א [А́леф]
119 Амондджын сты, ӕнаипп чи у+,
Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон+.
2 Амондджын сты, йӕ амындтӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕм+.
Уыдон ӕй агурынц ӕппӕт зӕрдӕйӕ+.
3 Уыдон фыдхъуыддӕгтӕ нӕ кӕнынц+.
Уыдон цӕуынц йӕ фӕндӕгтыл+.
4 Ды нын бафӕдзӕхстай,
Цӕмӕй дын дӕ бардзырдтӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм+.
5 Ӕндӕр мӕ ницы хъӕуы, ӕрмӕст мӕ фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуон+,
Цӕмӕй фидар хӕцон дӕ уагӕвӕрдтыл!+
6 Уӕд мӕм худинаг нӕ кӕсдзӕн+,
Де ’ппӕт фӕдзӕхстытыл хъуыды кӕнгӕйӕ+.
7 Дӕ раст тӕрхӕттӕ дын куы базонон+,
Уӕд дӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кадджын кӕндзынӕн+.
8 Ӕз фидар хӕцын дӕ уагӕвӕрдтыл+.
Курын дӕ, ма мӕ ныууадз+.
ב [Бет]
9 Ӕрыгон лӕппуйӕн+ йӕ фӕндаг сыгъдӕг кӕд уыдзӕн?
Йӕхи куы хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд+.
10 Ӕз дӕ агурын ӕппӕт зӕрдӕйӕ+.
Ма бауадз, цӕмӕй дын дӕ фӕдзӕхстытӕ ныууадзон+.
11 Дӕ ныхӕстӕ дын мӕ зӕрдӕйы нывӕрдтон+,
Цӕмӕй дӕ разы тӕригъӕд ма саразон+.
12 Кадджын дӕ ды, о Йегъовӕ.
Амон мын дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
13 Ӕз хъусын кӕнын+,
Дӕ дзыхӕй цы тӕрхӕттӕ рацыд, уыдон иууылдӕр+.
14 Дӕ амындтыл цин кӕнын+,
Адӕм сӕ хӕзнатыл куыд фӕцин кӕнынц, афтӕ+.
15 Ӕз хъуыды кӕндзынӕн дӕ бардзырдтыл+,
Мӕ хъус дардзынӕн дӕ фӕндӕгтӕм+.
16 Ӕз уарздзынӕн дӕ закъӕттӕ+.
Дӕ ныхас дын нӕ ферох кӕндзынӕн+.
ג [Ги́мел]
17 Дӕ лӕггадгӕнӕгмӕ хорз цӕстӕй ракӕс, цӕмӕй цӕрон+
Ӕмӕ дын дӕ ныхас ӕххӕст кӕнон+.
18 Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй уынон+,
Дӕ закъоны цы диссӕгтӕ ис, уыдон+.
19 Ӕз ацы зӕххыл дӕн ӕрцӕуӕггаг+.
Ма мӕ басусӕг кӕн дӕ фӕдзӕхстытӕ+.
20 Мӕ уд сфӕлмӕцыд+
Дӕ тӕрхӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+.
21 Ды бафхӕрдтай, йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыцы ӕлгъыст адӕмы+,
Дӕ фӕдзӕхстытӕ дын чи ныууагъта, уыдоны+.
22 Фервӕзын мӕ кӕн худинаг ӕмӕ ӕгаддзинадӕй+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз фидар хӕцын дӕ амындтыл+.
23 Кънйӕзтӕ ӕрбадтысты, мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц+.
Дӕ лӕггадгӕнӕг та хъуыды кӕны дӕ уагӕвӕрдтыл+.
24 Ӕз тынг уарзын дӕ амындтӕ+,
Уыдон мӕнӕн сты уынаффӕгӕнджытӕ+.
ד [Да́лет]
25 Мӕ уд ингӕны былыл лӕууы+.
Фервӕзын мӕ кӕн дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
26 Ӕз дын раргом кодтон мӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, цӕмӕй мын дзуапп раттай+.
Бацамон мын дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
27 Бамбарын мын кӕн, дӕ бардзырдтӕм гӕсгӕ куыд хъуамӕ цӕрон, уый+,
Цӕмӕй дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнон+.
