2 Паддзӕхты
18 Иудӕйы паддзах Ахазы+ фырт Езеки+ паддзах сси, Илӕйы фырт Оси+ Израилы ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Езеки паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ дыууын фараст азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Ави, уыди Захарийы чызг+. 3 Езеки арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+. 4 Езеки кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодта+, кувӕн дуртӕ ныссаста+ ӕмӕ кувӕн цӕджындз афӕлдӕхта+, стӕй, Моисей цы ӕрхуы калм скодта+, уый дӕр ныцъцъӕл кодта+, уымӕн ӕмӕ уӕды онг дӕр Израилы фырттӕ уыцы калмӕн нывӕндты+ фӕздӕг уагътой ӕмӕ йӕ хуыдтой Нехуштан*+. 5 Езеки йӕ ныфс дардта Израилы Хуыцау Йегъовӕйыл+. Йӕ размӕ дӕр+ ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр Иудӕйы паддзӕхты ’хсӕн уый хуызӕн ничи уыд+. 6 Уый Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд*+, алкӕддӕр йӕ коммӕ каст ӕмӕ, Йегъовӕ Моисейы уылты цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ӕххӕст кодта+. 7 Ӕмӕ Йегъовӕ уыд Езекиимӕ+, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕйӕ архайдта+. Езеки Ассирийы паддзахы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йын нал лӕггад кодта+. 8 Филистимӕгты+ ныццагъта суанг Газӕ+ ӕмӕ йӕ зӕххыты онг, ныппырх сын кодта сӕ хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕ+ ӕмӕ сӕ фидаргонд горӕттӕ.
9 Езеки цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, ома Израилы Илӕйы фырт Оси+ ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд, Ассирийы паддзах Салманассар+ Самарийы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йыл йе ’фсад ӕртыхст+. 10 Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг азы кӕрон бацахстой+. Уый уыд, Езеки ӕхсӕзӕм аз куы уыд паддзах, ома, Оси Израилы фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд+. 11 Уый фӕстӕ Ассирийы паддзах+ израилӕгты Ассиримӕ уацары акодта+ ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта Халахы+ ӕмӕ Хаворы+, Гозаны цӕугӕдоны раз, стӕй мидиӕгты горӕтты+, 12 уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстой+, фӕлӕ йӕ бадзырды сӕрты ахызтысты+ – Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей+ сын цы бафӕдзӕхста+, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой. Нӕ йӕм хъуыстой ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кодтой.
13 Езеки цыппӕрдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Ассирийы паддзах+ Сеннахирим+ схӕцыд Иудӕйы фидаргонд горӕттимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр ӕмӕ сӕ бацахста. 14 Ӕмӕ уӕд Иудӕйы паддзах Езеки Ассирийы паддзахмӕ Лахисмӕ арвыста ахӕм ныхас: «Тӕригъӕд ракодтон. Аздӕх фӕстӕмӕ, мӕ ныхмӕ ма хӕц. Цыфӕнды мӕ ма ӕрдомай,– ратдзынӕн дын ӕй»+. Ӕмӕ Ассирийы паддзах Иудӕйы паддзах Езекийӕ ӕрдомдта ӕртӕсӕдӕ таланты ӕвзист+ ӕмӕ ӕртын таланты сызгъӕрин. 15 Ӕмӕ йын Езеки радта, Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цыдӕриддӕр ӕвзист уыд, уый+. 16 Уыцы рӕстӕг ма Иудӕйы паддзах Езеки рафтыдта Йегъовӕйы кувӕндоны дуӕрттӕ+ ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ дӕр, сызгъӕринӕй цъар кӕуыл сӕвӕрдта, уыдон+, ӕмӕ сӕ Ассирийы паддзахӕн радта.
17 Ассирийы паддзах+ Лахисӕй+ Иерусалиммӕ паддзах Езекимӕ арвыста тартаны*+, рабсарисы* ӕмӕ рабсакы*+. Уыдон стыр ӕфсадимӕ ацыдысты ӕмӕ Иерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, уӕллаг цадӕй+ цы къанау цӕуы, уый раз+ – гӕрзтӕхсӕджы зӕхмӕ цы стыр фӕндаг цӕуы, уый раз+. 18 Ӕмӕ паддзахмӕ фӕдзырдтой, фӕлӕ сӕ размӕ рацыдысты паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиаким+, Хелкийы фырт, писыр Севнӕ+ ӕмӕ азфыссӕг Иоах, Асафы фырт.
