Давиды псалом.
103 Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд+,
Ӕмӕ мӕ буары алы уӕнг дӕр – йӕ сыгъдӕг номӕн+.
2 Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд,
Ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕй иу дӕр ма рох кӕн+.
3 Уый дын хатыр кӕны дӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр+,
Дзӕбӕх дӕ кӕны де ’ппӕт низтӕй дӕр+,
4 Фервӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй+,
Кадыхудау дыл ӕркӕны ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+,
5 Царды дӕ хорздзинӕдтӕй ӕфсады+.
Де ’рыгон бонты хъарутӕ дӕм цӕргӕсы хъарутау раздӕхынц фӕстӕмӕ+.
6 Йегъовӕ архайы рӕстӕй+
Ӕмӕ тӕрхоны уынаффӕ рахӕссы, кӕй сайынц, уыдоны пайдайӕн+.
7 Уый йӕ фӕндӕгтӕ раргом кодта Моисейӕн+,
Йӕ хъуыддӕгтӕ – Израилы фырттӕн+.
8 Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг+,
Уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+.
9 Нӕ рӕдыдтытӕ нын ӕдзух нӕ дардзӕн нӕ цӕстмӕ+,
Ӕнустӕм нӕм нӕ мӕсты кӕндзӕн+.
10 Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны+,
Ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нын нӕ бафиды+,
11 Уымӕн ӕмӕ арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у+,
Афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+.
12 Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у+,
Афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ+.
13 Фыд йӕ фырттӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у+,
Афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Йегъовӕ, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+.
14 Уымӕн ӕмӕ хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый+,
Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу+.
15 Зӕххон адӕймаджы царды бонтӕ сты цъӕх кӕрдӕджы бонтау+,
Быдырон дидинӕгау дидинӕг бирӕ нӕ калы+.
16 Дымгӕ йыл радымы, ӕмӕ нал вӕййы+,
Ӕмӕ кӕм уыд, уый зонгӕ дӕр ничиуал бакӕндзӕн+.
17 Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хайджын сты+,
Чи дзы тӕрсы, уыдон+,
Ӕмӕ йӕ рӕстдзинадӕй – сӕ фыртты фырттӕ+,
18 Йӕ бадзырдыл ын фидар чи хӕцы+
Ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ чи нӕ рох кӕны, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдон+.
19 Йегъовӕ йӕ паддзахбадӕн ӕрфидар кодта уӕлӕрвты+.
Уый у паддзах ӕмӕ йӕ бар цӕуы ӕппӕтыл дӕр+.
20 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йӕ зӕдтӕ+, хъомысджынтӕ, йӕ ныхас ын чи ӕххӕст кӕны+
Ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ чи хъусы, уыдон+.
21 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр+,
Йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ фӕндон ын чи ӕххӕст кӕны, уыдон+.
22 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уе ’ппӕт дӕр, кӕй сфӕлдыста, уыдон+,
Йӕ бар кӕмдӕриддӕр цӕуы, уым+.
Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд+.