Хъуыддӕгтӕ
22 «Ӕфсымӕртӕ+ ӕмӕ нӕ буц хистӕртӕ, байхъусут-ма, цы мыл ӕрцыд, уый уын бамбарын кӕнон»+. 2 Дзуттагау+ сӕм кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд ноджы тынгдӕр ныссабыр сты. Ӕмӕ Павел загъта: 3 «Ӕз дзуттаг+ дӕн, райгуырдтӕн киликиаг+ Тарсы. Ахуыр та кодтон ацы горӕты, Гамалиилмӕ*+, ӕмӕ мын бацамыдтой фыдӕлты Закъон лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнын+. Ӕмӕ, абон сымах уе ’ппӕт дӕр Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр ыл афтӕ ӕнувыд дӕн+. 4 Ӕз ӕфхӕрдтон, ацы Фӕндагыл лӕуд чи у, уыцы адӕмы ӕмӕ сӕ марын кодтон+, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй-иу сӕ ӕрцахстон ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодтон+. 5 Афтӕ кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн сты хистӕр сауджын ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ+ иууылдӕр. Уыдонӕй ӕз райстон фыстӕджытӕ+, не ’фсымӕртӕй Дамаскы чи цӕры, уыдонмӕ ӕмӕ ацыдтӕн, уым цы уырнджытӕ уыди, уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ ӕркӕнынмӕ, цӕмӕй сӕ ам бафхӕрдтаиккой.
6 Фӕлӕ Дамаскмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтон, уӕд, ӕмбисбонмӕ ’ввахс, ӕваст мӕ алыварс тынг ныррухс+. 7 Ӕз зӕххыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?“+ 8 Ӕз ӕй бафарстон: „Чи дӕ, мӕ буц хицау?“ Уый мын загъта: „Ӕз дӕн назаретаг Йесо, ды кӕй фӕдыл зилыс, уый“+. 9 Мемӕ+ цы лӕгтӕ уыди, уыдон рухс уыдтой, фӕлӕ мӕм чи дзырдта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстой+. 10 Уӕд ӕй ӕз бафарстон: „Хицау, цы кӕнгӕ мын у?“+ Ӕмӕ мын Хицау загъта: „Сыст, ацу Дамаскмӕ ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр бакӕнын хъӕуы, уый дын уым зӕгъдзысты“+. 11 Фӕлӕ уыцы ирд рухсӕй кӕй бакуырм дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ме ’мбӕлттӕ мӕ къухтыл ныххӕцыдысты, ӕмӕ Дамаскмӕ афтӕмӕй ӕрхӕццӕ дӕн+.
12 Уым уыд иу лӕг, Анани, зӕгъгӕ, Закъонмӕ гӕсгӕ Хуыцауы тас кӕй ис, ахӕм адӕймаг. Дамаскаг дзуттӕгтӕ иууылдӕр кодтой йӕ хорзы кой+. 13 Уый мӕм ӕрбацыд, мӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ мын загъта: „Савл, ме ’фсымӕр, цӕстӕй ракӕс!“+ Ӕмӕ уайтагъд цӕстӕй ракастӕн, ӕмӕ йӕ уӕд федтон. 14 Анани мын загъта: „Нӕ фыдӕлты+ Хуыцау дӕ равзӕрста+, цӕмӕй йын йӕ фӕндон базонай, Рӕстгӕнӕджы+ фенай+ ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс фехъусай+, 15 уымӕн ӕмӕ йын* ды ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уыдӕтты тыххӕй+. 16 Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, донаргъуыд райс+, йӕ номыл ын дӕ ныфс сӕвӕр*+, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдзынӕ“+.
17 Фӕлӕ Иерусалиммӕ+ куы ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ кувӕндоны куы куывтон, уӕд цӕстылуайӕны+ 18 федтон Йесойы, уый мын загъта: „Фӕтагъд кӕн ӕмӕ Иерусалимӕй ацу, уымӕн ӕмӕ ам, мӕн тыххӕй цы дзурай, уымӕ нӕ байхъусдзысты“+. 19 Ӕз та йын загътон: „Хицау, хорз ӕй куы зонынц, ӕз, дӕуыл чи ’ууӕнды, уыдоны ахсгӕ кӕй кодтон+ ӕмӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты кӕй надтон+. 20 Ӕмӕ дын де ’вдисӕн Стефаны+ куы мардтой, уӕд ӕз дӕр уым уыдтӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаг растыл нымадтон+, лӕууыдтӕн ӕмӕ йын йӕ марджыты ӕддаг дарӕс хъахъхъӕдтон“. 21 Фӕлӕ мын уый загъта: „Ацу, ӕз дӕ ӕрвитын ӕндӕр адӕмтӕм, дард чи цӕры, уыдонмӕ“»+.
22 Цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ йӕм хъуыстой, фӕлӕ стӕй хъӕр систой: «Амарут ӕй! Ахӕм адӕймаджы зӕххӕй фесафын хъӕуы!»+ 23 Адӕм сӕ хъӕрӕй не ’нцадысты, се ’ддаг дарӕс ӕппӕрстой, хӕрдмӕ рыг калдтой+, 24 ӕмӕ уый тыххӕй ӕфсады сӕргълӕууӕг бардзырд радта, зӕгъгӕ йӕ ӕфсӕддонты хӕдзармӕ акӕнут ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмут, цӕмӕй йӕ базыдтаид, адӕм ыл афтӕ цӕмӕн хъӕр кодтой, уый+. 25 Фӕлӕ йӕ куы сбастой, цӕмӕй йӕ фӕнадтаиккой, уӕд Павел, уым чи лӕууыд, уыцы ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Уый бар уын ис, ӕмӕ ромаджы+ ехсӕй нӕмат, уымӕй дӕр ӕнӕ тӕрхонӕй?» 26 Ӕфсӕддон хицау уый куы фехъуыста, уӕд бацыд ӕфсады сӕргълӕууӕгмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ныр цы кӕнынмӕ хъавыс? Ацы лӕг ромаг куы у». 27 Уӕд ӕфсады сӕргълӕууӕг Павелмӕ бацыди ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ӕцӕгдӕр ромаг дӕ?»+ Уый йын дзуапп радта: «О». 28 Ӕфсады сӕргълӕууӕг ын загъта: «Ӕз цӕмӕй ромагыл нымад ӕрцыдаин, уый тыххӕй бирӕ ӕхца бафыстон». Павел загъта: «Ӕз та мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ дӕн ромаг»+.
29 Уӕд, Павелы фӕнӕмынмӕ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕрфӕрсынмӕ чи хъавыд, уыдон уайтагъд иуварс алӕууыдысты. Ӕмӕ ӕфсады сӕргълӕууӕг уый куы базыдта, ӕмӕ Павел ӕцӕгдӕр ромаг+ у, уӕд старст, кӕй йӕ сбаста, уый тыххӕй.
30 Дзуттӕгтӕ Павелы цӕй тыххӕй аххосджын кӕнынц, уый ӕфсады сӕргълӕууӕджы бӕлвырд базонын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ дыккаг бон йӕ рӕхыстӕй суӕгъд кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕрӕмбырд уыдаиккой. Ӕмӕ сӕм Павелы ӕрбакодта ӕмӕ йӕ сӕ разы ӕрлӕууын кодта+.