Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 16
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Нымӕцтӕ 16:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 26:9; 27:3; Иуд 11
  • +Рц 6:16; Нм 3:17
  • +Рц 6:18
  • +Рц 6:21; Нм 3:19
  • +Нм 26:8
  • +Нм 26:9
  • +Д.з 11:6
  • +Рд 46:8; 1Аз 5:1

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2000, 20 ф.

Нымӕцтӕ 16:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 12:1; 14:2; 1См 15:23; Пс 106:16
  • +Рц 19:6
  • +Рц 29:45; Нм 14:14
  • +Нм 12:2

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/10/2012, 13 ф.

    1/8/2000, 20 ф.

Нымӕцтӕ 16:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Тм 2:19
  • +Лв 21:6
  • +Рц 28:43; Лв 10:3
  • +Рц 28:1; Нм 17:5; 1См 2:28; Пс 105:26

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/7/2014, 8, 9, 13 фф.

Нымӕцтӕ 16:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 10:1; Нм 16:38
  • +Нм 16:2

Нымӕцтӕ 16:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 3:10
  • +Нм 16:1

Нымӕцтӕ 16:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 3:9, 41
  • +Нм 1:53; 3:6; 4:4; Д.з 10:8

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2000, 20, 21 фф.

Нымӕцтӕ 16:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 13:10; Фп 2:3

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2000, 20, 21 фф.

Нымӕцтӕ 16:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 10:16
  • +Рц 16:8; Пс 106:16

Нымӕцтӕ 16:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:1
  • +1См 15:23; Иуд 8

Нымӕцтӕ 16:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:3; Нм 14:29
  • +Рц 22:28; Хъд 7:35

Нымӕцтӕ 16:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 3:8; Лв 20:24

Нымӕцтӕ 16:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 4:5
  • +1См 12:3; Хъд 20:33; 2Кр 7:2; 1Пт 3:16

Нымӕцтӕ 16:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:6
  • +1См 12:7

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2002, 24, 25 фф.

    1/8/2000, 21 ф.

Нымӕцтӕ 16:17

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2002, 24, 25 фф.

    1/8/2000, 21 ф.

Нымӕцтӕ 16:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:2, 40
  • +Нм 12:5; 14:10

Нымӕцтӕ 16:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 19:15; Рар 18:4
  • +Нм 3:10, 38; 16:45; Пс 73:19

Нымӕцтӕ 16:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 27:16; Иов 12:10; Ек 3:19; 12:7; Зх 12:1
  • +Рд 18:23; 2См 24:17

Нымӕцтӕ 16:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:1

Нымӕцтӕ 16:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 11:16

Нымӕцтӕ 16:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:2

Нымӕцтӕ 16:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Иов 9:4; Ӕм 16:18; 18:12

Нымӕцтӕ 16:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 7:2; 25:22; Д.з 18:18; Ин 5:30
  • +Рц 3:12; Д.з 18:22; Ин 5:36

Нымӕцтӕ 16:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ек 3:19; 9:5; Йез 18:4; Ро 5:12
  • +Д.з 18:21

Нымӕцтӕ 16:30

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «шеолмӕ». Кӕс 33 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 8.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 45:7
  • +Иов 31:3
  • +Пс 55:15; Ӕм 1:12
  • +Пс 74:18; 107:11

Нымӕцтӕ 16:31

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 26:10; Д.з 11:6; Пс 106:17

Нымӕцтӕ 16:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 26:11; 1Аз 6:31, 37

Нымӕцтӕ 16:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 55:23
  • +Иуд 11

Нымӕцтӕ 16:34

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 17:13

Нымӕцтӕ 16:35

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 10:2; Нм 11:1
  • +Нм 16:17; 26:10; Пс 106:18

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2002, 25 ф.

Нымӕцтӕ 16:37

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:6

Нымӕцтӕ 16:38

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 2:23; Ӕм 8:36
  • +Рц 38:1
  • +Нм 16:5; 17:10; 26:10; 1Тм 5:20

Нымӕцтӕ 16:39

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 16:6

Нымӕцтӕ 16:40

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 3:10; 18:7; 2Аз 26:18
  • +2Аз 26:16
  • +Пс 106:17; Иуд 11

Нымӕцтӕ 16:41

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 14:2; Пс 106:13; 2Пт 2:10

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2002, 25 ф.

