Йереми
10 Байхъусут, Израилы адӕм, Йегъовӕ уӕ ныхмӕ цы загъта, уымӕ. 2 Йегъовӕ афтӕ загъта: «Ма ахуыр кӕнут адӕмтӕн сӕ фӕндӕгтыл цӕуын+ ӕмӕ кӕд адӕмтӕ, арвыл цы нысӕнттӕ ис, уыдонӕй тӕрсынц, уӕддӕр сӕ сымах ма тӕрсут+, 3 уымӕн ӕмӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕ+ комулӕфтӕй уӕлдай не сты. Ӕрмгуыстгӕнӕг хъӕды ракӕны бӕлас+ ӕмӕ дзы гуымиры скӕны+. 4 Срӕсугъд ӕй кӕны ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй+. Стӕй йӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ дзӕбугӕй ныффидар кӕнынц, цӕмӕй ма змӕла+. 5 Уыцы гуымирытӕ сты, джитъриты хуымы цы тӕрсынгӕнӕнтӕ вӕййы, уыдоны хуызӕн, сӕ бон дзурын нӕу+. Уыдоны кӕнынц хӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ бон иу къахдзӕф акӕнын дӕр нӕу+. Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ сӕ бон ӕвзӕрӕй ницы у ракӕнын ӕмӕ, уӕвгӕ, хорзӕй дӕр»+.
6 О Йегъовӕ, дӕуӕн ӕмбал нӕй+. Ды дӕ кадджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ ном у кадджын ӕмӕ хъомысджын+. 7 Чи дӕ нӕ фӕтӕрсдзӕн+, о адӕмты Паддзах?+ Дӕуӕй ӕмбӕлы тӕрсын, уымӕн ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдты цыдӕриддӕр зондджынтӕ ис, уыдоны ’хсӕн дӕуӕн ӕмбал нӕй+. 8 Уыдон сты ӕнӕмбаргӕ ӕмӕ ӕнӕзонд+. Бӕлас ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм йеддӕмӕ истӕмӕ разӕнгард кӕны?+ 9 Фарсисӕй+ ӕрбаласынц ӕвзисты тӕнӕг сыфтӕ, Уфазӕй+ – сызгъӕрин, ӕрмгуыстгӕнӕджы ӕмӕ зӕрингуырды къухӕй конд дзауматӕ. Сӕ дарӕс у ӕрвхуыз ӕндахӕй ӕмӕ тарсырх къуымбилӕй. Уыдон иууылдӕр сты, къухӕй дӕсны чи у, уыдоны конд+.
10 Фӕлӕ Йегъовӕ та ӕцӕгдӕр у Хуыцау+. Уый у удӕгас Хуыцау+ ӕмӕ Паддзах ӕнустӕм+. Йӕ судзгӕ мастӕй зӕхх нынкъуысдзӕн+, ӕмӕ йӕ фыдӕхӕн иу адӕм дӕр нӕ бафӕраздзысты+. 11 Афтӕ-иу сын зӕгъут: «Арв ӕмӕ зӕхх чи не скодта, уыцы хуыцӕуттӕ+ фесӕфдзысты зӕххӕй+, ацы арвы бын сӕ кой дӕр нал уыдзӕн». 12 Уый зӕхх скодта йӕ тыхӕй+, зӕхх ӕрфидар кодта йӕ зондӕй+, арв айтыгъта йе ’мбарындзинады фӕрцы+. 13 Йӕ хъӕлӕс куы райхъуысы, уӕд арвыл дӕттӕ ныннӕрынц+, зӕххы кӕронӕй сыстын кӕны мигъ+. Къӕвдайы дуӕрттӕ бакӕны+, йе ’вӕрӕнтӕй ракӕны дымгӕ+.
14 Алы адӕймаг дӕр кӕны ӕнӕзонд митӕ, цыма ӕппындӕр ницы зоны, афтӕ+. Алы зӕрингуырдмӕ дӕр худинаг ӕркӕсдзӕн, гуымиры кӕй сарӕзта, уый тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ йе ’фсӕйнаг хуыцау у мӕнгдзинад+, ӕмӕ сӕ мидӕг уд нӕй+. 15 Уыдон сты ницы, кӕс сӕм ӕмӕ сыл худӕгӕй мӕл+. Хуыцау сын сӕ хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уӕд ӕрбайсӕфдзысты+.
16 Фӕлӕ Иаковы+ Хуыцау* уыдоны хуызӕн нӕу, уымӕн ӕмӕ уый скодта ӕппӕт дӕр+. Израил у хицауы лӕдзӕг йӕ бынтӕн+. Йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.
17 Бӕллӕхы чи бахауд+, уыцы сылгоймаг! Дӕ дзаумӕттӕ зӕххӕй сис+. 18 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Уӕд ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн+ ӕмӕ сыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, цӕмӕй йӕ базоной»+.
19 Дӕдӕй, мӕнӕ куыд бабын дӕн!+ Мӕ цӕф дудгӕ рыст кӕны. Ӕмӕ ӕз загътон: «Ай мӕ низ у, ӕмӕ йын быхсдзынӕн+. 20 Мӕ цатыр мын ныппырх кодтой, мӕ цатыры бӕттӕнтӕ мын иууылдӕр аскъуыдтой+. Мӕ фырттӕ мӕ ныууагътой, ӕмӕ нал сты+. Мӕ цатыр мын чи айтындза кӕнӕ мын мӕ цатырӕмбӕрзӕнтӕ хӕрдмӕ чи сиса, уый нал ис. 21 Фыййӕуттӕ кодтой ӕнӕзонд митӕ+, Йегъовӕйы нӕ агуырдтой+. Ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ дӕр уый тыххӕй нӕ архайдтой. Ӕмӕ сӕ дзугтӕ иууылдӕр ныххӕлиу сты»+.
22 Байхъусут ацы хабармӕ! Уый ӕрбахӕццӕ ӕмӕ цӕгатаг зӕххӕй ӕрбацӕуы нӕрын+, цӕмӕй Иудӕйы горӕттӕ фестын кӕна ӕдзӕрӕг бӕстӕ, хъӕддаг куыйты лӕгӕт+.
23 О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы+. 24 О Йегъовӕ, амон мын зонд, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ+, фӕлӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ+, цӕмӕй мӕ ма фесафай+. 25 Ныккал дӕ фыдӕх, чи дӕ ницӕмӕ дары+, уыцы адӕмтыл+ ӕмӕ дын дӕ ном чи нӕ ары, уыцы мыггӕгтыл+, уымӕн ӕмӕ Иаковы аныхъуырдтой+. О, аныхъуырдтой йӕ ӕмӕ йӕ ныр дӕр цӕгъдынц+, ӕмӕ йын йӕ цӕрӕнбынат ӕдзӕрӕг фӕкодтой+.