28 Мӕ уд мастӕй ӕгъуыссӕг фӕци+.
Мӕ къахыл мӕ слӕууын кӕн дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
29 Мӕнгдзинады фӕндагӕй мӕ бахъахъхъӕн+.
Ахӕм хорздзинад мын ракӕн, ӕмӕ мын дӕ закъон амон+.
30 Ӕз равзӕрстон иузӕрдиондзинады фӕндаг+.
Дӕ тӕрхӕттӕ дын нымайын растыл+.
31 Ӕз фидар хӕцын дӕ амындтыл+.
О Йегъовӕ, ма мӕ фӕхудинаг кӕн+.
32 Ӕз цӕудзынӕн, дӕ фӕдзӕхстытӕ цы фӕндаг амонынц, ууыл+,
Уымӕн ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ кӕныс ӕмбарынхъом+.
ה [Хе]
33 О Йегъовӕ, сараз мӕ, дӕ уагӕвӕрдтӕ цы фӕндаг амонынц, ууыл+,
Цӕмӕй йыл цӕуон, цалынмӕ мӕ цӕст ӕрттива, уӕдмӕ+.
34 Ратт мын ӕмбарындзинад, цӕмӕй дӕ закъонмӕ гӕсгӕ цӕрон+
Ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнон+.
35 Кӕн мӕ, дӕ фӕдзӕхстытӕ цы фӕндаг амонынц, ууыл+,
Уымӕн ӕмӕ мын ӕхсызгон у уыцы фӕндагыл цӕуын+.
36 Мӕ зӕрдӕ мын сараз дӕ амындтӕм+,
Пайда агурынмӕ нӕ, фӕлӕ+.
37 Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын+.
Кӕн мӕ дӕ фӕндагыл, цӕмӕй цӕрон+.
38 Сӕххӕст кӕн, дӕ лӕггадгӕнӕгӕн цы ныхас загътай, уый+.
Уыцы ныхасы фӕрцы дӕ тӕрсы дӕ лӕггадгӕнӕг+.
39 Фервӕзын мӕ кӕн худинагӕй, ӕнцой мын нӕ дӕтты+,
Уымӕн ӕмӕ дӕ тӕрхӕттӕ сты раст+.
40 Ӕз зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн дӕ бардзырдтӕм+.
Бахъахъхъӕн мын мӕ цард дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+.
ו [Вав]
41 О Йегъовӕ, бахай мын кӕн де ’нувыд уарзтӕй+,
Фервӕзын мӕ кӕн дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+,
42 Цӕмӕй дзуапп раттон, чи мӕ ӕфхӕры, уымӕн+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын дӕ ныхасыл+.
43 Рӕстдзинады ныхас ме ’взагӕй ма айс+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цы тӕрхон рахӕсдзынӕ, уымӕ+.
44 Ӕз дын дӕ закъон ӕххӕст кӕндзынӕн алкӕддӕр+,
Ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.
45 Мӕ къахӕн уыдзӕн уӕрӕх бынат+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз архайын дӕ бардзырдтӕ ӕххӕст кӕныныл+.
46 Дӕ амындты тыххӕй дзурдзынӕн паддзӕхты раз+,
Ӕфсӕрмы нӕ кӕндзынӕн+.
47 Ӕз дын уарздзынӕн дӕ фӕдзӕхстытӕ+,
Тынг зынаргъ мын сты+.
48 Кувдзынӕн дӕм, мӕ къухтӕ дӕм иваздзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын дӕ фӕдзӕхстытӕ зынаргъ сты+.
Хъуыды кӕндзынӕн дӕ уагӕвӕрдтыл+.
ז [За́йин]
49 Ӕрхъуыды кӕн, дӕ лӕггадгӕнӕгӕн цы загътай, уый+,
Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
50 Мӕ фыдӕвзарӕны ууыл лӕууы мӕ уд+,
Уымӕн ӕмӕ дӕ ныхасы фӕрцы дӕн удӕгас+.
51 Йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдон мӕ ӕдзух хынджылӕг кӕнынц+,
Фӕлӕ ӕз фидар хӕцын дӕ закъоныл+.