Нымӕцтӕ 16:42

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:7; Нм 14:10; 16:19

Нымӕцтӕ 16:43

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 20:6

Нымӕцтӕ 16:45

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:21; Нм 16:21; 1Кр 10:10
  • +Нм 16:22

Нымӕцтӕ 16:46

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 6:12
  • +Рц 34:9; Нм 8:19
  • +Лв 10:6; Нм 1:53; 18:5; 1Аз 27:24

Нымӕцтӕ 16:48

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 24:16
  • +Рц 23:21; Нм 25:8

Нымӕцтӕ 16:49

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2002, 25 ф.

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Ным. 16:1Нм 26:9; 27:3; Иуд 11
Ным. 16:1Рц 6:16; Нм 3:17
Ным. 16:1Рц 6:18
Ным. 16:1Рц 6:21; Нм 3:19
Ным. 16:1Нм 26:8
Ным. 16:1Нм 26:9
Ным. 16:1Д.з 11:6
Ным. 16:1Рд 46:8; 1Аз 5:1
Ным. 16:3Нм 12:1; 14:2; 1См 15:23; Пс 106:16
Ным. 16:3Рц 19:6
Ным. 16:3Рц 29:45; Нм 14:14
Ным. 16:3Нм 12:2
Ным. 16:52Тм 2:19
Ным. 16:5Лв 21:6
Ным. 16:5Рц 28:43; Лв 10:3
Ным. 16:5Рц 28:1; Нм 17:5; 1См 2:28; Пс 105:26
Ным. 16:6Лв 10:1; Нм 16:38
Ным. 16:6Нм 16:2
Ным. 16:7Нм 3:10
Ным. 16:7Нм 16:1
Ным. 16:9Нм 3:9, 41
Ным. 16:9Нм 1:53; 3:6; 4:4; Д.з 10:8
Ным. 16:10Ӕм 13:10; Фп 2:3
Ным. 16:11Лк 10:16
Ным. 16:11Рц 16:8; Пс 106:16
Ным. 16:12Нм 16:1
Ным. 16:121См 15:23; Иуд 8
Ным. 16:13Рц 16:3; Нм 14:29
Ным. 16:13Рц 22:28; Хъд 7:35
Ным. 16:14Рц 3:8; Лв 20:24
Ным. 16:15Рд 4:5
Ным. 16:151См 12:3; Хъд 20:33; 2Кр 7:2; 1Пт 3:16
Ным. 16:16Нм 16:6
Ным. 16:161См 12:7
Ным. 16:19Нм 16:2, 40
Ным. 16:19Нм 12:5; 14:10
Ным. 16:21Рд 19:15; Рар 18:4
Ным. 16:21Нм 3:10, 38; 16:45; Пс 73:19
Ным. 16:22Нм 27:16; Иов 12:10; Ек 3:19; 12:7; Зх 12:1
Ным. 16:22Рд 18:23; 2См 24:17
Ным. 16:24Нм 16:1
Ным. 16:25Нм 11:16
Ным. 16:26Рц 23:2
Ным. 16:27Иов 9:4; Ӕм 16:18; 18:12
Ным. 16:28Рц 7:2; 25:22; Д.з 18:18; Ин 5:30
Ным. 16:28Рц 3:12; Д.з 18:22; Ин 5:36
Ным. 16:29Ек 3:19; 9:5; Йез 18:4; Ро 5:12
Ным. 16:29Д.з 18:21
Ным. 16:30Ис 45:7
Ным. 16:30Иов 31:3
Ным. 16:30Пс 55:15; Ӕм 1:12
Ным. 16:30Пс 74:18; 107:11
Ным. 16:31Нм 26:10; Д.з 11:6; Пс 106:17
Ным. 16:32Нм 26:11; 1Аз 6:31, 37
Ным. 16:33Пс 55:23
Ным. 16:33Иуд 11
Ным. 16:34Нм 17:13
Ным. 16:35Лв 10:2; Нм 11:1
Ным. 16:35Нм 16:17; 26:10; Пс 106:18
Ным. 16:37Нм 16:6
Ным. 16:381Пд 2:23; Ӕм 8:36
Ным. 16:38Рц 38:1
Ным. 16:38Нм 16:5; 17:10; 26:10; 1Тм 5:20
Ным. 16:39Нм 16:6
Ным. 16:40Нм 3:10; 18:7; 2Аз 26:18
Ным. 16:402Аз 26:16
Ным. 16:40Пс 106:17; Иуд 11
Ным. 16:41Нм 14:2; Пс 106:13; 2Пт 2:10
Ным. 16:42Рц 16:7; Нм 14:10; 16:19
Ным. 16:43Нм 20:6
Ным. 16:45Рц 23:21; Нм 16:21; 1Кр 10:10
Ным. 16:45Нм 16:22
Ным. 16:46Лв 6:12
Ным. 16:46Рц 34:9; Нм 8:19
Ным. 16:46Лв 10:6; Нм 1:53; 18:5; 1Аз 27:24
Ным. 16:482См 24:16
Ным. 16:48Рц 23:21; Нм 25:8
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
  • 39
  • 40
  • 41
  • 42
  • 43
  • 44
  • 45
  • 46
  • 47
  • 48
  • 49
  • 50
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Нымӕцтӕ 16:1–50

