Исай
66 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Уӕларв у мӕ паддзахбадӕн+, зӕхх та – мӕ къӕхтӕвӕрӕн+. Ӕмӕ мын уӕд цавӕр хӕдзар сараздзыстут+ ӕмӕ кӕм ис ахӕм бынат, цӕмӕй дзы цӕрон?»+
2 «Мӕ къух скодта ӕппӕт адӕттӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ фӕзындысты+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕз ӕркӕсдзынӕн, ӕфхӕрд ӕмӕ ныфссаст чи у+ ӕмӕ мӕ ныхас тас кӕй уадзы, ахӕм адӕймагмӕ+.
3 Гал чи ӕргӕвды, уый у, адӕймаджы чи мары, уый хуызӕн+. Фыс нывондӕн чи хӕссы, уый у, куыдзы бӕрзӕй чи сӕтты, уый хуызӕн+. Кувинаг чи хӕссы, уый у, раст цыма хуыйы туг хӕссы нывондӕн, уыйау!+ Урс буд зӕрдыл дарынӕн чи судзы, уый у+, кӕлӕнгӕнӕн ныхӕстӕй арфӕ чи кӕны, уый хуызӕн+. Уыдон равзӕрстой сӕхи фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сӕ удӕн адджын сты се ’лгъаг хъуыддӕгтӕ+. 4 Гъемӕ ӕз та равзардзынӕн, куыд сӕ бафхӕрон, уый+, ӕмӕ, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕтты хай сӕ бакӕндзынӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕм ӕз дзырдтон, фӕлӕ мын дзуапдӕттӕг нӕ уыд, ӕз дзырдтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди+. Уыдон уӕддӕр арӕзтой, мӕ цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уыдӕттӕ, ӕвзӕрстой, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый»+.
5 Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ, йӕ ныхас тас кӕй уадзы, уыдон+: «Йе сӕфт уӕ чи уыны+ ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй чи суры+, уӕ уыцы ӕфсымӕртӕ дзурынц, табу Йегъовӕйӕн, зӕгъгӕ+. Хуыцау фӕзындзӕн, ӕмӕ сымах цин кӕндзыстут+, уыдон та фӕхудинаг уыдзысты»+.
6 Горӕтӕй хъуысы хъӕр, кувӕндонӕй цӕуы хъӕлӕба!+ Уый Йегъовӕ у – йе знӕгтӕн фиды, цы сын ӕмбӕлы, уый+.
7 Уыцы сылгоймагӕн йӕ арыны тухитӕ нӕма райдыдтой, афтӕ ныййардта+. Йӕ рыстытӕ нӕма райдыдтой, афтӕ йын райгуырди лӕппу+. 8 Ахӕм хабар исчи фехъуыста?+ Ахӕм диссаг исчи федта?+ Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ иу бонмӕ+ бӕстӕ фӕзына*?+ Науӕд ӕнӕхъӕн адӕмыхатт+ ӕвиппайды райгуыра?+ Сионӕн та райдыдтой йӕ арыны тухитӕ ӕмӕ йын райгуырд фырттӕ.
9 «Иугӕр сылгоймагӕн йӕ хуылф байгом кодтон, уӕд сывӕллоны райгуырын нӕ бауадздзынӕн?»+ – зӕгъы Йегъовӕ. «Кӕнӕ сывӕллон куы гуыра, уӕд мады хуылф ӕхгӕнгӕ скӕндзынӕн?» – зӕгъы дӕ Хуыцау.
