2 Коринфӕгтӕм
5 Мах ӕй зонӕм, нӕ зӕххон хӕдзар+, ома ацы цатыр+, нӕ буар, кӕй фехӕлдзӕн+ ӕмӕ нын Хуыцау кӕй ратдзӕн, адӕймаджы къухӕй+ конд чи нӕу, ахӕм хӕдзар, ӕнусон+ хӕдзар уӕлӕрвты. 2 Ацы хӕдзары мах тухӕнӕй мӕлӕм+ ӕмӕ бӕллӕм нӕ уӕларвон хӕдзары бацӕрынмӕ*+, 3 цӕмӕй уый мидӕг уӕм ӕмӕ бӕгънӕг ма разынӕм+. 4 О, мах ацы цатыры мидӕг уаргъы бын тухӕнӕй мӕлӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ дзы куы фервӕзиккам*, уый нӕ фӕнды, фӕлӕ нӕ фӕнды ӕндӕры бацӕрын*+, цӕмӕй цард аныхъуыра, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый+. 5 Ацы хъуыддагӕн нӕ бацӕттӕ кодта Хуыцау+, ӕмӕ нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал+ нын радта йӕ сыгъдӕг тых+.
6 Уымӕ гӕсгӕ мах алкӕддӕр стӕм ныфсджын ӕмӕ йӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ хӕдзар ацы буар у, уӕдмӕ нӕ Хицауимӕ нӕма стӕм+, 7 уымӕн ӕмӕ мах, цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй+. 8 Фӕлӕ мах стӕм ныфсджын ӕмӕ нӕ бӕргӕ фӕндид, цӕмӕй ацы буарӕй фервӕзӕм ӕмӕ нӕ Хицаумӕ ӕрцӕрӕм+. 9 Уымӕ гӕсгӕ, кӕмфӕнды ма цӕрӕм,– йемӕ ӕви ӕнӕ уымӕй+,– уымӕ тырнӕм, цӕмӕй нӕ алкӕддӕр йӕ хорзӕх уа+, 10 уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр ӕрлӕудзыстӕм Чырыстийы тӕрхоны раз+ ӕмӕ нӕ алчидӕр райсдзӕн, буары цӕргӕйӕ хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы арӕзта, уымӕ гӕсгӕ+.
11 Гъемӕ уӕдӕ, нӕ Хицауӕй кӕй хъуамӕ тӕрсӕм+, уый зонгӕйӕ, мах дарддӕр дӕр архайӕм+, цӕмӕй адӕм, цы дзурӕм, ууыл баууӕндой. Нӕхӕдӕг цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый та Хуыцау зоны. Ӕмӕ мӕ ныфс ис, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый сымах дӕр кӕй зонут*+. 12 Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм+, фӕлӕ уын дӕттӕм фадат, цӕмӕй нӕ сӕрыстыр уат+ ӕмӕ уӕ бон дзуапп раттын уа, зӕрдӕйы+ цы ис, уымӕй нӕ, фӕлӕ, адӕмы ’хсӕн цы бынат ахсынц, уымӕй+ чи у сӕрыстыр, уыдонӕн. 13 Ӕмӕ кӕд нӕ сӕрызонд фӕцыд+, уӕд уый уыд Хуыцауы номыл, кӕд нӕ сӕрызонд нӕхимӕ ис+, уӕд та – сымах пайдайӕн. 14 Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм: иу адӕймаг амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр+. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр амардысты. 15 Ӕмӕ уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой+, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас+, уымӕн+.
16 Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ зӕххон адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм+. Кӕд Чырыстимӕ раздӕр зӕххон адӕймаджы цӕстӕй кастыстӕм*+, уӕд ӕм ныр ахӕм цӕстӕй нал кӕсӕм+. 17 Уӕдӕ кӕд исчи Чырыстиимӕ иудзинады ис, уӕд уый у, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ахӕм ног адӕймаг+. Раздӕр цы уыд, уыдӕттӕ аивгъуыдтой+, ӕмӕ фӕзынд ног+. 18 Фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Хуыцауӕй – уый нӕ бафидауын кодта+ йӕхиимӕ Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ нын радта фидауынгӕнӕн куыст+. 19 Ӕндӕр ныхасӕй: Хуыцау Чырыстийы фӕрцы+ дуне йӕхиимӕ+ фидауын кӕны+ ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп нӕ домы+. Фидыды хабар+ хъусын кӕнын та бахӕс кодта махӕн+.
20 Уӕдӕ мах+ стӕм минӕвӕрттӕ+ Чырыстийы бӕсты+, раст цыма Хуыцау мах дзыхӕй дзуры, афтӕ+. Ӕмӕ Чырыстийы бӕсты адӕмӕн лӕгъстӕ кӕнӕм+: «Хуыцауимӕ бафидаут». 21 Тӕригъӕд чи никуы сарӕзта+, уый Хуыцау нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста+, цӕмӕй уый фӕрцы Хуыцауы цӕсты суӕм рӕстгӕнджытӕ+.