Нымӕцтӕ

16 Корей+, Левийы фырт+ Каафӕн йӕ фырт+ Ицгары фырт+, ӕмӕ ма йемӕ Елиавы фырттӕ+ Дафан+ ӕмӕ Авирон+, стӕй Пелефы фырт Он, Рувимы байзӕддӕгтӕ+, баиу сты 2 ӕмӕ Моисеймӕ бацыдысты. Семӕ ма ноджыдӕр бацыд Израилы фырттӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы, адӕмы хистӕртӕ, адӕмы уынаффӕйы лӕгтӕ, номдзыд адӕм. 3 Гъе уыдон Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Ацы адӕм иууылдӕр сыгъдӕг сты+ ӕмӕ Йегъовӕ се ’хсӕн ис+. Ӕмӕ уӕд сымах уӕхи Йегъовӕйы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрут?»+

4 Моисей куыддӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыста, афтӕ дӕлгоммӕ ӕрхауд. 5 Уый фӕстӕ Корейӕн ӕмӕ йемӕ чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн загъта: «Райсомӕй Йегъовӕ равдисдзӕн, йӕхион чи у+, сыгъдӕг чи у+ ӕмӕ йӕ размӕ бацӕуыны бар кӕмӕн ис, уый+. Ӕмӕ, кӕй равзара+, уый-иу бацӕудзӕн йӕ размӕ. 6 Афтӕ бакӕнут: райсут зынгхӕссӕнтӕ+, ды, Корей, ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон+, 7 ӕмӕ райсом Йегъовӕйы раз уӕ зынгхӕссӕнты нывӕрут зынгтӕ, сӕ сӕрыл та сын ӕрӕвӕрут буд. Ӕмӕ Йегъовӕ кӕй равзара+, уый у сыгъдӕг адӕймаг. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы фырттӕ!»+

8 Уый фӕстӕ Моисей Корейӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, байхъусут мӕм, Левийы фырттӕ. 9 Фаг уын нӕу, Израилы Хуыцау уӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕй кӕй рахицӕн кодта+ ӕмӕ уӕ йӕ разы кӕй ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы цатыры лӕггад кӕнат, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы раз лӕууат ӕмӕ сын лӕггад кӕнат?+ 10 Фаг уын нӕу, дӕу дӕр ӕмӕ де ’фсымӕрты дӕр, Левийы фыртты се ’ппӕты дӕр, йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодта, уый, ӕмӕ ма хъуамӕ сауджынтӕ дӕр уат?+ 11 Ды ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон, сымах цӕут Йегъовӕйы ныхмӕ+. Аарон та чи у, цӕмӕй йыл хъуыр-хъуыр кӕнат?»+

12 Уый фӕстӕ Моисей арвыста Дафан ӕмӕ Авиронмӕ+, Елиавы фырттӕм, фӕлӕ уыдон загътой: «Мах никуыдӕм цӕуӕм!+ 13 Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххӕй нӕ кӕй ракодтай, цӕмӕй нӕ ам ӕдзӕрӕг быдыры амарай+, уый дын фаг нӕу, ӕмӕ ма нын дӕхи хицау дӕр кӕныс?+ 14 Бакодтай нӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы+, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ нын радтай бынӕн зӕххытӕ ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ? Ӕви ацы адӕмӕн сӕ цӕстытӕ ракъахинаг дӕ? Мах никуыдӕм цӕуӕм!»

