2 Паддзӕхты
16 Иудӕйы паддзах Иофамы фырт Ахаз+ паддзах сси, Ремалийы фырт Факей ӕвддӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Ахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы. Фӕлӕ, йӕ фыдӕл Давидӕй уӕлдай, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый нӕ арӕзта+. 3 Ахаз цыди Израилы паддзӕхты фӕндагыл+. Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+ ӕмӕ ма суанг йӕ фырты дӕр арты басыгъта*+. 4 Кувӕн бынӕтты+, къуыбыртыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы+ бын нывӕндтӕ хаста ӕмӕ-иу уым нывӕндты фӕздӕг суагъта.
5 Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Рецин+ ӕмӕ Израилы паддзах Факей+, Ремалийы фырт, Иерусалимы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ Ахазыл ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕртыхстысты, фӕлӕ горӕт басӕттын сӕ бон нӕ баци+. 6 Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Рецин байста Елаф+ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ едомӕгтӕн радта, ӕмӕ уый фӕстӕ дзуттӕгты уырдыгӕй фӕсырдта. Едомӕгтӕ Елафы ӕрцардысты ӕмӕ абоны онг дӕр уым цӕрынц. 7 Уӕд Ахаз Ассирийы паддзах Феглаффелласармӕ+ йӕ адӕмы арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Ӕз дӕн дӕ цагъар+ ӕмӕ дӕ фырт. Сирийы паддзах ӕмӕ Израилы паддзах мӕ ныхмӕ цӕуынц, ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, ӕрцу ӕмӕ мӕ сӕ къухӕй фервӕзын кӕн»+. 8 Ӕмӕ Ахаз, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин уыд, уый рахаста+ ӕмӕ сӕ Ассирийы паддзахӕн арвыста, йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон+, зӕгъгӕ. 9 Ассирийы паддзах ӕм байхъуыста, ӕмӕ Дамаскмӕ+ ӕрцыд ӕмӕ йӕ бацахста+. Йӕ цӕрджыты йын Кирмӕ+ уацары акодта, Рецины+ та амардта.
10 Ӕмӕ уӕд паддзах Ахаз+ Дамаскмӕ ацыд, цӕмӕй Ассирийы паддзах Феглаффелласаримӕ+ фембӕлдаид. Паддзах Ахаз федта, Дамаскы цы нывондхӕссӕн+ уыд, уый ӕмӕ йын йӕ ныв сауджын Уримӕ арвыста ӕмӕ йын бамбарын кодта, куыд арӕзт уыди, уый+. 11 Ӕмӕ цалынмӕ паддзах Ахаз Дамаскӕй здӕхт, уӕдмӕ сауджын Ури+ нывондхӕссӕн сарӕзта+. Скодта йӕ, паддзах ын Дамаскӕй цы ныв ӕрбарвыста ӕмӕ йын куыд бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ. 12 Паддзах Дамаскӕй куы ’рцыд ӕмӕ нывондхӕссӕн куы федта, уӕд йӕ размӕ бацыд+ ӕмӕ йыл кувинӕгтӕ ӕрхаста+. 13 Йӕ судзинаг нывонд+ ӕмӕ йыл йӕ хоры кувинаг+ басыгъта+, йӕ кувинаг нозт ыл рауагъта+ ӕмӕ йыл йӕ фарны нывӕндты туг бапырх кодта. 14 Йегъовӕйы раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ уыд, уый та хӕдзары разӕй, йӕ нывондхӕссӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары+ ’хсӕнӕй, рахаста ӕмӕ йӕ йӕ нывондхӕссӕнӕн цӕгатырдыгӕй сӕвӕрдта. 15 Ӕмӕ сауджын Урийӕн+ загъта: «Ацы стыр нывондхӕссӕныл хӕсс, райсомӕй кӕй фӕхӕссынц, уыцы судзинаг нывонд+ дӕр, изӕрӕй кӕй фӕхӕссынц+, уыцы хоры кувинаг дӕр, паддзахы судзинаг нывонд+ ӕмӕ хоры кувинаг дӕр, стӕй ӕппӕт адӕмы судзинаг нывонд, сӕ хоры кувинаг ӕмӕ сӕ кувинаг нозт дӕр. Ӕмӕ-иу судзинаг нывӕндты туг ӕмӕ иннӕ нывӕндты туг дӕр ацы нывондхӕссӕныл бапырх кӕн. Ӕрхуы нывондхӕссӕнӕн цы бакӕнон, ууыл та нырма ахъуыды кӕндзынӕн». 16 Сауджын Ури+ алцыдӕр арӕзта, паддзах Ахаз ын куыд дзырдта, афтӕ+.
17 Стӕй ма паддзах Ахаз уӕрдӕтты+ фӕрстӕ+ дӕр ныссаста+ ӕмӕ, уӕрдӕттыл цы ӕгтӕ+ уыди, уыдон систа. Ӕрхуы денджыз+ дӕр, цы ӕрхуы галтыл+ лӕууыд, уыдонӕй ӕриста ӕмӕ йӕ дурӕй конд пъолыл ӕрӕвӕрдта. 18 Сабатбон архайынӕн кувӕндоны фарсмӕ цы ӕмбӕрзт агъуыст уыд, уый Йегъовӕйы хӕдзарӕй ахицӕн кодта, стӕй, паддзах кӕуылты цыд, уыцы бахизӕн дӕр сӕхгӕдта, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзахӕй тарст.
19 Ахазы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 20 Ӕппынфӕстаг Ахаз йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езеки+.