Исай
43 Ӕмӕ ныр афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, де Сфӕлдисӕг+, о Иаков, де Скӕнӕг+, о Израил: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз балхӕдтон+. Ӕз дӕ схуыдтон дӕ номӕй+. Ды мӕн дӕ+. 2 Дӕттыл куы цӕуай+, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ+. Цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизай, уӕд дӕ дон нӕ аласдзӕн+. Арты астӕуты куы цӕуай, уӕд нӕ басудздзынӕ, арты ӕвзӕгтӕ дыл ӕндзӕвгӕ дӕр нӕ акӕндзысты+. 3 Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг+. Ӕз Египет радтон дӕу балхӕныны тыххӕй*+, Ефиопи+ ӕмӕ Севӕ радтон дӕ бӕсты. 4 Зынаргъ мын кӕй дӕ, уый тыххӕй кадджын дӕ мӕ цӕсты+, ӕмӕ дӕ тынг уарзын+. Ӕз адӕмы ратдзынӕн дӕ бӕсты, адӕмыхӕттыты – дӕ уды бӕсты+.
5 Ма тӕрс, ӕз демӕ дӕн+. Дӕ байзӕддӕгты дын хурыскӕсӕнӕй ӕрбакӕндзынӕн, хурныгуылӕнӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+. 6 Ӕз зӕгъдзынӕн цӕгатӕн+: „Ратт сӕ фӕстӕмӕ!“ Хуссарӕн зӕгъдзынӕн: „Ма сӕ уром. Ӕрбакӕн мын мӕ фыртты дардӕй, мӕ чызджыты – зӕххы кӕронӕй+,– 7 мӕ ном мын чидӕриддӕр хӕссы+ ӕмӕ мӕ кадӕн кӕй сфӕлдыстон+, кӕй скодтон, о, цард кӕмӕн радтон, уыдоны“+.
8 Ӕрбакӕн, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ куырм чи у, уыцы адӕмы, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у, уыдоны+. 9 Адӕмтӕ иууылдӕр иу ранмӕ ӕрцӕуӕнт, адӕмыхӕттытӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уӕнт+. Се ’хсӕн ахӕм исчи ис, адӕттӕ чи радзура?+ Науӕд нын, тагъд рӕстӕджы цы уыдзӕн, уый сӕ бон фехъусын кӕнын у?+ Ӕрбакӕнӕнт се ’вдисӕнты+, цӕмӕй, раст кӕй сты, уый сбӕлвырд уа. Кӕннод сын се ’вдисӕнтӕ сӕ ныхӕстӕ фехъусӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт: „Ӕцӕгдӕр афтӕ у!“»+
10 «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ,– кӕй равзӕрстон+, мӕ уыцы лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй мӕ зонат+, ӕууӕндат мыл+ ӕмӕ цӕмӕй ӕмбарат, ӕз ныр дӕр уыцы Хуыцау кӕй дӕн+. Мӕ размӕ Хуыцау нӕ уыд+, ӕмӕ мӕ фӕстӕ дӕр афтӕ+. 11 Ӕз, ӕз дӕн Йегъовӕ+, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй»+.
12 «Ӕз загътон, ӕмӕ фервӕзын кодтон, ӕмӕ афтӕ бакодтон, цӕмӕй уый тыххӕй фехъуыстаиккой+, уе ’хсӕн ӕцӕгӕлон хуыцау куы нӕ уыди+, уӕд. Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕз та дӕн Хуыцау+. 13 Ӕз алкӕддӕр уыцы Хуыцау дӕн+, ӕмӕ мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн+. Ӕз архайын куы райдайон+, уӕд мын мӕ къух чи аиуварс кӕндзӕн?»+
14 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, уӕ Ӕлхӕнӕг+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау+: «Сымах тыххӕй сӕ ӕз арвитдзынӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ ахӕстӕтты дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ ныссӕтдзынӕн+, стӕй халдейты сӕ наутыл ныппырх кӕндзынӕн, ӕмӕ уынгӕг хъӕлӕсӕй кӕудзысты+. 15 Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Сыгъдӕг Хуыцау+, Израилы Сфӕлдисӕг+, уӕ Паддзах»+.
16 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, денджызыл фӕндаг чи акӕны, абухгӕ дӕттыл – къахвӕндаг+, 17 уыцы иу рӕстӕг хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхы, ӕфсад ӕмӕ тыхджын ӕфсӕддонты чи ракӕны+: «Уыдон схуысдзысты+ ӕмӕ нал сыстдзысты+. Сӕ зынг ахуысдзӕн+. Цырагъау сын сӕ рухс ахуыссын кӕндзысты»+.
18 «Райдианы цы уыд, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл мауал дарут, раздӕр цы уыд, уыдӕттыл мауал хъуыды кӕнут. 19 Ныр ӕз аразын ног цыдӕр+. Ӕмӕ ныр ӕххӕст кӕнын райдайдзӕн. Ӕмӕ йӕ уӕд сымах дӕр нӕ базондзыстут?+ Ӕз ӕдзӕрӕг быдырыл акӕндзынӕн фӕндаг+, ӕдзӕрӕг бӕстӕйыл ауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ+. 20 Кадджын мӕ кӕндзысты хъӕддаг сырдтӕ+, хъӕддаг куыйтӕ ӕмӕ страустӕ+, уымӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дӕр дон ратдзынӕн, ӕдзӕрӕг бӕстӕйы – цӕугӕдӕттӕ+, цӕмӕй дон нуазой мӕ адӕм, ме ’взӕрст адӕм+, 21 мӕхицӕн кӕй скодтон, уыцы адӕм, цӕмӕй мӕ кадджын хъуыддӕгты тыххӕй дзурой+.
22 Фӕлӕ мӕм ды нӕ фӕдзырдтай, Иаков+, уымӕн ӕмӕ мӕ стыхстӕ, Израил+. 23 Ды мын судзинаг нывондӕн фыстӕ нӕ хастай, дӕ нывӕндтӕй мӕ нӕ кадджын кодтай+. Ӕз дын лӕвӕрттӕ нӕ хӕссын кодтон ӕмӕ дӕ афтӕмӕй мӕхицӕн нӕ лӕггад кӕнын кодтон, урс буд дӕ нӕ агуырдтон ӕмӕ дӕ уымӕй не стыхсын кодтон+. 24 Ды мын адджын хӕрздӕф хъӕз+ не ’лхӕдтай, дӕ нывӕндты фиуӕй мӕ не ’фсӕстай+. Уый мӕ ды лӕггад кӕнын кодтай дӕхицӕн дӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ды мӕ стыхсын кодтай дӕ фыдракӕндтӕй+.
25 Ӕз дын дӕ фыдракӕндтӕ+ мӕ номы тыххӕй+ ныххатыр кӕндзынӕн*+, ӕмӕ дын дӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн+. 26 Иумӕ тӕрхонмӕ ӕрбацӕуӕм+. Кӕд мӕ исты ферох, уӕд мын ӕй мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Хабар куыд у, уый ды дӕр радзур ӕмӕ, раст кӕй дӕ, уый сбӕлвырд кӕн+. 27 Дӕ фыд, фыццаг адӕймаг, тӕригъӕд ракодта+, ӕмӕ дӕ минӕвӕрттӕ дӕр мӕ разы сты фыдгӕнджытӕ+. 28 Гъемӕ ӕз, сыгъдӕг бынаты чи лӕггад кӕны, уыцы кънйӕзты фегад кӕндзынӕн, ӕмӕ Иаковы бакӕндзынӕн сӕфты хай, Израил – ӕфхӕрды хай+.