1 Самуилы
11 Аммонаг+ Наас рацыд ӕмӕ йе ’фсадимӕ Галаады, Иависы+ раз ӕрбынат кодта. Уӕд Иависы цӕрджытӕ иууылдӕр Наасӕн загътой: «Немӕ бадзырд скӕн, ӕмӕ дӕ цагъартӕ уыдзыстӕм»+. 2 Аммонаг Наас сын загъта: «Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ рахиз цӕст куы скъахон+ ӕмӕ уымӕй ӕгас Израил куы ныххудинаг кӕнон, ӕрмӕстдӕр уӕд скӕндзынӕн уемӕ бадзырд»+. 3 Уӕд ын Иависы хистӕр лӕгтӕ загътой: «Авд боны нын ратт, цӕмӕй Израилы алы рӕттӕм фидиуджытӕ арвитӕм, ӕмӕ нӕ кӕд ирвӕзынгӕнӕг+ нӕ уа, уӕд дӕм рацӕудзыстӕм». 4 Цасдӕры фӕстӕ фидиуджытӕ бахӕццӕ сты Гивӕмӕ+, Саул кӕм цард, уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ адӕмӕн ӕппӕт дӕр рахабар кодтой. Уӕд адӕм иууылдӕр ӕрдиаг кӕнын райдыдтой+.
5 Уыцы рӕстӕг Саул быдырӕй ӕрбацыд, фос ӕрбатардта. Ӕмӕ загъта: «Цы ’рцыди, адӕм цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын радзырдтой, Иависы цӕрджытӕ цы загътой, уый. 6 Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ тынг смӕсты+. 7 Дыууӕ галы ракодта, ныууӕнгтӕ сӕ кодта ӕмӕ сӕ фидиуджытӕн Израилы алы рӕттӕм арвыста+ ахӕм ныхӕстимӕ: «Ахӕм бон акӕндзӕн, Саул ӕмӕ Самуилы фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уый фосыл!»+ Ӕмӕ Йегъовӕ+ адӕмы ахӕм тас бауагъта+, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр рацыдысты+. 8 Саул сӕ Везекы банымадта+, ӕмӕ Израилы фырттӕ уыдысты ӕртӕсӕдӕ мины, Иудӕйы адӕм та – ӕртын мины. 9 Гъемӕ сӕм цы фидиуджытӕ ӕрцыд, уыдонӕн загътой: «Галаады Иависы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъут: „Райсом, хур куы ӕрӕндава, уӕд фендзыстут уӕ ирвӕзындзинад“»+. Фидиуджытӕ фӕстӕмӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ Иависы цӕрджытӕн радзырдтой. Гъемӕ уыдон дӕр бацин кодтой. 10 Ӕмӕ уӕд Иависы цӕрджытӕ аммонӕгтӕн загътой: «Райсом уӕм рацӕудзыстӕм, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нын кӕнут»+.
11 Дыккаг бон Саул+ адӕмы ӕртӕ къордыл адих кодта+ ӕмӕ боныцъӕхтыл*+ бабырстой, аммонӕгтӕ+ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм ӕмӕ сӕ цагътой, цалынмӕ хур не ’рӕндӕвта, уӕдмӕ. Удӕгасӕй сӕ чи баззад, уыдон та алырдӕмты лидзӕг фесты, ӕмӕ сӕ дыууӕ адӕймаджы иумӕ нал баззад+. 12 Уӕд адӕм Самуилӕн загътой: «Чи дзырдта, чи, Саул та нын цӕй паддзах уыдзӕн, зӕгъгӕ?+ Ракӕнут-ма уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ мах амарӕм»+. 13 Фӕлӕ Саул загъта: «Абон никӕй хъӕуы марын+, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕ Израилы фервӕзын кодта»+.
14 Уый фӕстӕ Самуил адӕмӕн загъта: «Цомут, Галгалмӕ+ ацӕуӕм, ӕмӕ уым ногӕй фехъусын кӕнӕм, Саул паддзах кӕй у»+. 15 Гъемӕ адӕм иууылдӕр Галгалмӕ ацыдысты ӕмӕ уым Йегъовӕйы раз Саулы паддзахӕй сӕвӕрдтой. Стӕй Йегъовӕйӕн фарны нывӕндтӕ ӕрхастой+, ӕмӕ Саул ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр тынг цин кодтой+.