Райдиан
37 Иаков дарддӕр цард, йӕ фыд ӕрцӕуӕггаг+ кӕм уыди, уыцы зӕххыл, Ханааны зӕххыл+.
2 Иаковы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.
Иосифыл+ ӕвддӕс азы куы цыди, уӕд йе ’фсымӕртимӕ, йӕ фыды устытӕ Валлӕ+ ӕмӕ Зелфӕйы+ лӕппутимӕ, хызта фыстӕ+,– семӕ уымӕн уыд, ӕмӕ нырма ӕрыгон уыди. Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн радзырдта, йе ’фсымӕртӕ ӕвзӕр митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй+. 3 Израил та Иосифы йӕ иннӕ фырттӕй фылдӕр уарзта+, уымӕн ӕмӕ йын зӕрондырдӕм райгуырд. Ӕмӕ йын бахуыйын кодта даргъ, дысджын хъулон уӕлӕдарӕс+. 4 Йе ’фсымӕртӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фыд се ’ппӕтӕй фылдӕр Иосифы уарзы, уӕд дзы се сӕфт федтой+, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди Иосифимӕ сабырӕй ныхас кӕнын+.
5 Иухатт Иосиф федта фын ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта+, ӕмӕ дзы уый тыххӕй ноджы тынгдӕр федтой се сӕфт. 6 Иосиф сын загъта: «Зонут, мӕ фыны цы федтон?+ 7 Быдыры астӕу бастам куыристӕ. Уӕд дын ӕвиппайды мӕ куырис ӕмраст куы алӕууид, уӕ куыристӕ та алӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын зӕххы онг акуывтой»+. 8 Уӕд ын йе ’фсымӕртӕ загътой: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ды махӕн паддзах уыдзынӕ?+ Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?»+ Ӕмӕ дзы йӕ фынты ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр се сӕфт федтой.
9 Уый фӕстӕ та Иосиф федта ӕндӕр фын ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Ноджыдӕр ма федтон иу фын, цыма мын хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы ныллӕг куывтой»+. 10 Иосиф йӕ фын йе ’фсымӕрты фӕстӕ радзырдта йӕ фыдӕн дӕр, ӕмӕ йын йӕ фыд бауайдзӕф кодта+: «Дӕ фын куыд ӕмбаргӕ у? Ау, ӕз, дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕумӕ ӕрбацӕудзыстӕм ӕмӕ дӕуӕн ныллӕг акувдзыстӕм?» 11 Ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ хӕлӕгӕй мардысты+. Фыд та уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта+.
12 Иу бон Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фыстӕ хизынмӕ атардтой Сихемы ’рдӕм+. 13 Цасдӕры фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕ фысты хизынц Сихеммӕ хӕстӕг, ӕмӕ сӕм куы ацӕуис». Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъай, афтӕ бакӕндзынӕн»+. 14 Ӕмӕ йын уӕд йӕ фыд загъта: «Ацу ӕмӕ базон, де ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ фос куыд сты, уый. Ӕмӕ мын стӕй хабӕрттӕ радзурдзынӕ»+. Ӕмӕ Иосиф дӕр Хевроны+ дӕлвӕзӕй араст Сихемы ’рдӕм. 15 Ӕмӕ быдыртыл куы разил-базил кодта, уӕд ыл иу лӕг амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?» 16 Иосиф ын загъта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Мыййаг ӕй нӕ зоныс, фысты кӕм хизынц, уый? Курын дӕ, зӕгъ мын ӕй». 17 Уӕд ын уыцы лӕг загъта: «Ардыгӕй ацыдысты. Ӕз сын фехъуыстон сӕ ныхас, зӕгъгӕ, дам, Дофанмӕ ацӕуӕм». Гъемӕ Иосиф ацыд йе ’фсымӕрты фӕдыл ӕмӕ сӕ Дофаны ссардта.
