Филимонмӕ
1 Павел, Йесо Чырыстийы тыххӕй ахст лӕг+, не ’фсымӕр Тимофеимӕ+ фыссы нӕ зынаргъ ӕмкусӕг+ Филимонмӕ, 2 нӕ хо Апфийӕмӕ, не ’мтохгӕнӕг+ Архипмӕ+ ӕмӕ, дӕ хӕдзары чи ӕмбырд кӕны, уыдонмӕ+.
3 Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.
4 Филимон, дӕу тыххӕй куы фӕкувын, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъын мӕ Хуыцауӕн+, 5 уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ, нӕ Хицау Йесойы ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куыд уарзыс, уый тыххӕй+. 6 Ӕз фӕкувын, цӕмӕй дӕ иннӕтимӕ цы уырнындзинад+ иу кӕны, уый дӕ разӕнгард кӕна, Чырыстийы фӕрцы хайджын цыдӕриддӕр хорздзинӕдтӕй стӕм, уый ӕмбарынмӕ. 7 Дӕ уарзондзинады тыххӕй куы фехъуыстон, уӕд мын уый ӕрхаста стыр цин ӕмӕ удӕнцой+, уымӕн ӕмӕ ды, ме ’фсымӕр, барӕвдыдтай сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ*+.
8 Гъе уый тыххӕй, кӕд мын, Чырыстийы апостол уӕвгӕйӕ, уыцы бар ис, ӕмӕ дын бардзырд раттон+, афтӕ бакӕн, зӕгъгӕ, 9 уӕддӕр дын бардзырд нӕ дӕттын, фӕлӕ дӕ курын уарзондзинады номӕй+, о, ӕз, зӕронд Павел, ныр та ма Йесо Чырыстийы тыххӕй ахст лӕг+ дӕр. 10 Курын дӕ, ам, ахсты*, мӕнӕн хи хъӕбулы ад чи скодта+, уыцы Онисимы*+ тыххӕй. 11 Уымӕй дын кӕддӕр пайда нӕ уыд, ныр та дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр у стыр пайда+. 12 Уый дӕм ӕрвитын фӕстӕмӕ, о, уый – мӕ зӕрдӕйы уидаджы*+.
13 Бӕргӕ йӕ ныууадзин ам мемӕ, цӕмӕй мын, цалынмӕ хорз хабары тыххӕй ахст дӕн+, уӕдмӕ дӕ бӕсты лӕггад кӕна+. 14 Фӕлӕ мӕ ӕнӕ дӕ бафӕрсгӕйӕ ницы фӕнды аразын, цӕмӕй дын уыцы хорз хъуыддаг тыххӕй кӕнӕгау ма рауайа, фӕлӕ барвӕндонӕй+. 15 Чи зоны дӕ цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр уый тыххӕй фӕхицӕн, цӕмӕй дӕм фӕстӕмӕ раздӕха ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм демӕ уа. 16 Ӕрмӕст уый ныр ӕнӕуи цагъар нал у+, фӕлӕ цагъарӕй зынаргъдӕр+ – уарзон ӕфсымӕр+, уӕлдайдӕр мӕнӕн. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн та цас уарзондӕр хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ дӕ цагъар дӕр у, ӕмӕ дӕ чырыстон ӕфсымӕр дӕр. 17 Уӕдӕ мӕ кӕд де ’муырнӕгыл+ нымайыс, уӕд ыл бацин кӕн+, мӕныл куыд бацин кӕнис, афтӕ. 18 Мыййаг дын кӕд ӕвзӕрӕй исты ракодта кӕнӕ дӕ исты дары, уӕд та уыцы хӕс мӕныл нымай. 19 Ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй+: хӕсджынӕй дӕ нӕ баззайдзынӕн – уӕвгӕ, ды дӕ цардӕй мӕнӕй хӕсджын кӕй дӕ, уый дын дзурын нӕ хъӕуы. 20 Ме ’фсымӕр, нӕ Хицауимӕ иудзинады кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мын уыцы хорздзинад ракӕн: барӕвдау мын мӕ зӕрдӕ+, Чырыстиимӕ иудзинады кӕй дӕ, уый номыл.
21 Фыссын дӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонын, «нӕ» мын кӕй нӕ зӕгъдзынӕ, стӕй зонын, цы дӕ курын, уымӕй дӕр фылдӕр кӕй сараздзынӕ+. 22 Уыимӕ ма дӕ курын, цӕмӕй мын бынат ӕрцӕттӕ кӕнай+ – ныфс мӕ ис, уӕ куывдтыты+ фӕрцы уын кӕй ссӕрибар уыдзынӕн+.
23 Салӕмттӕ дын ӕрвитынц, Йесо Чырыстийы тыххӕй мӕнау ахст чи у, уыцы Епафрас+, 24 стӕй ме ’мкусджытӕ Марк, Аристарх+, Димас+ ӕмӕ Лука.
25 Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут+.