Исай
24 Йегъовӕ зӕхх сафтид кодта, ӕдзӕрӕг ӕй фӕкодта+, йӕ хуыз ын аивта+ ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодта+. 2 Адӕмыл дӕр ӕрцӕудзӕн, сауджыныл цы ’рцӕуа, уый; лӕггадгӕнӕгыл – йӕ хицауыл цы ’рцӕуа, уый; лӕггадгӕнӕг-сылгоймагыл – йӕ ӕхсиныл цы ’рцӕуа, уый; ӕлхӕнӕгыл – уӕйгӕнӕгыл цы ’рцӕуа, уый; ӕфстаудӕттӕгыл – ӕфстауисӕгыл цы ’рцӕуа, уый; проценттыл чи дӕтты, ууыл – проценттӕ чи фиды, ууыл цы ’рцӕуа, уый+. 3 Зӕхх сафтид уыдзӕн, цы йыл ис, уый фӕхӕсдзысты+, уымӕн ӕмӕ ацы ныхас загъта Йегъовӕ+. 4 Зӕхх хъыг кӕны+, бынтондӕр баруад. Хъӕздыг зӕхх бахус, баруади. Зӕххыл адӕмы ’хсӕн кадджын чи уыд, уыдонмӕ хъару нал ис+. 5 Зӕхх йӕ цӕрджытӕ фӕчъизи кодтой+, уымӕн ӕмӕ уыдон ахызтысты закъӕтты сӕрты+, уагӕвӕрд аивтой+, ӕнустӕм конд чи уыд, уыцы бадзырд фехӕлдтой+. 6 Уый тыххӕй ӕлгъыст бахордта+ уыцы зӕхх, чи йыл цӕры, уыдон нымад сты аххосджынтыл. Уый тыххӕй уыцы зӕххы цӕрджытӕ бирӕ нал сты, адӕм ыл иу гыццыл йеддӕмӕ нал баззад+.
7 Ног сӕн кӕуы, сӕнӕфсир бахус+, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн уыд, уыдон иууылдӕр арф ныуулӕфынц+. 8 Нал цин кӕны дала, нал хъуысы адӕмы хъӕлдзӕг хъӕлӕба, нал цин кӕны дыууадӕстӕнон фӕндыр+. 9 Сӕн нуазгӕйӕ дӕр нал зарынц. Карз нозт чи нуазы, уыдонӕн кӕны маст ад. 10 Ӕдзӕрӕг горӕт у пырх+, хӕдзӕрттӕ иууылдӕр сты ӕхгӕд, мидӕмӕ бацӕуӕн нӕй. 11 Сӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй адӕм уынгты дзыназынц. Ничиуал цин кӕны, зӕххӕн йӕ циндзинад фӕцыдӕр+. 12 Горӕты уындӕй зӕрдӕ мӕгуыр кӕны. Кулдуар ныппырх, хӕлддзӕгтӕ йеддӕмӕ дзы ницыуал баззад+.
13 Зӕххы астӕу, адӕмты ’хсӕн, мӕ адӕм уыдзысты, оливӕбӕлас куы ныццӕгъдынц+ ӕмӕ сӕнӕфсир куы ӕрӕмбырд кӕнынц, уӕд ма дзы гагатӕ куыд баззайы, уыйау+. 14 Уыдон хъӕр кӕндзысты, фырцинӕй хъӕр кӕндзысты. Йегъовӕйы кад уындзысты, ӕмӕ денджызӕй сӕ цины хъӕр цӕудзӕн+. 15 Ӕмӕ уый тыххӕй рухсы бӕстӕйы+ кадджын кӕндзысты Йегъовӕйы+, денджызы сакъадӕхтыл – Йегъовӕйы ном+, Израилы Хуыцауы ном. 16 Зӕххы кӕронӕй нӕм хъуысы зарын+: «Кад Рӕстаг Хуыцауӕн!»+
Ӕз та дзурын: «Мӕ бон нал у+, мӕ бон нал у! Бабын дӕн! Гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон цӕуынц гадзрахатӕй+. О, гадзрахатӕй цӕуынц, гадзрахатӕй чи цӕуы, уыцы мӕнгард адӕм»+.
17 Зӕххыл цӕрӕг, дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы тасдзинад, дзыхъхъ ӕмӕ къӕппӕг+. 18 Тас чи ’фтауы, ахӕм уынӕрӕй чи алидза, уый ныххаудзӕн дзыхъхъы, дзыхъхъӕй чи схиза, уый бахаудзӕн къӕппӕджы+, уымӕн ӕмӕ арвы дуӕрттӕ фегом уыдзысты+ ӕмӕ зӕххы бындуртӕ нынкъуысдзысты+. 19 Зӕхх аскъуыдтӕ, зӕхх ризы, зӕхх змӕлы+. 20 Зӕхх расыг лӕгау цудтытӕ кӕны, хъалагъуры мусонгау дзой-дзой кӕны+. Йӕ фыдракӕнд ыл ӕруӕз кодта+, ӕмӕ ахаудзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл нал слӕудзӕн+.
21 Уыцы бон Йегъовӕ уӕларвон ӕфсадмӕ ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕм йе ’ргом раздахдзӕн+. 22 Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты ӕмӕ сӕ ахст адӕмау дзыхъхъы ныккалдзысты+, талынг ахӕстоны сӕ бакӕндзысты+. Ӕмӕ сӕм бирӕ бонты фӕстӕ се ’ргом раздахдзысты+. 23 Дзаг мӕй фефсӕрмы, цӕхӕркалгӕ хурмӕ худинаг ӕркаст+, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сси кадджын паддзах+ Сионы хохыл+, Иерусалимы ӕмӕ йӕ адӕмы зӕронд лӕгты раз+.