Данел
4 «Паддзах Навуходоносор зӕгъы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн+: бирӕ фарнӕй хайджын ут!+ 2 Фӕнды мӕ фехъусын кӕнын, Иунӕг Стыр Хуыцау мӕныл цы нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыста, уый тыххӕй+. 3 Куыд стыр сты йӕ нысӕнттӕ ӕмӕ куыд хъомысджын сты йӕ диссӕгтӕ!+ Йӕ паддзахад у ӕнусон паддзахад+. Уый хицау уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
4 Ӕз, Навуходоносор, мӕ хӕдзары ӕнцад-ӕнцойӕ цардтӕн+, мӕ галуаны мӕ бонтӕ ӕнӕмӕтӕй ӕрвыстон+. 5 Иухатт федтон фын, ӕмӕ, фыны цы федтон, уый мӕ тас бауагъта+. Мӕ хуыссӕныл куы хуыссыдтӕн, уӕд федтон цыдӕр нывтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ, ӕмӕ старстӕн+. 6 Уӕд ӕз бардзырд радтон, цӕмӕй мӕм ӕрбакодтаиккой Вавилоны зондджын лӕгты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ мын мӕ фын райхӕлдтаиккой+.
7 Ӕмӕ мӕм ӕрбацыдысты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, халдейтӕ+ ӕмӕ стъалыдӕснытӕ+. Ӕз сын мӕ фын радзырдтон, фӕлӕ йӕ сӕ бон райхалын не сси+. 8 Ӕппынфӕстаг мӕм ӕрбацыд Данел, мӕ хуыцауы номыл+ Валтасар+ кӕй схуыдтой ӕмӕ сыгъдӕг хуыцӕутты комытӕфӕй хайджын чи у+, уый, ӕмӕ уымӕн мӕ фын радзырдтон:
9 „О Валтасар, кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгты сӕргълӕууӕг!+ Ӕз ӕй зонын, ды сыгъдӕг хуыцӕутты комытӕфӕй хайджын кӕй дӕ+ ӕмӕ ахӕм сусӕгдзинад нӕй, дӕ бон раргом кӕнын кӕй ма бауа+. Фыны цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдон-ма мын радзур ӕмӕ мын сӕ райхал+.
10 Мӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ федтон+, цыма зӕххы астӕу лӕууыд бӕлас+, ӕмӕ уыди тынг стыр+. 11 Уыцы бӕлас стырӕй-стырдӕр ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кодта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ цъупп арвы онг схӕццӕ, ӕмӕ бӕлас зынди суанг зӕххы кӕронмӕ дӕр+. 12 Йӕ сыфтӕр уыд рӕсугъд, уыди йыл тынг бирӕ дыргътӕ, ӕмӕ уыдысты алкӕй фаг дӕр. Йӕ быны аууон+ агуырдтой хъӕддаг сырдтӕ+, йӕ къалиутыл та цардысты уӕларвон мӕргътӕ+, ӕмӕ йын алчидӕр йӕ дыргътӕй хордта.
13 Мӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ цӕстылуайӕнты дарддӕр федтон, цыма уӕларвӕй ӕрхызт сыгъдӕг+ хъахъхъӕнӕг+, 14 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Бӕлас акалут+ ӕмӕ йын йӕ къалиутӕ ныццӕгъдут. Йӕ сыфтӕр ын ныууигъут ӕмӕ йын йӕ дыргътӕ алырдӕмты ныппырх кӕнут. Йӕ бынӕй хъӕддаг сырдтӕ алидзӕнт ӕмӕ йӕ къалиутӕй мӕргътӕ атӕхӕнт+. 15 Фӕлӕ йын йӕ бындзӕфхад зӕххы ныууадзут ӕмӕ йыл уым кӕрдӕджы астӕу бакӕнут ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы тӕлытӕ. Уӕларвон ӕртӕх ӕй хуылыдз кӕнӕд ӕмӕ йӕ хай уӕд хъӕддаг сырдтимӕ зӕххон зайӕгойты ’хсӕн+. 16 Адӕймаджы зӕрдӕйы бӕсты йын уӕд хъӕддаг сырды зӕрдӕ+, ӕмӕ йыл авд рӕстӕджы+ рацӕуӕд. 17 Ацы уынаффӕ рахастой хъахъхъӕнджытӕ+ ӕмӕ ацы бардзырд рацыд сыгъдӕджытӕй, цӕмӕй адӕм зоной, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау+ ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ кӕй дӕтты+ ӕмӕ, ӕппӕты къаддӕр кад кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаджы кӕй сӕвӕры сӕ сӕргъы“+.