15 Уӕд Моисей тынг смӕсты ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Ма сын айс сӕ хоры кувинӕгтӕ+. Ӕз уыдонӕй иу хӕрӕг дӕр никӕмӕй райстон ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй дӕр никӕмӕн ницы ракодтон»+.

16 Ӕмӕ стӕй Моисей Корейӕн загъта+: «Ды дӕр ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон дӕр – райсом хъуамӕ ӕрлӕууат Йегъовӕйы раз+. Ды дӕр, уыдон дӕр ӕмӕ Аарон дӕр. 17 Алчидӕр уӕ райсӕд йӕ зынгхӕссӕн, ӕрӕвӕрӕд ыл буд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ зынгхӕссӕн ӕрбахӕссӕд Йегъовӕйы размӕ – дыууӕсӕдӕ фӕндзай зынгхӕссӕны. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ зынгхӕссӕн ӕмӕ Аарон дӕр ӕрбахӕссӕд йӕ зынгхӕссӕн». 18 Гъемӕ сӕ зынгхӕссӕнтӕ райстой, зынгтӕ дзы нывӕрдтой, сӕ сӕрыл та сын ӕрӕвӕрдтой буд ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны раз слӕууыдысты. 19 Корей адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмбырды цатыры бахизӕны раз сӕ ныхмӕ куы сӕмбырд кодта+, уӕд фӕзынд Йегъовӕйы кад ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр федтой+.

20 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 21 «Иуварс ацӕут+ ацы адӕмӕй, ӕмӕ сӕ ӕз ныртӕккӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафдзынӕн»+. 22 Фӕлӕ уыдон дӕлгоммӕ ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, ӕппӕтӕн дӕр цард чи дӕтты+, уыцы Хуыцау, ныр иу адӕймаджы тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт адӕммӕ дӕр ссудза дӕ маст?»+

23 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 24 «Адӕмӕн зӕгъ: „Иуварс ацӕут Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй!“»+

25 Ӕмӕ Моисей ацыд Дафан ӕмӕ Авиронмӕ, йемӕ ацыдысты Израилы хистӕр лӕгтӕ+ дӕр. 26 Ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, ацы фыдадӕмы цатыртӕй иуварс ацӕут ӕмӕ, уыдоны цы у, уыдӕттӕй мацӕмӕ бавналут+, цӕмӕй сымах дӕр сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ма фесӕфат». 27 Ӕмӕ уыдон уайтагъд иуварс ацыдысты Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй. Дафан ӕмӕ Авирон та сӕ устытимӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ цатырты бахизӕнты раз слӕууыдысты+.

28 Ӕмӕ уӕд Моисей загъта: «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ мӕхи фӕндӕй кӕй нӕ кӕнын+, фӕлӕ мӕ Йегъовӕ кӕй рарвыста, уый базондзыстут афтӕ+: 29 кӕд ацы адӕм, ӕппӕт адӕм куыд мӕлынц, афтӕ амӕлой ӕмӕ, ӕппӕт адӕм цы ӕфхӕрд баййафынц, ахӕм ӕфхӕрд баййафой+, уӕд мӕ Йегъовӕ нӕ рарвыста+. 30 Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ ӕнӕрцӕугӕ хъуыддаг бакӕна+, ӕмӕ зӕхх фегом уа ӕмӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр аныхъуыра+ ӕмӕ ингӕнмӕ*+ удӕгасӕй ныццӕуой, уӕд ӕй базондзыстут, ацы адӕм Йегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дардтой»+.