19 Рабсак+ сын загъта: «Езекийӕн афтӕ зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы цытджын паддзах+, Ассирийы паддзах: „Цымӕ дӕ зӕрдӕ цӕуыл дарыс, ныфсджын цӕмӕй дӕ?+ 20 Ды зӕгъыс: „Мӕнмӕ ис пълан+ ӕмӕ хӕстмӕ цӕттӕ дӕн“. Фӕлӕ уыдон ныхӕстӕ йеддӕмӕ ницы сты. Кӕуыл дарыс дӕ зӕрдӕ, кӕй ныфсӕй рацыдтӕ мӕ ныхмӕ?+ 21 Дӕ зӕрдӕ уыцы цъӕл хъӕзыл+, Египетыл+, дарыс? Адӕймаг ыл куы ӕрӕнцой кӕна, уӕд йӕ къухы сныхсдзӕн ӕмӕ дзы иннӕрдӕм ахиздзӕн. Ахӕм у фараон+, Египеты паддзах, йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары, уыдонӕн. 22 Афтӕ мын куы зӕгъат: „Мах нӕ зӕрдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл+ дарӕм“+, уӕд-ма зӕгъут, Езеки+ уый кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ уый нывондхӕссӕнтӕ нӕ ныппырх кодта? Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ Иерусалимы ӕрмӕстдӕр ацы нывондхӕссӕны раз куват+. 23 Уӕдӕ-ма мӕ буц хицауимӕ, Ассирийы паддзахимӕ, схӕснаг кӕн+: ратдзынӕн дын дыууӕ мин бӕхы, ӕмӕ фендзыстӕм, кӕддӕра дӕм уыйбӕрц барджытӕ разынид+. 24 Дӕхӕдӕг Египеты бӕхуӕрдӕттыл+ ӕмӕ сӕ барджытыл+ куы дарыс дӕ зӕрдӕ, уӕд дӕ бон куыд бауыдзӕн, мӕ буц хицауы+ ӕппӕты къаддӕр лӕггадгӕнджыты ’хсӕн чи ис, уыцы хицӕуттӕй иуӕн дӕр ныхкъуырд раттын? 25 Стӕй ӕз ацы бӕстӕ ныппырх кӕнынмӕ Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ нӕ рацыдтӕн? Йегъовӕ мын йӕхӕдӕг загъта+: „Уыцы бӕстӕйы ныхмӕ рацу ӕмӕ йӕ ныппырх кӕн“».
26 Уӕд Хелкийы фырт Елиаким+, Севнӕ+ ӕмӕ Иоах+ рабсакӕн+ загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ лӕггадгӕнджытимӕ сириагау дзур+, уымӕн ӕмӕ мах сириагау ӕмбарӕм. Къулыл чи лӕууы, уыцы адӕмы раз немӕ дзуттагау+ ма дзур». 27 Фӕлӕ сын рабсак загъта: «Мӕ буц хицау мӕ ацы ныхӕстимӕ ӕрмӕстдӕр уӕ хицаумӕ ӕмӕ сымахмӕ рарвыста? Къулыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ нӕ рарвыста? Уыдон хӕрдзысты сӕ фаджыс+ ӕмӕ нуаздзысты сӕ мизынцъаг, ӕмӕ сымах дӕр афтӕ»+.
28 Ӕмӕ уӕд рабсак дзуттагау+ хъӕрӕй загъта: «Байхъусут цытджын паддзахы+, Ассирийы паддзахы, ныхасмӕ. 29 Паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи Езекийӕн сайын ма бауадзут, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу сымах мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын+. 30 Ма хъусут Езекимӕ, афтӕ уын чи дзуры, уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарут+, Йегъовӕ нӕ ӕнӕмӕнгдӕр фервӕзын кӕндзӕн+ ӕмӕ ацы горӕт Ассирийы+ паддзахы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. 31 Ма хъусут Езекимӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи мӕ къухмӕ раттут, мӕнмӕ рацӕут! Ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕрдзӕн дыргътӕ йӕ сӕнӕфсирӕй, йӕ легъуибӕласӕй+ ӕмӕ дон нуаздзӕн йӕхи доны дзыхъхъӕй+, 32 цалынмӕ не ’рцӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон, уӕхи зӕххы хуызӕн чи у+, уыцы зӕхмӕ, хор, ног сӕн, дзул+, сӕнӕфсирдӕттӕ+, оливӕбӕлӕстӕ ӕмӕ мыд+ кӕм ис, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ ма амӕлат. Ма хъусут Езекимӕ, сайы уӕ йӕ ныхӕстӕй: „Йегъовӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн“+. 33 Иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕ сӕ бӕстӕтӕ Ассирийы паддзахы къухӕй+ фервӕзын кодтой?+ 34 Кӕм сты Хаматы+ ӕмӕ Арпады+ хуыцӕуттӕ? Кӕм сты Сепарваимы+, Енӕйы+ ӕмӕ Иввӕйы+ хуыцӕуттӕ? Уыдон Самари мӕ къухӕй фервӕзын кодтой?+ 35 Уыцы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй искӕцы йӕ бӕстӕ мӕ къухӕй фервӕзын кодта?+ Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Иерусалим мӕ къухӕй фервӕзын кӕндзӕн?“»+
36 Адӕм та хъусӕй лӕууыдысты+, ӕппындӕр ӕм ницы сдзырдтой+, уымӕн ӕмӕ паддзах ахӕм бардзырд радта: «Мацы-иу ӕм сдзурут»+. 37 Ӕмӕ паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиаким+, Хелкийы фырт, писыр Севнӕ+ ӕмӕ азфыссӕг Иоах+, Асафы фырт, ӕрбацыдысты Езекимӕ, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, афтӕмӕй, ӕмӕ йын рабсакы ныхӕстӕ радзырдтой.