Псалом
Псалом, зарӕг, сабатбонӕн.
92 Хорз у Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын+.
Хорз у дӕ номӕн зарын, о Иунӕг Стыр Хуыцау+,
2 Райсомӕй де ’нувыд уарзты тыххӕй дзурын+
Ӕмӕ ӕхсӕвы – дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй+,
3 Дӕстӕнон фӕндырыл ӕмӕ хъисфӕндырыл* цӕгъдгӕйӕ+,
Дыууадӕстӕнон фӕндыры рӕсугъд цагъдмӕ+.
4 О Йегъовӕ, дӕ хъуыддӕгтӕ мын ӕрхастой стыр циндзинад,
Дӕ къухты хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ фырцинӕй зарын+.
7 Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау куы сзайынц+,
Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон дидинӕг куы ракалынц,
Уӕд уый тыххӕй, цӕмӕй ӕнустӕм фесӕфой+.
8 Ды та, о Йегъовӕ, ӕнустӕм дӕ се ’ппӕтӕй уӕлдӕр+.
9 Де знӕгтӕ, о Йегъовӕ+,
Де знӕгтӕ фесӕфдзысты+.
Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон иууылдӕр алырдӕмты ныппырх уыдзысты+.
10 Фӕлӕ мын ды сбӕрзонд кӕндзынӕ мӕ сыкъа хъӕддаг галы сыкъайау+.
Ӕз мӕхи байсӕрддзынӕн ног оливӕйы сойӕ+.
11 Мӕ цӕстытӕ сӕрыстырӕй кӕсдзысты ме знӕгтӕм+.
Мӕ хъустӕ фехъусдзысты, мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыцы фыдгӕнджытӕн се сӕфты хабар.