31 Куыддӕр Моисей уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ къӕхты бын аскъуыд+. 32 Зӕхх фегом ӕмӕ сын аныхъуырдта сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ хӕдзаронты дӕр, Корейы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ дӕр иууылдӕр+. 33 Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сын чидӕриддӕр уыд, уыдон дӕр удӕгасӕй ныццыдысты ингӕнмӕ, ӕмӕ сӕ зӕхх бамбӕрзта+, ӕмӕ ӕмбырды ’хсӕнӕй фесӕфтысты+. 34 Сӕ алыварс чи уыд, уыцы израилӕгтӕ сын сӕ цъӕхахст куы фехъуыстой, уӕд иууылдӕр лидзынмӕ фесты ӕмӕ хъӕр кодтой, ныртӕккӕ зӕхх мах дӕр аныхъуырдзӕн, зӕгъгӕ+. 35 Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт+ ӕмӕ аныхъуырдта, йӕ размӕ буд чи бахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы+.

36 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 37 «Аароны Фырт Елеазарӕн зӕгъ, цӕмӕй, адӕм кӕм басыгъдысты, уыцы бынатӕй зынгхӕссӕнтӕ рахӕсса+. Зӕгъ ын, цӕмӕй сын сӕ зынг ныппырх кӕна уыцы ран, уымӕн ӕмӕ уыдон сты табуйаг мигӕнӕнтӕ, 38 о, тӕригъӕд чи ракодта ӕмӕ йӕхи чи бабын кодта+, уыдоны зынгхӕссӕнтӕ. Скӕнӕнт дзы тӕнӕг сыфтӕ нывондхӕссӕны фӕрстӕ бамбӕрзынӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы размӕ бахастой, ӕмӕ систы табуйаг мигӕнӕнтӕ. Уыдон Израилы фырттӕн уыдзысты нысанӕн“»+. 39 Уӕд сауджын Елеазар райста, чи басыгъд, уыцы адӕм Хуыцауы размӕ цы ӕрхуы зынгхӕссӕнтӕ бахастой+, уыдон, ӕмӕ сӕ ныххостой ӕмӕ дзы скодтой тӕнӕг сыфтӕ нывондхӕссӕнӕн цъар скӕнынӕн, 40 Йегъовӕ йын Моисейы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, цӕмӕй йӕ Израилы фырттӕ сӕ зӕрдыл дарой, ӕмӕ-иу ӕддагӕттӕй+, Аароны байзӕддӕгтӕй чи нӕу, уыдонӕй Йегъовӕйы раз буд ссудзынмӕ мачи бацӕуа+ ӕмӕ, Корей ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон куыд бакодтой, афтӕ мачи бакӕна+.

41 Фӕлӕ иннӕ бон Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл+: «Сымах ныццагътат Йегъовӕйы адӕмы!» 42 Ӕмӕ адӕм Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ куы сӕмбырд сты, уӕд ӕмбырды цатыры ’рдӕм азылдысты, ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ цатыр мигъ ӕрӕмбӕрзта ӕмӕ фӕзынд Йегъовӕйы кад+.

43 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты ӕмбырды цатыры размӕ+ 44 ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 45 «Ацы адӕмӕй иуварс ацӕут, ӕмӕ сӕ ӕз ныртӕккӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафдзынӕн»+. Уӕд уыдон дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+, 46 ӕмӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Райс зынгхӕссӕн, нывондхӕссӕнӕй дзы зынг нывӕр+, йӕ сӕрыл ын ӕрӕвӕр буд ӕмӕ тагъддӕр ацу адӕммӕ ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+. Цӕгъдын сӕ райдыдта!» 47 Аарон дӕр зынгхӕссӕн фелвӕста, Моисей ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ ӕмбырды астӕумӕ азгъордта ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ адӕм цагъды кӕнынц. Ӕмӕ зынгхӕссӕны буд ӕрӕвӕрдта ӕмӕ райдыдта адӕмы сӕ тӕригъӕдӕй сыгъдӕг кӕнын. 48 Аарон лӕууыд мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн+. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг адӕм нал цагъды кодтой+. 49 Чи фӕцагъды, уыдон уыдысты цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы, Корейы тыххӕй чи амард, уыдонӕй уӕлдай. 50 Адӕм куы нал цагъды кодтой, уӕд Аарон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт Моисеймӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын