Йереми
4 «О Израил, мӕнмӕ дӕ раздӕхын куы бафӕнда,– зӕгъы Йегъовӕ,– уӕд дӕ бон у раздӕхын+. Мӕн тыххӕй де ’наккагдзинӕдтӕ куы ныууадзай+, уӕд рахау-бахау нӕ кӕндзынӕ. 2 Ӕмӕ афтӕ куы сомы кӕнай+: „Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, уымӕ ис ӕцӕгдзинад+, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад!“+, уӕд йӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд ӕрцӕудзысты* ӕмӕ уымӕй уыдзысты сӕрыстыр»+.
3 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Иудӕйы адӕмӕн ӕмӕ Иерусалимӕн: «Уӕхицӕн хуымзӕххытӕ бахуым кӕнут ӕмӕ сындзыты ’хсӕн мауал таут+. 4 Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ, Йегъовӕйы тыххӕй сунӕт скӕнут, сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн+. Кӕннод мӕ маст артау ссудздзӕн, уый ссудздзӕн уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йӕ ничи ахуыссын кӕндзӕн»+.
5 Радзурут ацы хабар Иудӕйы, фехъусын ӕй кӕнут Иерусалимы+, зӕгъут ӕй ӕмӕ сыкъайӕ ныууасут, ӕгас бӕстӕйыл куыд айхъуыса+. Хъӕрӕй фӕсидут: «Ӕрӕмбырд ут ӕмӕ цомут, фидаргонд горӕттӕм бацӕуӕм+. 6 Сӕвӕрут, Сионмӕ чи амона, ахӕм цӕджындз. Искуы бамбӕхсут. Ӕнцад ма лӕуут». Хуыцау афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, ӕз цӕгатӕй рауадздзынӕн бӕллӕх+, стыр фыдбылыз. 7 Уый домбайау рацыд тархъӕдӕй+, адӕмты чи цӕгъды, уый рараст+. Йӕ бынатӕй рацыд, цӕмӕй дын дӕ зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкӕна. Дӕ горӕттӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты ӕмӕ дзы цӕрӕг нал баззайдзӕн+. 8 Уӕдӕ уӕ уӕлӕ хъисынтӕ скӕнут+. Уӕ риу хойут ӕмӕ ӕрдиаг кӕнут+, уымӕн ӕмӕ нӕм Йегъовӕйы судзгӕ маст судзы, йӕ маст нӕ сабыр кӕны+.
9 «Уыцы бон,– зӕгъы Йегъовӕ,– паддзахы зӕрдӕ ныллӕудзӕн+, стӕй кънйӕзты зӕрдӕтӕ дӕр. Сауджынтӕ дисы бафтдзысты, пехуымпартӕ дисӕй мӕлдзысты»+.
10 Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ды фӕсайдтай ацы адӕмы+ ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг адӕмы дӕр, афтӕ сын загътай, фарнӕй хайджын уыдзыстут+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ныр та адӕмы хурхыл* ис хъама ӕвӕрд».
11 Уыцы рӕстӕг ацы адӕмӕн ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг адӕмӕн зӕгъдзысты: «Ӕдзӕрӕг быдыры цы къахвӕндӕгтӕ ис, уыдоныл дымы судзгӕ дымгӕ+ ӕмӕ дымы мӕ адӕмы ’рдӕм+. Уыцы дымгӕ нӕдӕр хор дымгӕмӕ дарынӕн у, нӕдӕр хор сыгъдӕг кӕнынӕн. 12 Уыцы тыхджын дымгӕ уырдыгӕй ӕрбахӕццӕ кӕны мӕнмӕ дӕр. Гъемӕ сын ныр ӕз дӕр фехъусын кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ+. 13 Мӕнӕ, знаг ӕрбацӕудзӕн къӕвдайы мигътау, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ сты тыхджын дымгӕйы хуызӕн+. Йӕ бӕхтӕ цӕргӕстӕй дӕр тагъддӕр тӕхынц+. Не сӕфт ӕрцыд, бабын стӕм! 14 О Иерусалим, ныхс дӕ зӕрдӕ, ӕвзӕрдзинадӕй йӕ ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ аирвӕзай+. Дӕ мидӕг зыгъуыммӕ хъуыдытӕ кӕдмӕ дардзынӕ?+ 15 Данӕй хъуысы хъӕлӕс+ ӕмӕ Ефремы хӕхбӕстӕй хъусын кӕны ӕвзӕр хабар+. 16 Радзурут уый тыххӕй адӕмтӕн. Дзурут Иерусалимы ныхмӕ».
«Дард бӕстӕй ӕрбацӕуынц хъахъхъӕнджытӕ+, ӕмӕ уыдон дзурдзысты Иудӕйы горӕтты ныхмӕ. 17 Уыдон, быдыр хъахъхъӕнджытау, Иерусалимыл алырдыгӕй ӕртыхстысты+, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ныхмӕ рацыд+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 18 Ды бафиддзынӕ дӕ фӕндӕгты ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй+. Ӕмӕ дӕ баййафдзӕн бӕллӕх, ӕмӕ уыцы бӕллӕх уыдзӕн тынг уӕззау. Афтӕ уый тыххӕй уыдзӕн, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ сси ӕнӕсӕттон».
19 Дӕдӕй, мӕ хуылф*! Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, йӕхи къултыл хойы+. Мӕ зӕрдӕ мӕ мидӕг скатай+. Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын, уымӕн ӕмӕ мӕ уд фехъуыста сыкъайы уасын, хӕстон фӕдисы хъӕр+. 20 Хъӕр кӕнынц, фыдбылыз фыдбылызы фӕстӕ, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр ницыуал ныууагътой+. Мӕ цатыртӕ мын ӕвиппайды ныппырх кодтой+, цӕстыфӕныкъуылдмӕ мын ныппырх кодтой мӕ цатырӕмбӕрзӕнтӕ. 21 Кӕдмӕ уындзынӕн амонӕн цӕджындз, кӕдмӕ хъусдзынӕн сыкъайы уасын?+ 22 Мӕ адӕм сты ӕнӕзонд+. Ӕз сӕм нымады дӕр нӕ дӕн+. Уыдон сты ӕнӕзонд фырттӕ, ӕмбаргӕдзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй не сты+. Ӕвзӕрдзинад аразынмӕ дӕсны сты, хорздзинад куыд аразгӕ у, уый та нӕ зонынц+.
23 Ӕз акастӕн уыцы зӕхмӕ ӕмӕ федтон, афтид ӕмӕ ӕдзӕрӕг кӕй у+. Скастӕн арвмӕ – рухс дзы нал кӕлы+. 24 Ӕз акастӕн хӕхтӕм, ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, ӕмӕ къуыбыртӕ дӕр иууылдӕр змӕлынц+. 25 Ӕз акастӕн, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ федтон, уӕларвон мӕргътӕ дӕр иууылдӕр кӕдӕмдӕр атахтысты+. 26 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон, дыргъдон ӕдзӕрӕг быдыр кӕй фестад, ӕмӕ йӕ горӕттӕ иууылдӕр кӕй ныппырх сты+. Уый ӕрцыд Йегъовӕйы къухӕй, йӕ судзгӕ мастӕй.
27 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Уыцы зӕхх ӕгасӕй дӕр суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ+. Се ’ппӕты дӕр бындзагъд ныккӕндзынӕн+. 28 Ӕмӕ уый тыххӕй зӕхх хъыг кӕндзӕн+, арв ныттар уыдзӕн+. Афтӕ уымӕн ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ӕз загътон, дзӕбӕх ахъуыды кодтон. Ӕмӕ нӕ фӕсмон кӕнын ӕмӕ уыцы хъуыддаг нӕ ныууадздзынӕн+. 29 Барджыты ӕмӕ фатӕхсджыты хъӕрӕй горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр лидзӕг фесты+. Бамбӕхстысты тархъӕды, къӕдзӕхты ’хсӕн+. Горӕттӕ иууылдӕр дзӕгъӕл баззадысты, иу цӕрӕг дӕр дзы нал баззад».
30 Куы дӕ фӕхастой, уӕд ма ныр куыд кӕндзынӕ? Бӕргӕ дардтай сӕнтсырх уӕлӕдарӕс, бӕргӕ-иу скодтай дӕхиуыл сызгъӕрин аивгӕнӕнтӕ ӕмӕ-иу дӕ цӕстытӕ сау ахорӕнӕй сахуырстай+. Фӕлӕ дӕхи дзӕгъӕлы рӕсугъд кодтай+. Кӕй ӕрра монцтӕ дӕм сыгъдысты, уыдоны нал хъӕуыс. Уыдон дӕ марынмӕ хъавынц+. 31 Ӕз фехъуыстон хъӕрзын, цыма, йӕ сӕрӕн чи нӕу, ахӕм сылгоймаг хъӕрзы, цыма, фыццаг хатт сывӕллон кӕмӕн гуыры, ахӕм сылгоймаг тухӕн кӕны+ – Сионы чызг хъӕрзы, тыхулӕфт кӕны. Йӕ къухтӕ ивазы+ ӕмӕ дзуры: «Мӕгуыры бон мыл акодта, мӕ уд сфӕлмӕцыд марджытӕй!»+