52 О Йегъовӕ, ӕз нӕ рох кӕнын дӕ рагон тӕрхӕттӕ+,
Ӕмӕ мын уый хӕссы удӕнцой+.
53 Фыдгӕнджытӕм кӕсгӕйӕ мӕ маст рафыцы+ –
Уыдон сӕ къух систой дӕ закъоныл+.
54 Мӕ зарджытӕ сты дӕ уагӕвӕрдтыл+,
Ӕрцӕуӕггаг кӕм дӕн, уыцы ран+.
55 О Йегъовӕ, ӕхсӕв дӕр мӕ рох нӕу дӕ ном+,
Уымӕн ӕмӕ мӕн фӕнды дӕ закъон ӕххӕст кӕнын+.
56 Уыдӕттӕ ӕз бавзӕрстон мӕхиуыл,
Уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнын дӕ бардзырдтӕ+.
ח [Хет]
57 Йегъовӕ у мӕ хай+.
Ӕз дзырд радтон, дӕ ныхӕстӕ дын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕн+.
58 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайдтон дӕ хорзӕх ссарыныл+.
Бахай мын кӕн дӕ хорзӕхӕй дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
59 Ӕз ахъуыды кодтон мӕ фӕндӕгтыл+,
Цӕмӕй раздӕхтаин дӕ амындтӕм+.
60 Архайдтон ӕвӕстиатӕй, абон-райсом нӕ кодтон+
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл+.
61 Фыдгӕнджыты бӕндӕнтӕ мыл ӕртыхстысты+,
Фӕлӕ дын ӕз дӕ закъон нӕ ферох кодтон+.
62 Ӕмбисӕхсӕв дӕр сыстын, цӕмӕй дын бузныг зӕгъон+
Дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй+.
63 Ӕз дӕн, чи дӕ тӕрсы+
Ӕмӕ дын дӕ бардзырдтӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны ӕмбал+.
64 О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзтӕй байдзаг зӕхх+.
Амон мын дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
ט [Тет]
65 О Йегъовӕ, ды дӕ лӕггадгӕнӕгӕн хорздзинад ракодтай+
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
66 Сахуыр мӕ кӕн хорздзинад+ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадыл+, ратт мын зонындзинӕдтӕ+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын дӕ фӕдзӕхстытыл+.
67 Уӕззау уавӕры куы нӕма бахаудтӕн, уӕд рӕдыдтӕн+,
Фӕлӕ ныр фидар хӕцын дӕ ныхасыл+.
68 Ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды аразыс хорздзинад+.
Амон мын дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
69 Йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдон мыл цъыф калынц+.
Ӕз та ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕндзынӕн дӕ бардзырдтӕ+.
70 Сӕ зӕрдӕтӕм ницы хъары, фиуӕй сын бӕзджын цъар сӕвӕрдтой+.
Ӕз та тынг уарзын дӕ закъон+.
71 Ӕфхӕрд кӕй ӕййафын, уый хорз у+,
Цӕмӕй дын дӕ уагӕвӕрдтӕ бамбарон+.
72 Дӕ закъон+ мын у пайда+.
Уый у бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй дӕр хуыздӕр+.
י [Йод]
73 Дӕ къухтӕ мӕ скодтой ӕмӕ мӕ сӕвӕрдтой фидар+.
Ратт мын ӕмбарындзинад, цӕмӕй дын дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнон+.
74 Чи дӕ тӕрсы, уыдон мӕ уынынц ӕмӕ цин кӕнынц+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ+.
75 Ӕз ӕй зонын, о Йегъовӕ, дӕ тӕрхӕттӕ раст кӕй сты+.
Зонын ӕй, ды кӕй дӕ иузӕрдион, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй кӕй бафхӕрдтай+.
76 Де ’нувыд уарзт мын удӕнцойы хос фӕуӕд+,
Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн куыд загътай, уымӕ гӕсгӕ+.
77 Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад мӕм равдис, цӕмӕй цӕрон+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз тынг уарзын дӕ закъон+.