10 Цин кӕнут Иерусалимимӕ, йемӕ иумӕ фырцинӕй зарут+, чи йӕ уарзы, уыдон уе ’ппӕт дӕр+. Йемӕ цин кӕнут, фырцинӕй кафут, чи йыл маст кӕны, уыдон иууылдӕр+. 11 Уымӕн ӕмӕ йӕ рӕвдыдӕй бафсӕддзыстут, уӕ мондӕгтӕ суадздзыстут йӕ кадӕй, сывӕллон дзидзи куы бадӕйы, уӕд куыд вӕййы, афтӕ+. 12 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз ыл цӕугӕдонау ӕруадздзынӕн фарн+, ивылд цӕугӕдонау – адӕмты кад+, ӕмӕ дзы уӕхи ӕфсаддзыстут+. Сымах хӕсдзысты сӕ хъӕбысы. Сӕ хъӕбысы уӕ сбадын кӕндзысты ӕмӕ уыл цинтӕ кӕндзысты+. 13 Адӕймагӕн йӕ мад йӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕна, афтӕ уын ӕз дӕр уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн+. Ӕмӕ Иерусалиммӕ кӕсгӕйӕ уӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уыдзӕн+. 14 Сымах акӕсдзыстут, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ фырцинӕй ныррухс уыдзысты+, ӕмӕ уе стджыты+ цъӕх кӕрдӕгау хъару бацӕудзӕн+. Ӕмӕ Йегъовӕйы къух раргом уыдзӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕн+, йе знӕгты та баййафдзӕн йӕ фыдӕх»+.
15 «Йегъовӕ артау ӕрбацӕуы+, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ сты тыхджын дымгӕйы хуызӕн+. Уый ӕрбацӕуы, цӕмӕй сын бафида судзгӕ мастӕй, йӕ карз уайдзӕфы пиллон артӕй+. 16 Йегъовӕ судзгӕ артау йӕ хъамаимӕ+ алкӕимӕ дӕр тохы бацӕудзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон уыдзысты тынг бирӕ+. 17 Йӕхи чи цӕттӕ кӕны ӕмӕ йӕхи чи сыгъдӕг кӕны, цӕмӕй дыргъдонмӕ+ бацӕуой ӕмӕ, астӕуӕй чи ис, уыцы гуымирыйы фӕстӕ слӕууой, хуыйы фыд+ ӕмӕ, ӕлгъаг цы у, уый, суанг ма уырыйы+ дзидза дӕр, чи хӕры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн,– зӕгъы Йегъовӕ.– 18 Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ+, ӕмӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕнон ӕппӕт адӕмты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмыхӕттыты+. Уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ мын фендзысты мӕ кад»+.
19 «Ӕз сараздзынӕн хъомысджын хъуыддаг, ӕмӕ уый уыдзӕн нысан+. Ӕмӕ ма чи аирвӕза, уыдонӕй арвитдзынӕн иннӕ адӕмтӕм+ – Фарсисмӕ+, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ+. Арвитдзынӕн сӕ Фувал ӕмӕ Иаванмӕ+, ӕрдынбос чи айвазы, уыдонмӕ, стӕй дард сакъадӕхтӕм+, мӕн тыххӕй чи нӕ фехъуыста ӕмӕ мын мӕ кад чи нӕ федта, уыдонмӕ+. Ӕмӕ адӕмты ’хсӕн радзурдзысты мӕ кады тыххӕй+. 20 Ӕмӕ уын уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ӕрбаласдзысты+ Йегъовӕйӕн кувинагӕн+. Ӕрбаласдзысты сӕ мӕ сыгъдӕг хохмӕ+, Иерусалиммӕ, бӕхтыл, бӕхуӕрдӕттыл, ӕхгӕд уӕрдӕтты, хӕргӕфстыл ӕмӕ рӕвдз теуатыл+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Уый уыдзӕн, Израилы фырттӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ сыгъдӕг мигӕнӕны кувинаг куыд ӕрбахӕссынц, афтӕ»+.
21 «Уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты скӕндзынӕн сауджынтӕ, кӕйдӕрты та – левиттӕ»,– зӕгъы Йегъовӕ.
22 «Кӕй аразын, уыцы ног арв+ ӕмӕ ног зӕхх+ мӕ разы куыд сты+, афтӕ уыдзысты уӕ байзӕддӕгтӕ+ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
23 «Уӕд ногмӕйӕ ногмӕймӕ ӕмӕ сабатӕй сабатмӕ иууылдӕр цӕудзысты, цӕмӕй мын бакувой+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 24 Уыдон рацӕудзысты ӕмӕ фендзысты, мӕ разы фыдракӕндтӕ чи арӕзта, уыдоны мӕрдтӕ+. Цы кӕлмытӕ сыл уыдзӕн, уыдон нӕ мӕлдзысты ӕмӕ сӕ арт нӕ хуысдзӕн+. Ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр суыдзысты ӕлгъаг»+.