс кӕй ӕрыскъуыдтай+ ӕмӕ мӕ разы кӕй куыдтай, уый тыххӕй дӕ ӕз фехъуыстон+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 28 Ды дӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕ, дӕ ингӕнмӕ фарнимӕ ацӕудзынӕ+ ӕмӕ, ацы бынат ӕмӕ йӕ цӕрджыты+ цы бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн, уый нӕ фендзынӕ“»+.
Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ кодтой. 29 Уӕд паддзах Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр йӕхимӕ ӕрӕмбырд кодта+ 30 ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд+. Йемӕ ацыдысты Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр, сауджынтӕ+, левиттӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр, стырӕй-чысылӕй. Ӕмӕ сын, Йегъовӕйы хӕдзары кӕй ссардтой, уыцы бадзырды чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди+, уыдон кӕсын райдыдта+. 31 Ӕмӕ паддзах, йӕ бынаты лӕугӕйӕ+, Йегъовӕимӕ бадзырд скодта+, зӕгъгӕ, ацы чиныджы цы бадзырд фыст ис, уыцы бадзырды ныхӕстӕм хъусдзынӕн+ ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, йӕ фӕдзӕхстытӕ+, йӕ амындтӕ+ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+ ӕххӕст кӕндзынӕн+. 32 Уымӕй уӕлдай ма паддзах, Иерусалимы ӕмӕ Вениамины зӕххыл чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн загъта, цӕмӕй уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын райдыдтаиккой. Ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ сӕ фыдӕлты Хуыцауы бадзырдмӕ гӕсгӕ архайын райдыдтой+. 33 Уый фӕстӕ Иоси Израилы фыртты зӕххытӕй се ’ппӕтӕй дӕр+ фесӕфта алы ӕлгъаг хуыцӕутты+, ницыуал дзы ныууагъта. Ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной. Ӕмӕ цалынмӕ Иоси ӕгас уыд, уӕдмӕ сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕ нӕ аздӕхтысты+.