78 Йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдон фӕхудинаг уӕнт, уымӕн ӕмӕ сын ницы кодтон, афтӕмӕй мӕ сайынц+.
Ӕз та хъуыды кӕнын дӕ бардзырдтыл+.
79 Уадз ӕмӕ мӕм раздӕхӕнт, чи дӕ тӕрсы+
Ӕмӕ дын дӕ амындтӕ чи зоны, уыдон+.
80 Ӕххуыс мын кӕн дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнынӕн+,
Цӕмӕй ма фӕхудинаг уон+.
כ [Каф]
81 Мӕ уд сфӕлмӕцыд, кӕд мӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+.
Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ+.
82 Дӕ ныхасмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ мӕ цӕстырухс батад+.
Ӕз дзурын: «Мӕ зӕрдӕ мын кӕд ӕрсабыр кӕндзынӕ?»+
83 Ӕз сдӕн, лалым+ фӕздӕгмӕ куыд свӕййы, афтӕ,
Фӕлӕ дын уӕддӕр дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ферох кодтон+.
84 Цас ма хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса дӕ лӕггадгӕнӕг?+
Кӕд бафхӕрдзынӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны?+
85 Йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдон дзыхъхъытӕ скъахтой, цӕмӕй мӕ ӕрцахсой+.
Уыдон нӕ цӕрынц дӕ закъонмӕ гӕсгӕ+.
86 Дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр раст сты+.
Ницы сын кодтон, афтӕмӕй мӕ фӕдыл зилынц. Курын дӕ, баххуыс мын кӕн+.
87 Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ мӕ зӕххы цъарӕй фесӕфтаиккой+,
Фӕлӕ дын ӕз дӕ бардзырдтыл мӕ къух нӕ систон+.
88 Бахъахъхъӕн мын мӕ цард де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+,
Цӕмӕй дын дӕ амындтӕ ӕххӕст кӕнон+.
ל [Ла́мед]
89 Дӕ ныхас, о Йегъовӕ+,
Ӕнустӕм фидар лӕудзӕн уӕлӕрвты+.
90 Дӕ иузӕрдиондзинад у фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
Ды фидар сӕвӕрдтай зӕхх, цӕмӕй лӕууа+.
91 Дӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ лӕууынц суанг абоны онг дӕр+.
Цыдӕриддӕр скодтай, уыдон иууылдӕр сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ+.
92 Дӕ закъон дын куы нӕ уарзтаин+,
Уӕд мӕ афонмӕ мӕ фыдӕвзарӕнтӕ ингӕнмӕ батардтаиккой+.
93 Дӕ бардзырдтӕ дын ӕнустӕм дӕр нӕ ферох кӕндзынӕн+,
Уымӕн ӕмӕ мын ды уыдоны фӕрцы бахъахъхъӕдтай мӕ цард+.
94 Ӕз дӕу дӕн. Курын дӕ, фервӕзын мӕ кӕн+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз архайын дӕ бардзырдтӕ ӕххӕст кӕныныл+.
95 Фыдгӕнджытӕ мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй мӕ фесафой+,
Фӕлӕ ӕз мӕ хъус лӕмбынӕг дарын дӕ амындтӕм+.
96 Ӕз федтон, цыфӕнды ӕххӕстдзинадӕн дӕр кӕй ис кӕрон+,
Дӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕххӕссынц дардыл.
מ [Мем]
97 Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!+
Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ+.
98 Дӕ фӕдзӕхстыты фӕрцы сдӕн ме знӕгтӕй зондджындӕр+,
Уымӕн ӕмӕ дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнустӕм сты мӕ цӕстыты раз+.
99 Ӕз сдӕн мӕ ахуыргӕнджытӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбаргӕдӕр+,
Уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты дӕ амындтыл+.
100 Ӕз дӕн зӕрӕдтӕй дӕр ӕмбаргӕдӕр+,
Уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнын дӕ бардзырдтӕ+.
101 Алы ӕвзӕр фӕндагӕй дӕр мӕхи хъахъхъӕнын+,
Цӕмӕй дын дӕ ныхас ӕххӕст кӕнон+.
