Нымӕцтӕ
25 Израил цард Ситтимы+. Ӕмӕ израилӕгтӕ райдыдтой Моавы чызджытимӕ хӕтын+. 2 Моавӕгтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ куы хастой+, уӕд-иу сӕ сылгоймӕгтӕ фӕхуыдтой израилӕгты дӕр. Ӕмӕ сын израилӕгтӕ райдыдтой сӕ нывӕндтӕй хӕрын ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн кувын+. 3 Афтӕ Израил табу кӕнын райдыдта* Фегоры Ваалӕн+, ӕмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд Израилмӕ+. 4 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмы хистӕртӕй уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у, уыдоны ӕрӕмбырд кӕн, амар сӕ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕрцауындз+, адӕм сӕ иууылдӕр куыд уыной, афтӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы маст мауал судза Израилмӕ». 5 Ӕмӕ Моисей Израилы тӕрхонгӕнджытӕн загъта+: «Алчидӕр уӕ амарӕд+, йӕ адӕмӕй* Фегоры Ваалӕн чи табу кӕны, уыдоны».
6 Уыцы рӕстӕг дын Израилы фырттӕй иу+ йе ’фсымӕрты ’хсӕнмӕ, Моисейы ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы раз, мадиамаг сылгоймаджы+ куы ’рбакӕнид. Адӕм та лӕууыдысты ӕмбырды цатыры раз ӕмӕ ӕрдиаг кодтой. 7 Финеес+, сауджын Ааронӕн йӕ фырт Елеазары фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй рауад, арц фелвӕста 8 ӕмӕ уыцы израиладжы фӕдыл цатырмӕ* бахызт ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр барӕхуыста, израиладжы дӕр ӕмӕ сылгоймаджы дӕр, йӕ гуыбыны йын арц фӕтъыста. Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ нал цагъды кодтой+. 9 Чи фӕцагъды, уыдон уыдысты дыууын цыппар мин адӕймаджы+.
10 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 11 «Сауджын Ааронӕн йӕ фырт Елеазары фырт Финеес+ мын мӕ маст ӕрсабыр кодта+. Уый нӕ бабыхста, цӕмӕй Израилы фырттӕ мӕнӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой+, ӕмӕ ӕз нӕ ныццагътон Израилы фыртты, кӕд сӕ домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уой иузӕрдион, уӕддӕр+. 12 Зӕгъ ын, ӕз йемӕ кӕй аразын фарны бадзырд. 13 Уыцы бадзырд ӕнустӕм уыдзӕн, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ+ дӕр сауджынтӕ кӕй уыдзысты, уый номыл, уымӕн ӕмӕ уый нӕ бабыхста, цӕмӕй Израилы фырттӕ йӕ Хуыцауӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой+, ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта»+.
14 Финеес мадиамаг сылгоймагимӕ кӕй амардта, уыцы израиладжы ном уыди Зимри. Уый уыд Салуйы фырт, Симеоны мыггаджы хистӕр+. 15 Мадиамаг сылгоймаджы ном та уыди Хазвӕ, Цуры чызг+. Цур уыд Мадиамы мыггӕгты хистӕртӕй иу+.
16 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17 «Мадиамӕгты ӕнцад цӕрын ма уадзут, цӕгъдут сӕ+, 18 уымӕн ӕмӕ уӕ уыдон дӕр ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц, хинӕй уыл рацыдысты+ ӕмӕ уӕ Фегоримӕ баст хъуыддагӕй тӕригъӕды бафтыдтой+. Уыдон уӕ тӕригъӕды бафтыдтой сӕ хо Хазвӕйы уылты+, мадиамаг хистӕры чызджы уылты. Финеес ӕй амардта+, Фегоримӕ баст хъуыддаджы тыххӕй цагъды кӕнын куы райдыдтат, уыцы бон»+.