18 Уыдон ӕй дардмӕ ауыдтой, ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой+. 19 Кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕртӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг!+ 20 Зонут цы? Амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ доны дзыхъхъы ныппарӕм+. Ӕмӕ зӕгъдзыстӕм, хъӕддаг сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕй цы рауайдзӕн, уый». 21 Рувим уый куы фехъуыста, уӕд бацархайдта Иосифы сӕ къухӕй фервӕзын кӕнын+. Загъта сын: «Нӕ, марын ӕй нӕ хъӕуы»+. 22 Стӕй Рувим йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Туг ма ныккалут+. Фӕлтау ӕй ам, ӕдзӕрӕг быдыры, ацы дзыхъхъы ныппарут, маргӕ та йӕ ма акӕнут»+. Афтӕ сын уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ фӕндыд Иосифы сӕ къухӕй фервӕзын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ фыдмӕ фӕхӕццӕ кӕнын.
23 Иосиф йе ’фсымӕртӕм куы бахӕццӕ, уӕд ын йӕ уӕлӕдарӕс, йӕ даргъ хъулон уӕлӕдарӕс, раластой+, 24 йӕхи та йын дзыхъхъы ныппӕрстой+. Уыцы рӕстӕг дзыхъхъы дон нӕ уыди.
25 Стӕй ӕфсымӕртӕ ӕрбадтысты къӕбӕр бахӕрынмӕ+. Уалынмӕ кӕсынц, ӕмӕ уӕртӕ измаилӕгтӕ+ теуатыл ӕрбацӕуынц. Уыдон цыдысты Галаадӕй, ӕмӕ сӕ теуатыл Египетмӕ ластой хӕрздӕф чъиу*, бальзам ӕмӕ чъиубӕласы цъар+. 26 Уӕд Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард* куы басусӕг кӕнӕм, уӕд нын уымӕй цы пайда ис?+ 27 Фӕлтау ӕй измаилӕгтӕн+ ауӕй кӕнӕм, ӕмӕ йыл нӕ къухӕй мацы ӕрцӕуӕд+. Уӕддӕр не ’фсымӕр у, нӕ туг*». Ӕмӕ уыдон дӕр се ’фсымӕрмӕ байхъуыстой+. 28 Ӕмӕ мадиамаг сӕудӕджертӕ+ сӕ рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Иосифы дзыхъхъӕй систой+ ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн дыууын ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтой+. Ӕмӕ йӕ уыдон Египетмӕ акодтой.
29 Фӕстӕдӕр Рувим ӕрбаздӕхт, дзыхъмӕ бацыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ Иосиф уым нал ис. Уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+ 30 ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм фӕфӕдис: «Лӕппу уым нал ис! Ныр ӕз куыд кӕнон?»+
31 Фӕлӕ уыдон райстой Иосифы уӕлӕдарӕс, сӕгъ аргӕвстой ӕмӕ йын йӕ туджы йӕ уӕлӕдарӕс стылдтой+. 32 Стӕй уыцы даргъ хъулон уӕлӕдарӕс арвыстой сӕ фыдмӕ ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕнӕ ацы дзаума ссардтам. Ӕркӕс-ма+, дӕ лӕппуйы уӕлӕдарӕс нӕу?»+ 33 Фыд ӕм куы ’ркаст, уӕд загъта: «Ай мӕ фырты уӕлӕдарӕс у! Иосифы хъӕддаг сырд бахордта!+ Акъабӕзтӕ йӕ кодта!»+ 34 Ӕмӕ Иаков йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ астӕуыл хъисын ӕрбакодта ӕмӕ бирӕ рӕстӕг куыдта йӕ фыртыл+. 35 Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕм йӕ чызджытӕ се ’ппӕт дӕр цыдысты ӕмӕ йӕ сабыр кодтой+, фӕлӕ сӕм уый нӕ хъуыста ӕмӕ дзырдта+: «Ӕз мӕ хъӕбулмӕ ингӕнмӕ* кӕугӕйӕ ныххиздзынӕн!» Ӕмӕ афтӕ куыдта фыд йӕ фыртыл.
36 Мадиамӕгтӕ та Иосифы Египеты ауӕй кодтой Потифарӕн+, фараоны фӕсдзӕуинтӕй иуӕн – хъахъхъӕнджыты хистӕрӕн+.