102 Ӕз дын дӕ тӕрхӕттӕй иуварс нӕ ахызтӕн+,
Уымӕн ӕмӕ мын ды дӕхӕдӕг амоныс зонд+.
103 Дӕ ныхӕстӕ мӕ дзыхы куыд адджын сты,
Мыдӕй дӕр адджындӕр!+
104 Ӕз дӕ бардзырдты фӕрцы архайын ӕмбаргӕйӕ+.
Уый тыххӕй ме сӕфт уынын алы рӕдыд фӕндагӕй дӕр+.
נ [Нун]
105 Дӕ ныхас у цырагъ мӕ къахӕн+
Ӕмӕ рухс – мӕ фӕндагӕн+.
106 Ӕз расомы кодтон, дӕ тӕрхӕттӕ дын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕн+,
Ӕмӕ мӕ ныхас нӕ фӕсайдзынӕн+.
107 Бирӕ мӕстытӕ ӕвзарын+.
О Йегъовӕ, бахъахъхъӕн мын мӕ цард дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
108 О Йегъовӕ, ӕхсызгон дын уӕнт, зӕрдиагӕй дын цы нывӕндтӕ хӕссын, уыдон – мӕ кады ныхӕстӕ+,
Ӕмӕ мын дӕ тӕрхӕттӕ бацамон+.
109 Ӕз ӕдзух кӕсын мӕлӕты цӕстытӕм+,
Фӕлӕ дын дӕ закъон нӕ ферох кодтон+.
110 Фыдгӕнджытӕ мын сӕвӕрдтой къӕппӕг+,
Фӕлӕ ӕз дӕ бардзырдтӕй нӕ адзӕгъӕл дӕн+.
111 Дӕ амындтӕ дын мӕхи бакодтон ӕнустӕм+,
Уымӕн ӕмӕ уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин+.
112 Ӕз мӕ зӕрдӕ уымӕ сарӕзтон, цӕмӕй дын дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон+ ӕнустӕм,
Цалынмӕ мӕ цӕст ӕрттива, уӕдмӕ+.
ס [Са́мех]
113 Уазалзӕрдӕ адӕмӕй ме сӕфт уынын+,
Дӕ закъон та дын тынг уарзын+.
114 Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн бынат ӕмӕ мӕ уарт+.
Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ+.
115 Ацӕут мӕ разӕй, фыдгӕнджытӕ+,
Цӕмӕй ӕххӕст кӕнон мӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ+.
116 Ӕххуыс мын кӕн дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, цӕмӕй цӕрон+.
Дӕуыл дарын мӕ ныфс, ӕмӕ ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон+.
117 Фидар мӕ кӕн, цӕмӕй фервӕзон+.
Ӕмӕ ӕз алкӕддӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕндзынӕн дӕ уагӕвӕрдтыл+.
118 Дӕ уагӕвӕрдтӕ дын чи ныууагъта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дӕхицӕй аппӕрстай+,
Уымӕн ӕмӕ сты хинӕйдзаг ӕмӕ мӕнгард+.
119 Зӕххыл цыдӕриддӕр фыдгӕнджытӕ ис, уыдоны сафыс ӕнӕпайда сыгъдонау+.
Уый тыххӕй дын уарзын дӕ амындтӕ+.
120 Тас мӕ уадзыс, ӕмӕ мӕ буар ризы+,
Дӕ тӕрхӕттӕ мыл тас ӕфтауынц+.
ע [А́йин]
121 Ӕз кӕнын раст тӕрхон ӕмӕ архайын рӕстӕй+.
Курын дӕ, сайдӕй мыл чи цӕуы, уыдоны къухмӕ мӕ ма ратт!+
122 Дӕ лӕггадгӕнӕгыл дӕ арм дар+.
Ма бауадз, цӕмӕй, йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыдон мыл сайдӕй рацӕуой+.
123 Мӕ цӕстырухс батад, кӕд мӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+
Ӕмӕ дӕ раст ныхасмӕ бӕлгӕйӕ+.
124 Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн цы аразыс, уый уӕд де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+,
Ӕмӕ мын амон дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
125 Ӕз дӕн дӕ лӕггадгӕнӕг+. Ратт мын ӕмбарындзинад+,
Цӕмӕй дын дӕ амындтӕ ӕмбарон+.