18 Ахӕм фын федтон ӕз, паддзах Навуходоносор. Ӕмӕ мын ӕй ды, Валтасар, райхал, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ паддзахады зондджын лӕгтӕй никӕй бон у райхалын+. Дӕуӕн та дӕ бон у, уымӕн ӕмӕ ды хайджын дӕ сыгъдӕг хуыцӕутты комытӕфӕй“+.
19 Уӕд Данел, йӕ ном Валтасар+ кӕмӕн у, уый, иуцасдӕр сагъдауӕй баззад, тас дзы бацыд+.
Паддзах ын загъта: „Валтасар, ма дӕ тӕрсын кӕнӕд уыцы фын ӕмӕ, цӕмӕ цӕуы, уый“+.
Ӕмӕ Валтасар загъта: „О мӕ буц хицау, дӕ бӕсты дӕ фыдгултӕ куы федтаиккой уыцы фын ӕмӕ, цӕмӕ цӕуы, уый де знӕгты куы баййафид+.
20 Цы бӕлас федтай, стырӕй-стырдӕр ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр чи кодта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ цъупп арвы онг кӕмӕн схӕццӕ, ӕмӕ зӕххыл алкӕдӕмдӕр чи зынди+, 21 йӕ сыфтӕр рӕсугъд кӕмӕн уыди, бирӕ дыргътӕ кӕуыл зад ӕмӕ йӕ дыргътӕ алкӕй фаг дӕр кӕмӕн уыдысты, хъӕддаг сырдтӕ кӕй быны цардысты ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ сӕхицӕн цӕрӕнбынӕттӕ кӕй къалиутыл скодтой+, 22 уый ды дӕ, о паддзах+, уымӕн ӕмӕ ды сдӕ номдзыд ӕмӕ хъомысджын паддзах, дӕ кад сбӕрзонд ӕмӕ арвы онг схӕццӕ+, ӕмӕ дӕ бартӕ аххӕссыдысты суанг зӕххы кӕронмӕ+.
23 Паддзах ма федта, уӕларвӕй кӕй ӕрхызт сыгъдӕг+ хъахъхъӕнӕг ӕмӕ афтӕ кӕй загъта: „Бӕлас акалут ӕмӕ йӕ фесафут, фӕлӕ йын йӕ бындзӕфхад зӕххы ныууадзут ӕмӕ йыл уым кӕрдӕджы астӕу бакӕнут ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы тӕлытӕ. Уӕларвон ӕртӕх ӕй хуылыдз кӕнӕд ӕмӕ хъӕддаг сырдтимӕ уӕд йӕ хай зӕххон зайӕгойты ’хсӕн, цалынмӕ йыл авд рӕстӕджы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ“+. 24 Уӕдӕ уыцы фын мӕнӕ цӕмӕ цӕуы, о паддзах, ӕмӕ мӕнӕ цы ’рцӕудзӕн мӕ буц хицауыл+ Иунӕг Стыр Хуыцауы+ ныхасмӕ гӕсгӕ+. 25 Адӕмы ’хсӕнӕй дӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ цӕрдзынӕ хъӕддаг сырдтимӕ+. Галау хӕрдзынӕ кӕрдӕг+ ӕмӕ дӕ уӕларвон ӕртӕх хуылыдз кӕндзӕн. Ӕмӕ дыл афтӕ рацӕудзӕн авд рӕстӕджы+, цалынмӕ нӕ базонай, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау+ ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ кӕй дӕтты+.
