Ӕмбисӕндтӕ
4 Байхъусут, мӕ хъӕбултӕ, уӕ фыды зондамындмӕ+, хъусут лӕмбынӕг, цӕмӕй суат ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕ+. 2 Хорз цы у, уый уын бацамондзынӕн+. Мӕ закъоныл мын уӕ къух ма сисут+. 3 Ӕз дӕр мӕ фыдӕн уыдтӕн хорз лӕппу+, ӕмӕ мӕ мадӕн – йӕ гыццыл, йӕ уарзон хъӕбул*+. 4 Ӕмӕ-иу мын мӕ фыд зонд амыдта+, дзырдта-иу мын: «Мӕ ныхӕстӕ мын+ дӕ зӕрдӕйы+ арф нывӕр. Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай+. 5 Амал кӕн зонд+, амал кӕн ӕмбарындзинад+. Мӕ ныхӕстӕ мын ма рох кӕн, сӕ сӕрты ма ахиз+. 6 Зондыл дӕ къух ма сис, ӕмӕ дӕм йӕ хъус дардзӕн. Уарз ӕй, ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн. 7 Зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр+. Уӕдӕ амал кӕн зонд. Ӕмӕ цыфӕнды ма самал кӕнай,– ма-иу дӕ ферох уӕд ӕмбарындзинад самал кӕнын дӕр+. 8 Зондӕн стыр аргъ кӕн, ӕмӕ дӕ сбӕрзонд кӕндзӕн+. Дӕ хъӕбысы йӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй дӕ скадджын кӕндзӕн+. 9 Уый дын дӕ сӕрыл ӕркӕндзӕн фидыцы худ+, балӕвар дын кӕндзӕн рӕсугъд кадыхуд»+.
10 Байхъус мӕм, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ айс+, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай+. 11 Ӕз дын бацамондзынӕн зонды фӕндаг+, акӕндзынӕн дӕ раст фӕндӕгтыл+. 12 Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ ницы хъыгдардзӕн+, ӕмӕ куы азгъорай, уӕд нӕ фӕкӕлдзынӕ+. 13 Зондамындыл фидар хӕц+, ма йӕ суадз+. Хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уымӕй кӕнгӕ у+.
14 Фыдгӕнджыты фӕндагыл ма ’рлӕуу+ ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы фӕндагыл ма ацу+. 15 Дӕхи дзы хиз+, ма йыл цу+, дӕхи дзы дард айс ӕмӕ йӕ иувӕрсты ацу+. 16 Уыдон нӕ бафынӕй уыдзысты, цалынмӕ исты ӕвзӕрдзинад нӕ ракӕной+, уӕдмӕ, сӕ хуыссӕг фӕлидздзӕн, искӕй куы нӕ фӕрӕдийын кӕной, уӕд+. 17 Уыдон хӕрынц, фыддзинады фӕрцы кӕй самал кӕнынц, ахӕм дзул+, нуазынц, тыхӕй кӕй байсынц, ахӕм сӕн+. 18 Фӕлӕ рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ+. 19 Фыдгӕнджыты фӕндаг та саудалынгӕй уӕлдай нӕу+ – цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый сӕхӕдӕг дӕр нӕ зонынц+.
20 Мӕ хъӕбул, мӕ ныхӕстӕм мын лӕмбынӕг хъус+. Цы дын дзурын, уымӕ дӕ хъус ӕрдар+. 21 Мӕ ныхӕстӕ ӕдзухдӕр уӕнт дӕ цӕстыты раз+, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф нывӕр+. 22 Чи сӕ ссардта, уыдонӕн сты цард+, сӕ буарӕн – ӕнӕниздзинад+. 23 Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ+, уымӕн ӕмӕ уым гуырынц царды суадӕттӕ+. 24 Дӕхи хиз гӕдыныхасӕй+, де ’взагыл мӕнгард ныхас абадын ма бауадз+. 25 Дӕ цӕстытӕ кӕсӕнт размӕ+, дӕ цӕстӕнгас комкоммӕ дӕ фӕндагмӕ сараз+. 26 Дӕ къахӕн-иу фӕндаг слӕгъз кӕн+ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цу+. 27 Мадӕр рахизырдӕм ахиз, мадӕр – галиуырдӕм+. Ӕвзӕрдзинадӕй дӕ къах дӕрдты хӕсс+.