126 Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕса+.
Уыдон дын халынц дӕ закъон+.
127 Ӕз дын дӕ фӕдзӕхстытӕ уарзын+
Сызгъӕринӕй дӕр фылдӕр, суанг сыгъдӕг сызгъӕринӕй дӕр+.
128 Дӕ бардзырдтӕ дын иууылдӕр нымайын растыл, дӕ алы бардзырд дӕр+.
Ӕз ме сӕфт уынын алы рӕдыд фӕндагӕй+.
פ [Пе]
129 Дӕ амындтӕ диссаг сты+,
Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕххӕст кӕнын+.
130 Дӕ ныхӕстӕ кӕй ӕргом кӕныс, уый дӕтты рухс+,
Ӕмӕ ӕвӕлтӕрд свӕййы ӕмбаргӕ+.
131 Ӕз мӕ дзых байгом кодтон ӕмӕ уӕлдӕф зыдӕй улӕфын+,
Уымӕн ӕмӕ бӕллын дӕ фӕдзӕхстытӕм+.
132 Де ’ргом мӕм раздах ӕмӕ мын дӕ хорзӕхӕй бахай кӕн+,
Дӕ ном дын чи уарзы, уыдонӕн дӕм цы закъон ис, уымӕ гӕсгӕ+.
133 Мӕ къахдзӕфтӕ мын сфидар кӕн, цӕмӕй дын дӕ ныхас ӕххӕст кӕнон+,
Ӕмӕ мыл мацы ӕвзӕрдзинад фӕтых уӕд+.
134 Фервӕзын мӕ кӕн, иннӕтыл сайдӕй чи цӕуы, уыдонӕй+,
Ӕмӕ дын дӕ бардзырдтӕ ӕххӕст кӕндзынӕн+.
135 Дӕ цӕсгомы рухс кӕлӕд дӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+,
Ӕмӕ мын амон дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
136 Мӕ цӕссыг суадонау фемӕхст+,
Уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ закъон не ’ххӕст кӕнынц+.
צ [Ца́де]
137 Ды дӕ рӕстаг Хуыцау, о Йегъовӕ+,
Ӕмӕ дӕ тӕрхӕттӕ сты раст+.
138 Ды нын бафӕдзӕхстай дӕ амындтӕ ӕххӕст кӕнын+ дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ
Ӕмӕ дӕ диссаджы иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ+.
139 Мӕ зӕрдӕйы мӕт мӕ амардта+,
Уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ ферох кодтой дӕ ныхӕстӕ+.
140 Дӕ ныхасӕй сыгъдӕгдӕр нӕй+,
Ӕмӕ йӕ дӕ лӕггадгӕнӕг тынг уарзы+.
141 Ӕз иннӕты цӕсты ницы дӕн, ӕгад+,
Фӕлӕ дын дӕ бардзырдтӕ нӕ ферох кодтон+.
142 Дӕ рӕстдзинад у ӕнусон рӕстдзинад+.
Дӕ закъон у ӕцӕгдзинад+.
143 Бирӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстон+,
Фӕлӕ дын уӕддӕр дӕ фӕдзӕхстытӕ уарзтон+.
144 Дӕ амындтӕ ӕнустӕм дӕр раст сты+.
Ратт мын ӕмбарындзинад, цӕмӕй цӕрон+.
ק [Коф]
145 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕм сидын+. Дзуапп мын ратт, о Йегъовӕ+.
Ӕз фидар хӕцдзынӕн дӕ уагӕвӕрдтыл+.
146 Дӕумӕ дзыназын. Курын дӕ, фервӕзын мӕ кӕн!+
Ӕз дын ӕххӕст кӕндзынӕн дӕ амындтӕ+.
147 Райсомӕй боныцъӕхтыл сыстын+, цӕмӕй дӕ ӕххуыс курон+.
Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхӕстӕм+.
148 Ӕмбисӕхсӕв райхъал вӕййын+
Ӕмӕ фӕхъуыды кӕнын дӕ ныхӕстыл+.
149 Курын дӕ, фехъус мӕ де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+.