26 Ӕмӕ афтӕ загъд кӕй уыд, бӕласӕн йӕ бындзӕфхад ныууадзут+, зӕгъгӕ, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕ паддзахбадӕныл ӕрбаддзынӕ, уӕлӕрвты хицау Хуыцау кӕй у, уый куы базонай, уӕд+. 27 Уымӕ гӕсгӕ, о паддзах, курын дӕ, мӕ уынаффӕмӕ мын байхъус+: раст хъуыддӕгтӕ кӕн, ӕмӕ афтӕмӕй дӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕн+, мӕгуыртӕм фӕлмӕнзӕрдӕ у+, ӕмӕ афтӕмӕй сраст кӕн дӕ фыдхъуыддӕгтӕ. Уӕд, чи зоны, дӕ фӕрнӕйдзаг цард фылдӕр ахӕсса“»+.
28 Уыдӕттӕ иууылдӕр паддзах Навуходоносорыл ӕрцыдысты+.
29 Уымӕй дыууадӕс мӕйы куы рацыд, уӕд паддзах рацу-бацу кодта, Вавилоны йын цы галуан уыд, уый сӕрыл. 30 Паддзах загъта+: «Ай мӕнӕ номдзыд Вавилон нӕу? Ӕз ацы горӕт сарӕзтон ме стыр хъомысӕй+, цӕмӕй дзы паддзахы хӕдзар уа ӕмӕ цӕмӕй мӕ кад айхъуыса!»+
31 Паддзах йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Байхъус, о паддзах Навуходоносор: „Дӕ паддзахад дӕ къухӕй ист ӕрцыд+. 32 Адӕмы ’хсӕнӕй дӕ фӕсурдзысты ӕмӕ цӕрдзынӕ хъӕддаг сырдтимӕ+. Галау хӕрдзынӕ кӕрдӕг, ӕмӕ дыл афтӕ рацӕудзӕн авд рӕстӕджы, цалынмӕ нӕ базонай, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ кӕй дӕтты“»+.
33 Уыцы тӕккӕ сахат+ уыцы ныхас ӕрцыд Навуходоносорыл. Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, галау райдыдта кӕрдӕг хӕрын ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕртӕх хуылыдз кодта. Ӕмӕ афтӕ уыйбӕрц рӕстӕг рацыд, ӕмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы бумбулитау ӕрдаргъ сты, йӕ ныхтӕ та маргъы ныхты йас систы+.
34 «Уыцы рӕстӕг куы фӕци+, уӕд ӕз, Навуходоносор, арвмӕ скастӕн+ ӕмӕ мӕ зонд мӕхимӕ ’рцыд. Ӕмӕ Иунӕг Стыр Хуыцауӕн+ раарфӕ кодтон ӕмӕ, ӕнустӕм Чи цӕры, уый сбӕрзонд кодтон ӕмӕ йӕ скадджын кодтон+, уымӕн ӕмӕ уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ паддзахад лӕудзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 35 Зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр йӕ разы ницы сты+. Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн+. Ӕмӕ ахӕм ничи ис, йӕ къух ын чи аиуварс кӕна+ кӕнӕ йын афтӕ чи зӕгъа: „Уый цы кусыс?“+
36 Ӕмӕ уӕд мӕ зонд мӕхимӕ ’рцыд, фӕстӕмӕ мӕм раздӕхтысты мӕ кад ӕмӕ мӕ цыт, цӕмӕй та мӕ паддзахад скадджын уыдаид+. Мӕ хистӕр фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ме ’лдӕрттӕ зӕрдиагӕй агуырдтой мӕ уынаффӕ. Ӕмӕ ӕз фӕстӕмӕ мӕ паддзахбадӕныл ӕрбадтӕн, ӕмӕ мӕ кад ноджы бӕрзонддӕр сси+.
37 Ныр ӕз, Навуходоносор, кадджын кӕнын ӕмӕ бӕрзонд кӕнын уӕларвон+ Паддзахы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты ӕнӕхӕрам, йӕ фӕндӕгтӕ та – раст+, ӕмӕ йӕ бон у, сӕрбӕрзонд чи у, уыдоны ӕрныллӕг кӕнын»+.