Амонӕгӕн. «Ӕгомыг бӕлон дард бӕстӕйы». Давиды псалом. Михтам. Филистимӕгтӕ йӕ Гефы+ куы ’рцахстой, уӕд.
56 Батӕригъӕд мын кӕн, о Хуыцау, зӕххон адӕймаг мӕм лӕбуры+.
Ӕнӕхъӕн бон мемӕ тох кӕны, ссӕнды мӕ+.
2 Ме знӕгтӕ мӕм ӕнӕхъӕн бон лӕбурынц+,
Бирӕтӕ мемӕ сӕрбӕрзондӕй тох кӕнынц+.
3 Куы фӕтӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл+.
4 Хуыцауимӕ иудзинады ӕз бӕрзонд кӕндзынӕн йӕ ныхас+.
Ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл, ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн+.
Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?+
5 Бон-изӕрмӕ мын цӕлхдуртӕ ӕвӕрынц,
Сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, цы ӕвзӕрдзинад мын ракӕной, ууыл+.
6 Ӕрбабырсынц, ӕрӕмбӕхсынц+,
Мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр мын кӕсынц+,
Хъавынц мӕ марынмӕ+.
7 Сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сыл дӕ къух сис+.
Дӕ мӕстӕй адӕмтӕн сӕ тых басӕтт, о Хуыцау+.
8 Ды дӕхимӕ фыстай, куыд рахау-бахау кодтон, уыдӕттӕ+.
Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр+.
Дӕ чиныджы фыст не сты?+
9 Куы дӕм сдзыназон, уыцы бон ме знӕгтӕ лидзӕг фӕуыдзысты+.
Ӕз ӕй фидарӕй зонын, Хуыцау мӕ фарс кӕй у+.
10 Хуыцауимӕ иудзинады+ ӕз бӕрзонд кӕндзынӕн йӕ ныхас.
Йегъовӕимӕ иудзинады ӕз бӕрзонд кӕндзынӕн йӕ ныхас+.
11 Ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл, ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсдзынӕн+.
Цы мын бакӕндзӕн зӕххон адӕймаг?+
12 О Хуыцау, мӕ сомытӕ мын дӕ разы сты ӕххӕстгӕнинаг+.
Ӕз дын ӕрхӕсдзынӕн арфӕйы нывӕндтӕ+.
13 Ды мын мӕ уд мӕлӕтӕй фервӕзын кодтай+.
Мӕ къах мын фӕцудын нӕ бауагътай+,
Цӕмӕй Хуыцауы раз царды рухсы цӕуон+.