О Йегъовӕ, бахъахъхъӕн мын мӕ цард дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ+.
150 Хӕлд митӕ ӕнӕфсисӕй чи кӕны+, уыдон ӕрбаввахс сты.
Уыдон дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+.
151 Ды хӕстӕг дӕ, о Йегъовӕ+,
Дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр сты раст+.
152 Ӕз рагӕй зонын дӕ амындтӕ+,
Ды сӕ радтай, цӕмӕй уой ӕнустӕм+.
ר [Реш]
153 Куыд хъизӕмар кӕнын, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн+.
Ӕз дын дӕ закъон нӕ ферох кодтон+.
154 Мӕ хъуыддаг мын дӕхимӕ райс ӕмӕ мын баххуыс кӕн+.
Бахъахъхъӕн мын мӕ цард дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
155 Ирвӕзындзинад фыдгӕнджытӕй дард у+,
Уымӕн ӕмӕ уыдон дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц+.
156 Куыд стыр у дӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, о Йегъовӕ!+
Бахъахъхъӕн мын мӕ цард дӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+.
157 Бирӕ сты ме знӕгтӕ ӕмӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон+,
Фӕлӕ ӕз фидар хӕцын дӕ амындтыл+.
158 Ӕз уынын, иннӕтыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдоны+,
Ӕмӕ мын ахӕм адӕм сты ӕнад, уымӕн ӕмӕ дын дӕ ныхас не ’ххӕст кӕнынц+.
159 Ӕркӕс ӕмӕ фен, дӕ бардзырдтӕ дын кӕй уарзын+.
О Йегъовӕ, бахъахъхъӕн мын мӕ цард де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+.
160 Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад+.
Ӕмӕ дӕ раст тӕрхӕттӕй алкӕцы дӕр у ӕнустӕм+.
ש [Син] кӕнӕ [Шин]
161 Кънйӕзтӕ мӕ фӕдыл зилынц, ницы сын кодтон, афтӕмӕй+,
Фӕлӕ мӕ зӕрдӕ тӕрсы дӕ ныхасӕй+.
162 Ӕз цин кӕнын дӕ ныхасыл+,
Бирӕ хӕзнатӕ чи ссары, уый куыд фӕцин кӕны, афтӕ+.
163 Мӕнгдзинадӕй ме сӕфт уынын+, ӕнад мын у+,
Дӕ закъон та дын уарзын+.
164 Бон дӕ авд хатты кадджын кӕнын+
Дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй+.
165 Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй+,
Ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур+.
166 О Йегъовӕ, ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын, кӕд мӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ+,
Ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын+.
167 Мӕ уд фидар хӕцы дӕ амындтыл+,
Тынг сӕ уарзын+.
168 Ӕз фидар хӕцын дӕ бардзырдтыл ӕмӕ дӕ амындтыл+,
Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр дӕ разы сты+.
ת [Тав]
169 О Йегъовӕ, фехъуысӕд дӕм мӕ дзыназын+.
Ратт мын ӕмбарындзинад дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
170 Фехъуысӕд дӕм мӕ лӕгъстӕ+.
Фервӕзын мӕ кӕн дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+.
171 Ме ’взаг дӕ ӕнӕрынцойӕ кадджын кӕндзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ мын ды амоныс дӕ уагӕвӕрдтӕ+.
172 Ме ’взаг дын дӕ ныхас зарӕгау зардзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр сты раст+.
173 Дӕ къух мын ӕххуысгӕнӕг уӕд+,
Уымӕн ӕмӕ ӕз равзӕрстон дӕ бардзырдтӕ+.
174 О Йегъовӕ, ӕз зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, кӕд мӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ+.
Тынг дын уарзын дӕ закъон+.
175 Хъахъхъӕн мын мӕ цард, цӕмӕй дӕ кадджын кӕнон+,
Дӕ тӕрхӕттӕ мын ӕххуыс кӕнӕнт+.
176 Ӕз сӕфт фысау фӕдзӕгъӕл дӕн+. Курын дӕ, бацагур дӕ лӕггадгӕнӕджы+,
Уымӕн ӕмӕ дын ӕз дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон+.