Иов
6 Уӕд Иов загъта:
2 «Тӕхуды, мӕ маст+ мын ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы сбариккой
Ӕмӕ мын мӕ бӕллӕхтӕ дӕр барӕнтыл куы сӕвӕриккой!
4 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фаттӕ мӕ ахызтысты+,
Ӕмӕ сын сӕ марг мӕ уд нуазы+.
Хуыцау мыл бӕллӕхтӕ алырдыгӕй ӕртыхсын кодта+.
5 Зебрӕ+ кӕрдӕгыл хизгӕйӕ хъӕр кӕндзӕн?
Кӕнӕ гал йӕ холлаг хӕргӕйӕ уасдзӕн?
6 Ӕнад хӕринаг исчи ӕнӕ цӕххӕй бахӕрдзӕн?
Кӕнӕ галсыфы* бӕзджын донӕн исты ад ис?
7 Мӕ зӕрдӕ нӕ комы уыдӕттӕй истӕмӕ бавналын,
Уыдон сты, зӕрдӕ кӕмӕй хӕццӕ кӕны, ахӕм хӕринаг.
8 Тӕхуды, цы курын, уый мын лӕвӕрд куы ’рцӕуид
Ӕмӕ мын Хуыцау мӕ бӕллиц куы сӕххӕст кӕнид!
9 Хуыцау мӕ куы ’рцӕвид,
Йӕ къух куы сисид ӕмӕ мӕ куы амарид!+
10 Уый мын уаид удӕнцой.
Фырцинӕй кафин+, кӕд удхар кӕнын,–
Ӕмӕ мын тӕригъӕд дӕр куы нӕ кодтаид,– уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕ сусӕг кодтон Сыгъдӕг Хуыцауы+ ныхӕстӕ+.
11 Уыйбӕрц хъару ма мӕм ис, цӕмӕй дарддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсон?+
Исты ма мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй ма дарддӕр цӕрон?
12 Исты мӕ хъару дурау фидар у?
Ӕви мӕ буар ӕрхуыйӕ конд у?
13 Мӕ бон у мӕхицӕн баххуыс кӕнын?
Мӕ бон ма у афтӕ фыдӕбон кӕнын, исты-иу дзы куыд разына?
15 Ме ’фсымӕртӕ мыл зымӕгон цӕугӕдонау гадзрахатӕй рацыдысты+,
Уыдон сты, чи бахус вӕййы, ахӕм зымӕгон цӕугӕдоны донвӕдау.
16 Уыцы цӕугӕдӕттӕ ныттар вӕййынц ихӕй
Ӕмӕ, сӕ мидӕг цы мит атайы, уымӕй.
18 Сӕ фӕндаг иннӕрдӕм фӕзилы,
Ӕдзӕрӕг ранмӕ ссӕуы ӕмӕ фесӕфы.
20 Уыдон сыл сӕ зӕрдӕ дардтой, ӕмӕ фӕхудинаг сты.
Уыцы бынатмӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ фӕфыдӕнхъӕл сты+.
22 Исчи уын зӕгъы, зӕгъгӕ мын исты раттут,
Науӕд уӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй рахицӕн кӕнут ӕмӕ мӕн тыххӕй лӕвар скӕнут?
23 Исчи уын зӕгъы, фервӕзын мӕ кӕнут знаджы къухӕй+,
Ӕгъатыр адӕмы къухӕй мӕ ссӕрибар кӕнут, зӕгъгӕ?+
26 Уӕ уайдзӕфтӕ мӕ ныхӕстӕм сты?
Ӕмӕ, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыцы адӕймагӕн+ йӕ ныхӕстӕ афтид ныхӕстӕ йеддӕмӕ цы сты+.
28 Ныр та мӕм байхъусут,
Цымӕ уын иу мӕнг ныхас дӕр зӕгъдзынӕн+.
29 Уӕ хорзӕхӕй, иу хатт-ма ахъуыды кӕнут – фыддзинадӕн ам бынат ма уӕд;
О, иу хатт-ма ахъуыды кӕнут – мӕ рӕстдзинад нырма ам ис+.
30 Афтӕ уӕм кӕсы, ӕмӕ, раст цы нӕу, уый дзурын?
Афтӕ ӕнхъӕл стут, бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕвзарын, уый не ’мбарын?