Йӕ хъару кӕмӕн асаст ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн чи ӕргом кӕны, уыцы ӕфхӕрд адӕймаджы куывд+.
102 О Йегъовӕ, фехъуысӕд дӕм мӕ куывд+.
Ӕххуысмӕ дӕм сидын ӕмӕ мӕ фехъус+.
2 Уынгӕджы бон мӕ дӕ цӕсгом ма ӕмбӕхс+.
Дӕ хъус мӕм ӕрдар+.
Куы дӕм дзыназон, уӕд фӕтагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт+.
3 Уымӕн ӕмӕ мӕ царды бонтӕ фӕздӕгау фӕивгъуыйынц+.
Ме стджытӕ пецау сырхзынг систы+.
4 Мӕ зӕрдӕ ныллӕмӕгъ ӕмӕ кӕрдӕгау бахус+,
Уымӕн ӕмӕ мӕ ферох вӕййы къӕбӕр бахӕрын дӕр+.
5 Мӕ хъӕрзынӕй+
Мӕ царм ме стджытыл баныхӕст+.
6 Ӕз сдӕн, ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыцы пеликаны хуызӕн+,
Хӕлддзӕгты ’хсӕн цӕрӕг уыджы хуызӕн.
7 Ме уӕнгты хъару нал ис.
Хӕдзары сӕр иунӕгӕй чи бады, ахӕм цъиуы хуызӕн сдӕн+.
8 Ме знӕгтӕ мыл бон-изӕрмӕ цъыф калынц+.
Чи мӕ хынджылӕг кӕны, уыдон ӕлгъитынц мӕ номӕй+.
9 Фӕнык хӕрын къӕбӕрау+,
Мӕ нуазинаг схӕццӕ вӕййы мӕ цӕссыгимӕ+,
10 Дӕ фыдӕх ӕмӕ мӕм дӕ маст кӕй судзы, уый тыххӕй+.
Ды мӕ бӕрзонд систай ӕмӕ мӕ дӕхицӕй аппӕрстай+.
11 Мӕ царды бонтӕ аууонау фӕцӕуынц+,
Кӕрдӕгау бахус дӕн+.
12 Ды та, о Йегъовӕ, цӕрдзынӕ ӕнустӕм+,
Ӕмӕ дӕ ном уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
13 Ды сыстдзынӕ, ды батӕригъӕд кӕндзынӕ Сионӕн+,
Уымӕн ӕмӕ ныр у уыцы рӕстӕг, цӕмӕй йӕм хорз цӕстӕй ракӕсай,
Уымӕн ӕмӕ йӕ афон ӕрцыд+.
14 Дӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ дуртӕ дӕр сты зынаргъ+,
Йӕ сыджытыл у сӕ мӕт+.
15 Адӕмтӕ тӕрсдзысты Йегъовӕйы номӕй+
Ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ иууылдӕр – дӕ кадӕй+.
16 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Сион ногӕй сараздзӕн+.
Уый фӕзындзӕн йӕ кады мидӕг+.
17 Уый йе ’ргом раздахдзӕн, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи фӕци, уыдоны куывдмӕ+,
Сӕ куывдмӕ сын куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ ракӕсдзӕн+.
18 Ай фыст у ӕрцӕуинаг фӕлтӕрӕн+,
Ӕмӕ, фидӕны чи уыдзӕн, уыцы адӕм кадджын кӕндзысты Йагъы+.
19 Уый ракаст бӕрзондӕй, йӕ сыгъдӕг бынатӕй+,
Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕркаст зӕхмӕ+,
20 Цӕмӕй фехъуса ахст лӕджы хъӕрзын+,
Ссӕрибар кӕна, мӕлӕтмӕ лӕвӕрд чи у, уыдоны+,
21 Цӕмӕй Йегъовӕйы ном хъусын кӕной Сионыл+
Ӕмӕ йӕ кад – Иерусалимы+,
22 Адӕмтӕ иууылдӕр иумӕ куы ӕрӕмбырд уой+
Ӕмӕ паддзахӕдтӕ – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ, уӕд+.
23 Царды ӕрдӕг фӕндагыл мын мӕ хъару байста+,
Мӕ царды бонтӕ мын фӕцыбыр кодта+.
24 Ӕмӕ уӕд загътон: «О мӕ Хуыцау,
Мӕ цард мын ӕрдӕгыл ма аскъуын+.
Дӕ азтӕ сты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
25 Ды раджы сӕвӕрдтай зӕххӕн бындур+,
Ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон+.
26 Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм+.
Дарӕсау баихсидзысты+,
Дзаумайау сӕ раивдзынӕ, ӕмӕ ӕрцӕудзысты сӕ кӕронмӕ+.
27 Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты+.
28 Дӕ лӕггадгӕнджыты фырттӕ баззайдзысты, кӕм цӕрынц, уым+,
Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕ разы ӕдасӕй цӕрдзысты»+.